17 АХУЫРГӔНӔН СТАТЬЯ
99 ЗАРӔГ Хуыцауы адӕм сты милуантӕ
Иунӕг никуы вӕййӕм
«Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (ИС. 41:10).
МАХ БАЗОНДЗЫСТӔМ
Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, уый. Ӕркӕсдзыстӕм цыппар хъуыддагмӕ.
1, 2. a) Фидарӕй нӕ цӕмӕн хъуамӕ уырна, нӕ зындзинӕдты рӕстӕг иунӕг кӕй нӕ вӕййӕм? б) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм?
УӔЗЗАУ фӕлварӕнтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕм, чи зоны, афтӕ фӕкӕсы, цыма абухгӕ денджызы астӕу гыццыл лодкӕйы иунӕгӕй баззадыстӕм. Фӕлӕ иунӕг никуы вӕййӕм. Нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыд уыны, цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, уый ӕмӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй нын ӕххуыс кӕндзӕн сӕ сӕрты хизынӕн. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн зӕгъы: «Ӕз дын баххуыс кӕндзынӕн» (Ис. 41:10).
2 Ацы статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ нын куыд ӕххуыс кӕны, ууыл. 1) Дӕтты нын разамынд; 2) тыхсы ныл; 3) хъахъхъӕны нӕ ӕмӕ 4) дӕтты нын удӕнцой. Йегъовӕ нын зӕрдӕ ӕвӕры, царды цыфӕнды зындзинӕдтыл ма сӕмбӕлӕм, уӕддӕр нӕ кӕй никуы ферох кӕндзӕн ӕмӕ нӕ кӕй никуы ныууадздзӕн. Уӕдӕ иунӕг никуы вӕййӕм.
ЙЕГЪОВӔ НЫН ДӔТТЫ РАЗАМЫНД
3, 4. Йегъовӕ нын разамынд куыд дӕтты? (Псалом 48:14).
3 Бакӕс Псалом 48:14. Йегъовӕ зоны, нӕ къахдзӕфтыл нӕ бар кӕй нӕ цӕуы ӕмӕ нӕ йӕ разамынд кӕй хъӕуы. Абон йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытӕн разамынд куыд дӕтты? Зӕгъӕм, радта нын йӕ Ныхас – Библи (Пс. 119:105). Йегъовӕ нын Библийы уылты ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕ бон уа раст уынаффӕтӕ хӕссын ӕмӕ нӕ удыхъӕды хорз миниуджытӕ фидар кӕнын. Уый фӕрцы абон дӕр стӕм амондджын ӕмӕ нын ис ӕнустӕм цӕрыны ныфсa. Зӕгъӕм, ахуыр нӕ кӕны, цӕмӕй иннӕтӕн хатыр кӕнӕм ӕмӕ сӕм нӕ зӕрдӕйы маст ма хӕссӕм, алы хъуыддаджы дӕр ӕнӕзӕрдӕхудтӕй архайӕм ӕмӕ иннӕты сыгъдӕгзӕрдӕйӕ уарзӕм (Пс. 37:8; Дзут. 13:18; 1 Пет. 1:22). Хуыцаумӕ кӕй хъусӕм, уый фӕрцы свӕййӕм хорз ныййарджытӕ, хорз цардӕмбӕлттӕ ӕмӕ хорз ӕмбӕлттӕ.
4 Йегъовӕ ма Библийы ныффыссын кодта, ӕцӕгдӕр чи цард, ахӕм адӕмы хабӕрттӕ. Уыдон дӕр ӕмбӕлдысты, мах цы зындзинӕдтыл ӕмбӕлӕм, ахӕм зындзинӕдтыл ӕмӕ уыдонмӕ дӕр уыди, махмӕ цы ӕнкъарӕнтӕ фӕзыны, ахӕм ӕнкъарӕнтӕ (1 Кор. 10:13; Иак. 5:17). Сӕ хабӕртты тыххӕй куы фӕкӕсӕм ӕмӕ дзы нӕхицӕн зондӕн исты куы райсӕм, уӕд нын уый баххуыс кӕны ӕппынкъаддӕр дыууӕ хъуыддаджы. Фыццаг: бамбарӕм, ӕрмӕст мах кӕй не ’взарӕм зындзинӕдтӕ – иннӕтӕ дӕр ахӕм зындзинӕдтыл ӕмбӕлдысты ӕмӕ Йегъовӕйы ӕххуысы фӕрцы сӕ сӕрты ахызтысты (1 Пет. 5:9). Дыккаг: бамбарӕм, цы нӕ хъӕуы аразын, цӕмӕй нӕ зындзинӕдтӕ сфӕразӕм (Ром 15:4).
5. Йегъовӕ нын разамынд кӕй уылты фӕдӕтты?
5 Йегъовӕ ма нын разамынд дӕтты нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты дӕрb. Зӕгъӕм, районон цӕстдарджытӕ ӕмбырдтӕ бабӕрӕг кӕнынц, цӕмӕй-иу нӕ бафидар кӕной. Сӕ раныхӕстӕ нын нӕ уырнындзинад бафидар кӕнынц ӕмӕ нын баххуыс кӕнынц, цӕмӕй не ’хсӕн иудзинад уа (Хъуыд. 15:40–16:5). Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ дӕр ӕмбырды се ’ппӕтӕн дӕр зӕрдиагӕй ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа (1 Пет. 5:2, 3). Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнынц Йегъовӕйы уарзын. Стӕй сын ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссой ӕмӕ хорз хъуыддӕгтыл ахуыр кӕной (Ӕмб. 22:6). Фӕлтӕрдджын чырыстон хотӕ та ӕрыгон хотӕн ӕххуыс кӕнынц, фӕзминаг сын кӕй сты, хорз уынаффӕтӕ сын кӕй фӕдӕттынц ӕмӕ сӕ зӕрдиагӕй кӕй раппӕлынц, уымӕй (Тит. 2:3–5).
6. Нӕ бон цы у аразын, цӕмӕй нын Йегъовӕйы разамынд пайда хӕсса?
6 Йегъовӕ нын цы разамынд дӕтты, уый нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй раст уынаффӕтӕ хӕссӕм ӕмӕ амондджын уӕм. Йӕ разамынды тыххӕй дзы бузныг кӕй стӕм, уый нӕ бон куыд у равдисын? Ӕмбисӕндты 3:5, 6 стихты фыст ис: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у». Афтӕ куы архайӕм, уӕд нын нӕ фӕндаг «раст кӕндзӕн», ома нын ӕххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй нӕхи бирӕ зындзинӕдтӕй бахизӕм ӕмӕ нӕ цардӕй райгонд уӕм. Йегъовӕйӕ тынг бузныг стӕм, афтӕ хорз нӕ кӕй зоны, бирӕ нӕ кӕй уарзы ӕмӕ нын хъӕугӕ уынаффӕтӕ кӕй дӕтты, уый тыххӕй! (Пс. 32:8).
ЙЕГЪОВӔ НЫЛ ТЫХСЫ
7. Йегъовӕ ныл куыд тыхсы? (Филиппӕгтӕм 4:19).
7 Бакӕс Филиппӕгтӕм 4:19. Йегъовӕ нын ӕрмӕст нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн не ’ххуыс кӕны. Мах фӕхъӕуы фыдӕбон кӕнын, цӕмӕй нын уа хӕринаг, уӕлӕдарӕс ӕмӕ, кӕм цӕрӕм, уый. Ӕмӕ нын Йегъовӕ ӕххуыс кӕны уыцы хъуыддаджы дӕр (Матф. 6:33; 2 Фес. 3:12). Уыдӕттыл кӕй фӕтыхсӕм, уым ӕвзӕрӕй ницы ис. Фӕлӕ нын Йегъовӕ дзуры, цӕмӕй ӕгӕр ма мӕт кӕнӕм. (Кӕс комментари Матфейы 6:25 стихмӕ «Учебная Библия»-йы.) Цӕуылнӕ? Уымӕн ӕмӕ нӕ нӕ уӕларвон Фыд зын рӕстӕг никуы ныууадздзӕн (Матф. 6:8; Дзут. 13:5). Кӕд нын Йегъовӕ дзуры, кӕй ныл батыхсдзӕн, уӕд ууыл хъуамӕ ӕппындӕр ма дызӕрдыг кӕнӕм.
8. Йегъовӕ-иу Давидӕн куыд ӕххуыс кодта?
8 Ӕркӕсӕм-ма, Йегъовӕ-иу Давидӕн куыд ӕххуыс кодта. Давид цалдӕр азы дӕргъы Саулӕй куы ’мбӕхст, уӕд ын Йегъовӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ, йемӕ чи уыд, уыдонӕн дӕр ӕххуыс кодта. Лӕвӕрдта сын, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ, цӕмӕй ӕххормагӕй ма амардаиккой. Йегъовӕ йын зын рӕстӕг куыд ӕххуыс кодта, уый тыххӕй Давид ныффыста: «Ӕз уыдтӕн ӕрыгон ӕмӕ базӕронд дӕн, фӕлӕ никуы федтон рӕстгӕнӕджы рохуаты баззайгӕ ӕмӕ йӕ цоты къӕбӕр кургӕ» (Пс. 37:25). Ӕвӕццӕгӕн, ды дӕр Давидау бирӕ хӕттыты федтай, Йегъовӕ-иу дӕуӕн дӕр ӕмӕ иннӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн дӕр зын рӕстӕджыты куыд ӕххуыс кодта, уый.
9. Йегъовӕ бӕллӕхты рӕстӕг йӕ адӕмӕн куыд баххуыс кӕны? (Кӕс нывтӕм дӕр.)
9 Йегъовӕ ма йӕ адӕмӕн бӕллӕхты рӕстӕг дӕр баххуыс кӕны. Зӕгъӕм, 1 ӕнусы ӕххормаг заман куы скодта, уӕд чырыстӕттӕ алы рӕттӕй хотӕн ӕмӕ ’фсымӕртӕн ӕрвыстой, ӕнӕмӕнг сӕ цы хъуыд, уыдӕттӕ (Хъуыд. 11:27–30; Ром. 15:25, 26). Абон дӕр Хуыцауы адӕм сӕ хотӕн ӕмӕ се ’фсымӕртӕн зӕрдиагӕй феххуыс кӕнынц. Ӕрдзон бӕллӕх кӕнӕ ӕндӕр исты куы ’рцӕуы, уӕд Йегъовӕ йӕ адӕмы баразӕнгард кӕны, цӕмӕй, ӕххуысхъуаг чи у, уыдонмӕ фӕкӕсой хӕринагӕй, донӕй, дзаумӕттӕй ӕмӕ хостӕй. Аразджыты къордтӕ сын сӕ хӕдзӕрттӕ ӕмӕ Паддзахады залтӕ сцалцӕг кӕнынц. Стӕй Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕй ӕнӕ хӕдзарӕй чи баззайы кӕнӕ зиан кӕуыл ӕрцӕуы, уыдонӕн се ’мчырыстӕттӕ Библийы фӕрцы сӕ ныфсыл ныфс бафтауынцc.
Бӕллӕхты рӕстӕг нын Йегъовӕ удӕнцой куыд фӕдӕтты? (кӕс 9 абзац)e
10, 11. Борисы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
10 Йегъовӕ тыхсы, нырма йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдоныл дӕр. Ӕмӕ махӕн дӕр фадат куы фӕзыны, уӕд хорздзинад фӕаразӕм, чи йын нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр (Гал. 6:10). Афтӕмӕй адӕмӕн баххуыс кӕнӕм, цӕмӕй Йегъовӕйы тыххӕй дӕр ӕмӕ йын йӕ адӕмы тыххӕй дӕр фылдӕр базоной. Ӕркӕсӕм Борисы хабармӕ. Уый цӕры Украинӕйы. Борис куыста скъолайы директорӕй. Кӕд йӕхӕдӕг Йегъовӕйы Ӕвдисӕн нӕу, уӕддӕр, скъоладзаутӕй Ӕвдисӕн чи уыд, уыдонмӕ хорз цӕстӕй каст. Хӕст куы райдыдта, уӕд Борис сфӕнд кодта, сӕ бӕстӕйы ӕдасдӕр кӕм уыд, уырдӕм алидзын. Ӕмӕ йын не ’фсымӕртӕ баххуыс кодтой. Фӕстӕдӕр Борис ӕрбацыд Йесо Чырыстийы мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕрмӕ. Ӕфсымӕртӕ йын куыд баххуыс кодтой, уый тыххӕй загъта: «Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ мӕм тынг хӕларзӕрдӕ уыдысты, батыхстысты мыл. Ӕмӕ сӕ тынг бузныг дӕн».
11 Махӕн дӕр нӕ бон вӕййы нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ уӕларвон Фыды бафӕзмын ӕмӕ, ӕххуысхъуаг чи у, уыдоны фарсмӕ балӕууын, суанг, не ’мчырыстӕттӕ чи не сты, уыдоны фарсмӕ дӕр (Лук. 6:31, 36). Адӕмы куы уарзӕм, уӕд-иу сӕ, чи зоны, бафӕнда Йегъовӕйы тыххӕй фылдӕр базонын ӕмӕ йын немӕ иумӕ лӕггад кӕнын райдайын (1 Пет. 2:12). Фӕлӕ афтӕ куы нӕ уа, уӕддӕр цин кӕндзыстӕм, уымӕн ӕмӕ «райсынӕй раттын амондджындӕр хъуыддаг у» (Хъуыд. 20:35).
ЙЕГЪОВӔ НӔ ХЪАХЪХЪӔНЫ
12. Йегъовӕ йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕны? (Псалом 91:1, 2, 14).
12 Бакӕс Псалом 91:1, 2, 14. Йегъовӕ йӕ адӕмӕн зӕрдӕ ӕвӕры, сӕ уырнындзинадӕн тӕссаг цӕмӕй у, уыдӕттӕй сӕ кӕй хъахъхъӕндзӕн. Хӕйрӕгӕн уый бар никуы ратдзӕн, цӕмӕй йын йӕ адӕмы рӕдыд зондыл сараза ӕмӕ йын, куыд ӕмбӕлы, афтӕ мауал лӕггад кӕной (Иоан. 17:15). Мах фидарӕй зонӕм, «стыр бӕллӕхы» рӕстӕг Йегъовӕ йӕ ныхас кӕй сӕххӕст кӕндзӕн ӕмӕ йӕ адӕмӕн кӕй баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй сӕ уырнындзинад фидар уа, стӕй сӕ кӕй фервӕзын кӕндзӕн (Рарг. 7:9, 14).
13. Йегъовӕ нӕ хицӕнтӕй куыд хъахъхъӕны?
13 Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты хицӕнтӕй та куыд хъахъхъӕны? Библийы уылты нын ӕххуыс кӕны, цӕмӕй ӕмбарӕм, раст цы у ӕмӕ цы нӕу, уый (Дзут. 5:14). Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ куы цӕрӕм, уӕд Хуыцауимӕ нӕ хӕлардзинад бахъахъхъӕндзыстӕм. Уымӕй уӕлдай, уӕд хӕсдзыстӕм раст уынаффӕтӕ. Уый фӕрцы та уыдзыстӕм амондджындӕр ӕмӕ ӕнӕниздӕр (Пс. 91:4). Йегъовӕ ма нӕ хъахъхъӕны ӕмбырды уылты дӕр (Ис. 32:1, 2). Нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕ Йегъовӕйы уарзынц ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсынц. Ӕмӕ семӕ ӕмбырды ӕмӕ уацамынды куы вӕййӕм кӕнӕ иумӕ куы фӕулӕфӕм, уӕд бафидар вӕййӕм. Ӕмӕ нын уый та ӕххуыс кӕны, цӕмӕй нӕхи ӕвзӕр хъуыддӕгтӕй хизӕм (Ӕмб. 13:20).
14. a) Хуыцау нӕ алы фӕлварӕнӕй дӕр цӕуылнӕ бахизы? б) Псалом 9:10 стих нын зӕрдӕ цӕмӕй ӕвӕры? (Кӕс фиппаинаг дӕр.)
14 Раджы заманты-иу Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фыдбылызӕй бахъахъхъӕдта. Фӕлӕ афтӕ алкӕд нӕ кодта. Алкӕуыл дӕр нӕ, гӕнӕн ис, ӕнӕнхъӕлӕджы исты ӕрцӕуа (Еккл. 9:11). Стӕй-иу Йегъовӕ бауагъта, цӕмӕй-иу ын йӕ лӕггадгӕнджыты фӕдыл зылдаиккой ӕмӕ-иу дзы кӕйдӕрты суанг маргӕ дӕр акодтаиккой. Цӕмӕн? Йӕ лӕггадгӕнджытӕ-иу иузӕрдионӕй кӕй баззадысты, уымӕй-иу равдыстой, Хӕйрӕг мӕнг ныхӕстӕ кӕй кӕны (Иов 2:4–6; Матф. 23:34). Гӕнӕн ис, абон дӕр ахӕм хабар ӕрцӕуа. Йегъовӕ нӕ, гӕнӕн ис, кӕцыдӕр фӕлварӕнӕй ма фервӕзын кӕна. Фӕлӕ йӕ фидарӕй зонӕм, чи йӕ уарзы, уыдоны кӕй никуы ныууадздзӕн (Пс. 9:10)d.
ЙЕГЪОВӔ НЫН ДӔТТЫ УДӔНЦОЙ
15. Удӕнцойы хос нын куыд сты Библи, не ’мбырд ӕмӕ, Йегъовӕмӕ кӕй фӕкувӕм, уый? (2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4).
15 Бакӕс 2 Коринфӕгтӕм 1:3, 4. Хатт цӕуылдӕр тынг фӕмаст кӕнӕм, фӕтыхсӕм кӕнӕ нӕ ныфс асӕтты. Гӕнӕн ис, ныр тынг зын уавӕры дӕ ӕмӕ дӕхимӕ иунӕг кӕсыс. Цымӕ дӕ исчи ӕмбары? О, Йегъовӕ. Йегъовӕ нын ӕрмӕст нӕ зын не ’мбары, фӕлӕ нын «удӕнцой дӕтты не ’ппӕт зындзинӕдты дӕр». Куыд? Куы йӕм скувӕм ӕмӕ, нӕ зӕрдӕйы цы ис, уый йын куы радзурӕм, уӕд нын ратты, «зонд кӕуыл не ’ххӕссы, уыцы фарн» (Фил. 4:6, 7). Удӕнцой ма ссарӕм, Йегъовӕ нын Библийы уылты цы дзуры, уый куы фӕкӕсӕм, уӕд дӕр. Йӕ Ныхасы нын дзуры, тынг нӕ кӕй уарзы. Уый фӕрцы нӕ ахуыр кӕны зондӕй архайын ӕмӕ уырдыгӕй нӕ бон у базонын, диссаджы фидӕн нын кӕй ӕрцӕттӕ кодта. Удӕнцойы хос ма нын сты не ’мбырдтӕ, уымӕн ӕмӕ уым фехъусӕм Библийӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн хъуыдытӕ ӕмӕ вӕййӕм, чи нӕ уарзы, уыцы хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты ’хсӕн.
16. Нейтан ӕмӕ Присциллӕйы хабарӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
16 Йегъовӕ нын Библийы уылты удӕнцой куыд дӕтты ӕмӕ нӕ куыд фидар кӕны, уый бӕрӕг у Не́йтан ӕмӕ Присци́ллӕйы хабарӕй (цӕрынц Америкӕйы Иугонд Штатты). Цалдӕр азы размӕ сфӕнд кодтой, хъусынгӕнджытӕ кӕм нӕ фаг кӕны, ахӕм ранмӕ ацӕуын. Нейтан загъта: «Йегъовӕ нын кӕй раарфӕ кӕндзӕн, ууыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодтам». Фӕлӕ сын ног бынаты куыст ссарын тынг зын уыд, стӕй ма ӕнӕнхъӕлӕджы рынчынтӕ кӕнын дӕр райдыдтой. Уый тыххӕй сӕ фӕстӕмӕ хӕдзармӕ аздӕхын бахъуыд. Фӕлӕ сын уым дӕр ӕхца нӕ фаг кодта. Нейтан загъта: «Хъуыды кодтон, зӕгъын нын цымӕ Йегъовӕ цӕуылнӕ раарфӕ кодта. Суанг ма афтӕ хъуыды кӕнын дӕр райдыдтон, ӕмӕ йӕ разы цӕмӕйдӕр фӕрӕдыдтӕн». Фӕлӕ рӕстӕг куы рацыд, уӕд бамбӕрстой, ӕххуысхъуаг куы уыдысты, уӕд сӕ Хуыцау кӕй никуы ныууагъта. Нейтан загъта: «Уыцы зын рӕстӕг нын Библи сси, чи-иу нӕ бафидар кодта ӕмӕ нын-иу разамынд чи радта, ахӕм хорз ӕмбалы хуызӕн. Фылдӕр хъуыды кӕнын райдыдтам нӕ зындзинӕдтыл нӕ, фӕлӕ нын-иу Йегъовӕ куыд ӕххуыс кодта, ууыл. Ӕмӕ нын уый ӕххуыс кодта, цӕмӕй ма дызӕрдыг кодтаиккам, фидӕны дӕр нӕ кӕй нӕ ныууадздзӕн, ууыл».
17. Хельгӕйӕн удӕнцой цы ӕрхаста? (Кӕс нывмӕ дӕр.)
17 Йегъовӕ нын удӕнцой фӕдӕтты хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты дӕр. Уый бӕрӕг у хо Хе́льгӕйы цӕвиттонӕй (цӕры Венгрийы). Бирӕ азты дӕргъы алыхуызон зындзинӕдтыл ӕмбӕлд. Уый тыххӕй-иу йӕ ныфс асаст ӕмӕ-иу йӕхимӕ ницӕйаг дӕр ӕркаст. Фӕлӕ фӕстӕмӕ акӕсгӕйӕ йӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Йегъовӕ-иу ӕй хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты кӕй бафидар кодта. Хельгӕ ныффыста: «Куысты-иу тынг бафӕлладтӕн, стӕй мӕ хъуыди мӕ рынчын сывӕллонмӕ дӕр кӕсын ӕмӕ ма бирӕ ӕндӕр цыдӕртӕ. Фӕлӕ-иу мӕм тыхы мур куы нал баззад, уӕд-иу мын Йегъовӕ алы хатт дӕр баххуыс кодта. Йегъовӕ йӕ ныхас сӕххӕст кодта. Фӕстаг 30 азы дӕргъы ахӕм бон нӕ уыд, ӕмӕ мын удӕнцой ма ратта. Арӕх мӕ бафидар кӕны хотӕ ӕмӕ ’фсымӕрты уылты. Чи мӕм телефонӕй ныффыссы, чи открыткӕ ӕрбарвиты, ӕмӕ сӕ ныхӕстӕ алы хатт дӕр сӕ тӕккӕ афоныл вӕййынц».
Йегъовӕйӕн йӕ бон куыд у дӕу уылты иннӕтӕн удӕнцой раттын? (кӕс 17 абзац)
18. Нӕ бон куыд у иннӕтӕн удӕнцой хӕссын?
18 Тынг ӕхсызгон нын у, махӕн дӕр нӕ бон Йегъовӕйау иннӕтӕн удӕнцой хӕссын кӕй у, уый. Уый нӕ бон куыд у аразын? Зӕгъӕм, нӕ бон вӕййы адӕймагмӕ лӕмбынӕг байхъусын, йемӕ фӕлмӕнӕй аныхас кӕнын ӕмӕ йын хъуыддагӕй баххуыс кӕнын (Ӕмб. 3:27). Мах фӕнды, зындзинӕдтӕ чи ӕвзары, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр удӕнцой дӕттын, уыимӕ, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр. Нӕ зонгӕтӕй исчи куы фӕмаст кӕны, цӕуылдӕр куы фӕмӕт кӕны, рынчын куы вӕййы кӕнӕ истӕй тыххӕй ныфссаст куы вӕййы, уӕд ӕй бабӕрӕг кӕнӕм, байхъусӕм ӕм ӕмӕ йын Библийӕ зӕрдӕфидаргӕнӕн ныхӕстӕ бакӕсӕм. «Удӕнцойдӕттӕг Хуыцау» Йегъовӕйы куы бафӕзмӕм, уӕд ӕрмӕст хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн нӕ баххуыс кӕнӕм сӕ зындзинӕдтӕ сфӕразынӕн. Гӕнӕн ис, ӕмӕ ма афтӕмӕй баххуыс кӕнӕм, Хуыцауӕн чи нӕ лӕггад кӕны, уыдонӕн дӕр, цӕмӕй сӕ Хуыцауы тыххӕй фылдӕр базонын бафӕнда (Матф. 5:16).
ЙЕГЪОВӔ НӔ НИКУЫ НЫУУАДЗДЗӔН
19. Йегъовӕ мах тыххӕй цы аразы ӕмӕ йӕ нӕ бон куыд у бафӕзмын?
19 Йегъовӕ тыхсы, чи йӕ уарзы, уыдоныл се ’ппӕтыл дӕр. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, уӕд нӕ никуы ныууадзы. Йегъовӕ йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл тыхсы, уарзӕгой фыд йӕ хъӕбултыл куыд фӕтыхсы, афтӕ. Разамынд нын дӕтты, ӕнӕмӕнг нӕ цы хъӕуы, уыдӕттӕй нӕ цух нӕ уадзы, хъахъхъӕны нӕ ӕмӕ нын удӕнцой ратты. Иннӕтӕн сӕ зындзинӕдты рӕстӕг куы феххуыс кӕнӕм ӕмӕ сын сӕ ныфсыл ныфс куы бафтауӕм, уӕд нӕ уарзӕгой уӕларвон Фыды бафӕзмӕм. Ацы дунейы зындзинӕдтыл ӕмбӕлдзыстӕм ӕмӕ маст ӕвзардзыстӕм. Фӕлӕ фидарӕй зонӕм, Йегъовӕ немӕ кӕй уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ нын зӕрдӕ бавӕрдта: «Ма тӕрс, уымӕн ӕмӕ ӕз демӕ дӕн» (Ис. 41:10). Мах ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, Йегъовӕ алкӕддӕр нӕ фарсмӕ кӕй уыдзӕн!
100 ЗАРӔГ Уазӕгуарзон ут
a Кӕс статья «Хуыцауӕн кад чи хӕссы, ахӕм уынаффӕтӕ хӕсс» 2011 азы 15 апрелы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».
b Кӕс статья «Алкӕддӕр Йегъовӕйы разамындмӕ хъус» 2024 азы февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы», 11–14 абзацтӕ.
c Сайты jw.org «Поиск» фыст кӕм ис, уым ныффысс «оказание помощи» ӕмӕ базондзынӕ, ӕрӕджы чи ’рцыд, ахӕм хабӕртты тыххӕй.
d Кӕс «Кӕсджыты фарстатӕ» 2017 азы февралы «Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы».
e НЫВ. Малавийы ӕрдзон бӕллӕхы фӕстӕ хотӕ ӕмӕ ’фсымӕртӕн хӕринаг ӕрбаластой, стӕй сын сӕ ныфсыл ныфс ӕфтауынц.