«Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг»
1 Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй алчидӕр бахауы фӕлварӕнты (2 Тим. 3:12). Уыцы фӕлварӕнтӕ сты – низтӕ, уӕззау царды уавӕртӕ, цыбӕлтӕ, ӕфхӕрд кӕнӕ ӕндӕр исты. Фӕлварӕнтӕ цӕуынц Сайтанӕй, йӕ фӕнд у, цӕмӕй ӕрлӕмӕгъ уӕм ӕмӕ куыдфӕндыйы цӕстӕй кӕсӕм нӕ лӕггадмӕ кӕнӕ та бынтондӕр ныууадзӕм рӕстдзинады фӕндаг (Иов 1:9–11). Фӕлварӕнты фидар кӕй фӕлӕууӕм, уый нӕ циныл цин куыд ӕфтауы? (2 Пет. 2:9).
2 Цӕттӕ у фӕлварӕнтӕм. Йегъовӕ нын радта йӕ Ныхас, уым фыст ис Йесо Чырыстийы цард ӕмӕ йӕ ахуырӕдты тыххӕй. Йесойы ныхӕстӕм куы хъусӕм ӕмӕ сӕ царды куы пайда кӕнӕм, уӕд хорз цӕттӕ уыдзыстӕм фӕлварӕнтӕм (Лук. 6:47–49). Фидар ма нӕ кӕнынц нӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ, ӕмбырдтӕ ӕмӕ ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары литературӕ. Нӕ бон ма у Хуыцаумӕ сӕрибарӕй кувын дӕр (Матф. 6:13).
3 Уымӕй уӕлдай ма нын Йегъовӕ дӕтты ныфс. Йегъовӕйы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд нӕ ныфс уыдзӕн «науӕнгуыры хуызӕн, фидар ӕмӕ ӕнӕфӕцудгӕ» (Дзут. 6:19). Раджы заманты нау денджызмӕ ӕнӕ науӕнгуырӕй никуы рацыдаид, суанг боныхъӕд хорз куы уыдаид, уӕд дӕр. Ӕвиппайды-иу тыхджын дымгӕ куы сыстад, уӕд-иу науӕнгуыр денджызы ныппӕрстой, ӕмӕ-иу уый руаджы нау йӕхи къӕдзӕхтыл нӕ ныппырх кодта. Мах дӕр абон Хуыцауы зӕрдӕвӕрдтыл фидарӕй куы ӕууӕндӕм, уӕд зындзинӕдтыл сӕмбӕлгӕйӕ дӕр нӕ ныфс нӕ асӕтдзӕн. Фӕлварӕнтӕ фӕзынынц ӕвиппайды, ӕнӕнхъӕлӕджы. Павел ӕмӕ Варнавӕ Листрӕйы куы хъусын кодтой, уӕд сӕм райдианы хорз хъуыстой, фӕлӕ уавӕр цӕхгӕр фӕивта, дзуттӕгтӕй сӕ ныхмӕ чи уыд, уыдон горӕты куы фӕзындысты, уӕд (Ап. хъ. 14:8–19).
4 Фидар куы уӕм, уӕд уыдзыстӕм зӕрдӕрухс. Фӕлварӕнты рӕстӕг куы не ’рлӕмӕгъ уӕм ӕмӕ дарддӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд нӕ зӕрдӕтӕ уыдзысты сабыр ӕмӕ ссардзыстӕм удӕнцой. Мах фӕцин кӕнӕм, Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд кӕй баййафӕм, ууыл (Ап. хъ. 5:40, 41). Фӕлварӕнты фидар куы лӕууӕм, уӕд уыдзыстӕм ноджы сӕрныллӕгдӕр, коммӕгӕсдӕр ӕмӕ фӕразондӕр (Дык. з 8:16; Дзут. 5:8; Иак. 1:2, 3). Афтӕмӕй ахуыр кӕнӕм Йегъовӕйыл нӕ ныфс дарын, нӕ фидар мӕсыгыл ӕй нымайын ӕмӕ йӕ зӕрдӕвӕрдтыл ӕууӕндын (Ӕмб. 18:10).
5 Мах зонӕм, фӕлварӕнтӕ рӕстӕгмӕ кӕй сты (2 Кор. 4:17, 18). Фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕ бон вӕййы равдисын, Йегъовӕйы куыд тынг уарзӕм, уый. Зындзинӕдты кӕй нӕ фӕцудӕм, уымӕй Сайтаны фидистӕн ныхкъуырд дӕттӕм. Уӕдӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд! «Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ, аккаг разынгӕйӕ, райсдзӕн... хӕрзиуӕг – цард» (Иак. 1:12).