Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • mwb23 январь 9 ф.
  • Йегъовӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс кӕны

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс кӕны
  • Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Рох дӕ ма уӕд, Йегъовӕ «удӕгас Хуыцау» кӕй у
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Кӕсджыты фарстатӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Иунӕг никуы вӕййӕм
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2025
  • Фӕлварӕнты дӕ циндзинад ма ӕрмынӕг уӕд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2021
Фылдӕр фенын
Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2023
mwb23 январь 9 ф.
Лӕг ӕмӕ ус сӕ дыууӕ гыццыл сывӕллонимӕ видеоконференцийы уылты хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртимӕ ныхӕстӕ кӕнынц

НӔ ЧЫРЫСТОН ЦАРД

Йегъовӕ нын зындзинӕдты рӕстӕг ӕххуыс кӕны

Ацы фӕстаг бонты ӕмбӕлӕм бирӕ зындзинӕдтыл. Ӕмӕ нӕм хатт афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ нал бафӕраздзыстӕм. Фӕлӕ дарддӕр дӕр Йегъовӕмӕ куы ӕввахс кӕнӕм, уӕд нын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй фидар фӕлӕууӕм суанг стыр фӕлварӕнты дӕр (Ис 43:2, 4). Фӕлварӕнты рӕстӕг дӕ бон цы у аразын, цӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕнай?

Кув. Йегъовӕйӕн, дӕ зӕрдӕйы цы ис, уый куы дзурай, уӕд дын дӕтдзӕн фарн ӕмӕ хъарутӕ, цӕмӕй фидар фӕлӕууай (Фп 4:6, 7; 1Фс 5:17).

Ӕмбырдтӕм цу. Ныртӕккӕ нӕ уӕлдай тынгдӕр хъӕуы, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ нӕ фарсмӕ уой, стӕй нын цӕмӕй уа уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг. Уыдӕттӕ нын Йегъовӕ дӕтты ӕмбырдты фӕрцы (Дзт 10:24, 25). Адӕймаг ӕмбырдтӕм йӕхи куы бацӕттӕ кӕны ӕмӕ дзуаппытӕ куы фӕдӕтты, уӕд сыгъдӕг тыхӕн уый бар ратты, цӕмӕй йын ноджы тынгдӕр ӕххуыс кӕна (Рар 2:29).

Хъусын кӕн. Ӕдзух куы хъусын кӕнай, уӕд дын уый ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй дӕ зындзинӕдтыл ма суай ӕмӕ хорз цӕуылдӕрты хъуыды кӕнай. Уацамынды куы вӕййӕм, уӕд афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр фӕкӕнӕм, стӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртимӕ фӕкӕнӕм ӕнгомдӕр (1Кр 3:5–10).

БАКӔС ВИДЕОРОЛИКМӔ «ЙЕГЪОВӔ ДЫЛ УАРЗӔГОЙ ФЫДАУ БАТЫХСДЗӔН» ӔМӔ ДЗУАПП РАТТ АЦЫ ФАРСТАТӔН:

  • Малуйӕн цы баххуыс кодта, цӕмӕй зындзинӕдты рӕстӕг Йегъовӕйӕ ма адард уыдаид?

  • Псалом 34:18 стих Малуйӕн куыд баххуыс кодта ӕмӕ махӕн дӕр куыд баххуыс кӕндзӕн зын уавӕрты куы бахауӕм, уӕд?

  • Малуйы хабарӕй куыд зыны, Йегъовӕ нӕ зындзинӕдты рӕстӕг кӕй схайджын кӕны, «адӕймагмӕ чи нӕй, ахӕм хъаруйӕ»? (2Кр 4:7)

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын