Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • hf 8 сӕр 1–3 хӕйттӕ
  • Исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы
  • Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • 1 ДӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАР
  • 2 ДӔХИУЫЛ ДӔР ӔМӔ ДӔ БИНОНТЫЛ ДӔР ХЪУЫДЫ КӔН
  • 3 ИННӔТЫ ӔХХУЫСЫЛ-ИУ СРАЗЫ У
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Йегъовӕ йӕ адӕммӕ йӕ цӕст дары
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2022
  • Цӕрын мӕм нал цӕуы. Кӕд мӕм мӕхи амарыны хъуыдытӕ ис, уӕд мын Библи баххуыс кӕндзӕн?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Кувын исты ӕххуыс у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Уӕ бинонтӕ амондджын уӕнт!
hf 8 сӕр 1–3 хӕйттӕ
Лӕг ӕмӕ ус маст кӕнынц сӕ хъӕбул кӕй амард, ууыл

8 ХАЙ

Исты бӕллӕх куы ӕрцӕуы

«Уый сымахӕн стыр цины хос у, кӕд алыхуызон фӕлварӕнты тыххӕй иуцасдӕр фӕхъизӕмар кӕнут, уӕддӕр» (1 Петры 1:6)

Уӕ иумӕйаг амондыл цасфӕнды ма фыдӕбон кӕнат, уӕддӕр исты ӕнӕнхъӕлӕджы хабары тыххӕй, гӕнӕн ис, уӕ цин хъыгмӕ раива (Екклесиаст 9:11). Зын уавӕры куы бахауӕм, уӕд нын Хуыцау баххуыс кӕны, уымӕн ӕмӕ нӕ бирӕ уарзы. Дарддӕр Библийӕ цы уагӕвӕрдтӕм ӕркӕсдзыстӕм, уыдонмӕ гӕсгӕ куы архайат, уӕд уӕ бинонтӕ цыфӕнды зындзинӕдтӕ дӕр сфӕраздзысты.

1 ДӔ ЗӔРДӔ ЙЕГЪОВӔЙЫЛ ДАР

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Уе ’ппӕт сагъӕстӕ дӕр Хуыцауы бар бакӕнут, уымӕн ӕмӕ уый тыхсы сымахыл» (1 Петры 5:7). Иу хъуыддаг макуы рох кӕн: уӕ бӕллӕхты Хуыцау нӕу аххосджын (Иаковы 1:13). Хуыцаумӕ куы ӕввахсдӕр кӕнай, уӕд дын баххуыс кӕндзӕн, ӕнхъӕл дӕр куыд нӕ дӕ, афтӕ (Исай 41:10). Псалом 62:8 стихы фыст ис: «Ӕргом ын кӕнут уӕ зӕрдӕтӕ».

Удӕнцойы хос ма дын уыдзӕн, Библи алы бон дӕр куы кӕсай ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕнай. Афтӕмӕй дӕхиуыл бавзардзынӕ, Йегъовӕ нын «удӕнцой [куыд] дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4; Ромӕгтӕм 15:4). Хуыцау зӕрдӕ ’вӕры, кӕй уӕ схайджын кӕндзӕн йӕ фарнӕй, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарнӕй» (Филиппӕгтӕм 4:6, 7, 13).

Лӕг рынчындоны хуыссӕныл хуысгӕйӕ йӕ бинонтимӕ Хуыцаумӕ кувы

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Йегъовӕмӕ-иу кув, цӕмӕй ма тыхсай ӕмӕ уӕззау зондӕй архайай.

  • Цы саразӕн ис, ууыл-иу ахъуыды кӕн ӕмӕ, дӕ уавӕры хуыздӕр куыд уыдзӕн, афтӕ-иу бакӕн.

2 ДӔХИУЫЛ ДӔР ӔМӔ ДӔ БИНОНТЫЛ ДӔР ХЪУЫДЫ КӔН

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Ӕмбаргӕ адӕймаджы зӕрдӕ самал кӕны зонындзинӕдтӕ, ӕмӕ зондджыны хъус дӕр зонындзинӕдтӕ агуры» (Ӕмбисӕндтӕ 18:15). Хабӕрттӕ-иу бӕстон базон. Базон-иу, дӕ бинонтӕй чи цӕуыл тыхсы, уый. Семӕ-иу ныхас кӕн. Лӕмбынӕг-иу сӕм хъус (Ӕмбисӕндтӕ 20:5).

Зӕгъӕм, кӕй уарзыс, уыцы адӕмӕй чидӕр амард. Кӕй хъыг кӕныс, уый ӕвдисын-иу ма ӕфсӕрмы кӕн. Рох дӕ ма уӕд, суанг ма Йесойӕн дӕр йӕ цӕссыгтӕ кӕй ӕркалдысты (Иоанны 11:35; Екклесиаст 3:4). Ӕнӕмӕнг ма у, цӕмӕй фаг улӕфай ӕмӕ фынӕй кӕнай (Екклесиаст 4:6). Уый фӕрцы дын дӕ зын уавӕр сфӕразын ӕнцондӕр уыдзӕн.

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Дӕ бинонтимӕ арӕх ныхас кӕн, ӕмӕ стӕй исты бӕллӕх куы ’рцӕуа, уӕд сын демӕ ныхас кӕнын ӕнцон уыдзӕн.

  • Ахӕм хабар ма кӕуыл ӕрцыд, уыдонимӕ-иу аныхас кӕн.

3 ИННӔТЫ ӔХХУЫСЫЛ-ИУ СРАЗЫ У

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС? «Ӕцӕг ӕмбал алкӕддӕр уарзы. Уый у, зын сахат адӕймаджы фарсмӕ ӕрбалӕууынӕн чи райгуыры, ахӕм ӕфсымӕр» (Ӕмбисӕндтӕ 17:17). Де ’мбӕлтты фӕнды, цӕмӕй дын баххуыс кӕной, фӕлӕ дын куыд баххуыс кӕной, уый, гӕнӕн ис, ӕмӕ нӕ зонынц. Цавӕр ӕххуыс дӕ хъӕуы, уый-иу сын ӕргом зӕгъ (Ӕмбисӕндтӕ 12:25). Уымӕй уӕлдай ӕххуыс агур, Библи хорз чи ӕмбары, ахӕм адӕмӕй. Библийӕ дын цы уынаффӕтӕ раттой, уыдон дын стыр ӕххуыс фӕуыдзысты (Иаковы 5:14).

Хуыцауыл чи ӕууӕнды ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕвӕрдтыл йӕ ныфс чи дары, уыцы адӕмыл дӕхи куы бӕттай, уӕд, зын сахат дӕ фарсмӕ чи балӕууа, уый уыдзӕн. Ныфссаст чи у, уыдонӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд уый дӕхицӕн дӕр ӕнцойдзинад хӕсдзӕн. Дӕ уырнындзинад ӕмӕ сын Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдты тыххӕй дзур. Ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ-иу балӕуу ӕмӕ дӕ чи уарзы ӕмӕ дыл чи тыхсы, уыдонӕй дӕхи иуварс ма лас (Ӕмбисӕндтӕ 18:1; 1 Коринфӕгтӕм 15:58).

ЦЫ ИС САРАЗӔН?

  • Де ’ввахс ӕмбалимӕ аныхас кӕн ӕмӕ-иу ын йе ’ххуысыл сразы у.

  • Цавӕр ӕххуыс дӕ хъӕуы, уый-иу ӕргом зӕгъ.

ЦЫФӔНДЫ УАВӔРЫ ДӔР ХУЫЦАУЫ МА РОХ КӔН

Кӕд дӕ зӕрдӕ мастӕй йедзаг у, уӕддӕр Хуыцауы ма рох кӕн. Иовыл бӕллӕхтӕ иу иннӕйы фӕдыл куы ныккалдысты, уӕд загъта: «Табу уӕд Йегъовӕйы номӕн алкӕддӕр» (Иов 1:21, 22). Иовау ды дӕр архай, цӕмӕй дын дӕ зындзинӕдтӕ Йегъовӕйы ном кадджын кӕнынӕй ӕмӕ йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынӕй сӕйрагдӕр ма суой. Хъуыддӕгтӕ, дӕу куыд фӕнды, афтӕ куы нӕ цӕуой, уӕд-иу дӕ ныфс ма асӕттӕд. Дӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Хуыцауыл дар. «Ӕз ӕй хорз зонын, сымах тыххӕй мӕ зӕрды цы ис, уый,– зӕгъы Йегъовӕ.– Мӕнӕн мӕ зӕрды ис сымах бӕллӕхы хай бакӕнын нӕ, фӕлӕ фарнӕй схайджын кӕнын, цӕмӕй уын уа фидӕн ӕмӕ ныфс» (Йереми 29:11).

АХЪУЫДЫ КӔН...

  • Суанг гыццыл хъуыддӕгты дӕр мӕ зӕрдӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр Йегъовӕйыл дарын?

  • Йегъовӕйӕн йӕ хорздзинӕдты тыххӕй алы бон дӕр бузныг цӕмӕн хъуамӕ дзурон?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын