Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w17 февраль 29 ф.–30 ф., 6 абз.
  • Кӕсджыты фарстатӕ

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕсджыты фарстатӕ
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс кӕны
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Фӕлварӕнты дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
  • «Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг»
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2007
  • Нӕ фӕразондзинад дзӕгъӕлы нӕу
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2004
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
w17 февраль 29 ф.–30 ф., 6 абз.

Кӕсджыты фарстатӕ

Апостол Павел ныффыста, зӕгъгӕ, Йегъовӕ «нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны» (1 Кор. 10:13). Цымӕ ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг сты, ӕмӕ Йегъовӕ, нӕ бон сфӕразын цы бауыдзӕн, уый зонгӕйӕ рагацау аскъуыддзаг кӕны, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый?

Афтӕ куы уаид, уӕд цымӕ нӕ цард куыд уаид? Иу ӕфсымӕрӕн йӕ лӕппу йӕхи куы ӕрцауыгъта, уӕд ын ӕнцой нӕ лӕвӕрдтой ахӕм хъуыдытӕ: «Цымӕ ныл ахӕм дудгӕ бон цӕмӕн акодта? Мыййаг уый тыххӕй, ӕмӕ Йегъовӕ рагацау зыдта, мӕ бинойнагимӕ нӕ лӕппуйы зиан кӕй сфӕраздзыстӕм?» Цымӕ Йегъовӕ рагацау аскъуыддзаг кӕны, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый?

Павел 1 Коринфӕгты 10:13 цы ныхӕстӕ ныффыста, уыдонмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд бамбардзыстӕм иу хъуыддаг: Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ Йегъовӕ, нӕ бон сфӕразын цы бауыдзӕн, уый зонгӕйӕ рагацау аскъуыддзаг кӕны, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый. Афтӕ цӕмӕн ис зӕгъӕн? Ӕркӕсӕм цыппар хъуыддагмӕ.

Фыццаг: Йегъовӕ адӕмӕн радта сӕрибардзинад. Бар нын дӕтты, цӕмӕй царды фӕндаг нӕхӕдӕг равзарӕм (Дык. з. 30:19, 20; Йес. Н. 24:15). Раст уынаффӕтӕ куы хӕссӕм, уӕд нын Йегъовӕ нӕ къахдзӕфтӕ араздзӕн (Ӕмб. 16:9). Фӕлӕ рӕдыд фӕндагыл куы ацӕуӕм, уӕд та, цы байтауӕм, уый ӕркӕрддзыстӕм (Гал. 6:7). Уӕдӕ, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый Йегъовӕ рагацау куы скъуыддзаг кӕнид, уӕд ма уый сӕрибардзинад схонӕн уаид?

Дыккаг: «кӕд кӕуыл цы ’рцӕудзӕн, уымӕн ничи ницы зоны», ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ фыдбылызтӕй хызт не стӕм (Еккл. 9:11). Арӕх афтӕ вӕййы, ӕмӕ адӕймагыл ӕвирхъау хабар ӕрцӕуы, кӕцыдӕр рӕстӕг кӕцыдӕр бынаты кӕй разыны, уый тыххӕй. Йесо Чырысти, иу мӕсыг куыд ныккалд ӕмӕ 18 адӕймаджы йӕ быны куыд фӕмард сты, уыцы хабары кой кӕнгӕйӕ бамбарын кодта, уыцы бӕллӕх сыл Хуыцау кӕй не ’руагъта (Лук. 13:1–5). Уӕдӕ раст нӕ уыдзӕн афтӕ хъуыды кӕнын, ӕмӕ Хуыцау рагацау аскъуыддзаг кӕны, цавӕрдӕр бӕллӕхы чи аирвӕздзӕн ӕмӕ чи нӕ аирвӕздзӕн, уый.

Ӕртыккаг: Хӕйрӕг цы дзырддаг фарста сӕвзӕрын кодта, уый алкӕмӕ дӕр хауы. Уый загъта, зӕгъгӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй исчи фӕлварӕнты куы бахауа, уӕд ыл йӕ зӕрдӕ сивдзӕн (Иов 1:9–11; 2:4; Рарг. 12:10). Уӕдӕ нӕ Йегъовӕ кӕцыдӕр фӕлварӕнтӕй куы ирвӕзын кӕнид, уӕд афтӕ нӕ рауаид, ӕмӕ Хӕйрӕг раст у?

Цыппӕрӕм: цы ныл ӕрцӕудзӕн, уыдӕттӕй Йегъовӕйы алцы рагацау зонын нӕ фӕнды. Хуыцау рагацау куы скъуыддзаг кӕнид, цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый, уӕд уый ууыл дзурӕг уаид, ӕмӕ нын нӕ фидӕны тыххӕй алцыдӕр зоны. Фӕлӕ уыцы хъуыды Библимӕ гӕсгӕ раст нӕу. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, Хуыцауӕн йӕ бон у, фидӕны цы уыдзӕн, уый рагацау базонын (Ис. 46:10). Фӕлӕ Библийӕ бӕрӕг у, афтӕ алкӕд кӕй нӕ фӕкӕны (Райд. 18:20, 21; 22:12). Йегъовӕ нын нӕ сӕрибардзинадӕн аргъ кӕны. Уарзӕгой ӕмӕ рӕстаг Хуыцау кӕй у, уымӕ гӕсгӕ нын бар дӕтты, цӕмӕй-иу нӕхӕдӕг аскъуыддзаг кӕнӕм, куыд бакӕндзыстӕм, уый (Дык. з. 32:4; 2 Кор. 3:17).

Уӕдӕ куыд ӕмбаргӕ сты Павелы ныхӕстӕ, «Хуыцау... нӕ бауадздзӕн, цӕмӕй бахауат, уӕ бон бафӕразын кӕй нӕ бауа, ахӕм фӕлварӕны», зӕгъгӕ? Ацы стихы Павел ӕмбарын кӕны, Йегъовӕ фӕлварӕнты размӕ нӕ, фӕлӕ, фӕлварӕнты рӕстӕг куыд фӕархайы, уый. Йегъовӕйыл нӕ ныфс куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕнты дӕр нӕ фарсмӕ уыдзӕн (Пс. 55:22). Павел афтӕ цӕмӕн загъта, уый базоныны тыххӕй ӕркӕсӕм дыууӕ хъуыддагмӕ.

Фыццаг: цы фӕлварӕнты бахауӕм, «уыдоны иннӕ адӕм дӕр бахауынц». Цалынмӕ Хӕйрӕджы дунейы цӕрӕм, уӕдмӕ зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзыстӕм, суанг ма ныл, гӕнӕн ис, исты ӕнамонд хабар дӕр ӕрцӕуа. Фӕлӕ нӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд уыцы зындзинӕдты рӕстӕг фидар фӕлӕудзыстӕм ӕмӕ йыл иузӕрдионӕй баззайдзыстӕм (1 Пет. 5:8, 9). Павел 1 Коринфӕгтӕм 10 сӕры дзуры, израилӕгтӕ ӕдзӕрӕг быдыры цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдысты, уый тыххӕй (1 Кор. 10:6–11). Йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл чи дардта, уыдон фидар фӕлӕууыдысты. Фӕлӕ, Павел куыд ныффыста, афтӕмӕй дзы «чидӕртӕ» Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой. Уыдон ацыдысты се ’взӕр фӕндты фӕдыл, уымӕн ӕмӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ нӕ дардтой.

Дыккаг: Йегъовӕ у «иузӕрдион Хуыцау». Хуыцау йӕ адӕмӕн куыд уыд, уымӕй зыны, йе ’нувыд уарзтӕй кӕй хай кӕны, «чи йӕ уарзы ӕмӕ йын йӕ фӕдзӕхстытӕ чи ’ххӕст кӕны, уыдонӕн» (Дык. з. 7:9). Уымӕй ма бӕрӕг у, Хуыцау йӕ ныхасӕн алы хатт дӕр хицау кӕй разыны (Йес. Н. 23:14). Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм: 1) Йегъовӕ нын фӕлварӕнты рӕстӕг нӕ уавӕр уыйонг не ’руадздзӕн, цӕмӕй йӕ ма сфӕразӕм ӕмӕ 2) «фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр [нын] бацамондзӕн».

Хо Библи кӕсы, кувы ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтимӕ ныхас кӕны

Йегъовӕ нын «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр»

Фӕлварӕнты рӕстӕг Йегъовӕ, йӕ зӕрдӕ йыл чи фӕдары, уыдонӕн куыд бацамоны, цы бакӕнӕн ис, уый? Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, йӕ бон у, ӕмӕ нӕ фӕлварӕнӕй фервӕзын кӕна. Фӕлӕ-ма ӕркӕсӕм Павелы ныхӕстӕм: «[Йегъовӕ] фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразат». Уӕдӕ нын фӕлварӕнты рӕстӕг Хуыцау арӕх ратты, фидар фӕлӕууынӕн нӕ цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Йегъовӕ нын куыд баххуыс кӕны, уый бамбарыны тыххӕй-ма ӕркӕсӕм цалдӕр цӕвиттонмӕ.

  • Йегъовӕ нын «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр» (2 Кор. 1:3, 4). Йегъовӕ нӕ йӕ Ныхасы, йӕ сыгъдӕг тыхы ӕмӕ уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаджы фӕрцы ныфс бауадзы ӕмӕ нын нӕ зӕрдӕ ӕрсабыр кӕны (Матф. 24:45; Иоан. 14:16; Ром. 15:4).

  • Йегъовӕ нын йӕ сыгъдӕг тыхы уылты разамынд дӕтты (Иоан. 14:26). Фӕлварӕнты рӕстӕг нын сыгъдӕг тых нӕ зӕрдыл Библийӕ цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕнӕ уагӕвӕрдтӕ ӕрлӕууын кӕны, цӕмӕй-иу зондджын уынаффӕ рахӕссӕм.

  • Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны зӕдты уылты (Дзут. 1:14).

  • Йегъовӕ нын ӕххуыс кӕны нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕрты уылты. Уыдон нын ныхасӕй ӕмӕ хъуыддагӕй баххуыс кӕнынц ӕмӕ нын афтӕмӕй свӕййынц «ныфсы хос» (Кол. 4:11).

Уӕдӕ Павел 1 Коринфӕгтӕм 10:13 цы дзуры, уый тыххӕй цы ис зӕгъӕн? Цавӕр фӕлварӕнтыл сӕмбӕлдзыстӕм, уый Йегъовӕ рагацау не скъуыддзаг кӕны. Хъуамӕ ма дызӕрдыг кӕнӕм, нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Йегъовӕйыл куы дарӕм, уӕд цыфӕнды фӕлварӕны дӕр фидар кӕй фӕлӕудзыстӕм. Ӕмӕ фӕлварӕны, цы бакӕнӕн ис, уый дӕр нын бацамондзӕн, цӕмӕй йӕ сфӕразӕм. Ацы ныхӕстӕ нын нӕ зӕрдӕтӕ тынг фидар кӕнынц!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын