17 СӔР
Йегъовӕйы организацийыл дӕхи бӕтт
ЙЕСОЙЫ ахуыргӕнинаг Иаков ныффыста: «Баввахс ут Хуыцаумӕ, ӕмӕ уӕм уый дӕр ӕрбаввахс уыдзӕн» (Иак. 4:8). Ӕцӕгдӕр, кӕд ӕнӕххӕст стӕм, уӕддӕр хъуамӕ афтӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ нӕ Йегъовӕ дард у ӕмӕ нӕ нӕ хъусы (Хъуыд. 17:27). Хуыцаумӕ цӕй фӕрцы баввахс уыдзыстӕм? Йегъовӕимӕ нӕ хӕлардзинад фидарӕй-фидардӕр кӕндзӕн, зӕрдиагӕй йӕм куы кувӕм, уӕд (Пс. 39:12). Стӕй ма йӕм ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, ӕдзухдӕр ын йӕ Ныхас, Библи, куы ахуыр кӕнӕм. Уый фӕрцы хуыздӕр базондзыстӕм, Йегъовӕ цавӕр Хуыцау у, цавӕр фӕндтӕ йӕм ис ӕмӕ махмӕ цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уый (2 Тим. 3:16, 17). Афтӕмӕй Йегъовӕйы уарзын райдайдзыстӕм ӕмӕ йын йӕ зӕрдӕ фӕриссын кӕнынӕй тӕрсдзыстӕм (Пс. 25:14).
2 Фӕлӕ Йегъовӕимӕ ӕнгом уӕм, уымӕн ӕрмӕстдӕр йӕ Фырт Йесойы фӕрцы ис гӕнӕн (Иоан. 17:3; Ром. 5:10). Йегъовӕ куыд хъуыды кӕны, уый нын Йесойӕ хуыздӕр никуы ничи бамбарын кӕндзӕн. Йесо йӕ Фыдимӕ афтӕ ӕнгом уыди, ӕмӕ йӕ бон уыд ахӕм ныхӕстӕ зӕгъын: «Фырт чи у, уый Фыды йеддӕмӕ ничи зоны. Фыд чи у, уый дӕр Фырты йеддӕмӕ ӕмӕ, Фырты кӕмӕн фӕнды Фыды раргом кӕнын, уый йеддӕмӕ ничи зоны» (Лук. 10:22). Уӕдӕ Йесо куыд хъуыды кодта ӕмӕ-иу ӕм алыхуызон уавӕрты цавӕр ӕнкъарӕнтӕ фӕзынд, уый тыххӕй Евангелиты куы фӕкӕсӕм, уӕд зӕгъӕн ис, ӕмӕ базонӕм Йегъовӕйы хъуыдытӕ ӕмӕ ӕнкъарӕнтӕ. Ӕмӕ нӕ уыцы зонындзинӕдтӕ Хуыцаумӕ ӕввахсӕй-ӕввахсдӕр кӕнынц.
3 Хуыцауы Фырт разамынд дӕтты Йегъовӕйы организацийы зӕххон хайӕн, ӕмӕ нын уый та ӕмбарын кӕны, Хуыцауы фӕндон куыд хъӕуы ӕххӕст кӕнын, уый. Уӕдӕ уыцы организацийыл нӕхи куы бӕттӕм, уӕд ӕнгом уыдзыстӕм Йегъовӕимӕ дӕр. Матфейы 24:45–47 бирӕ раздӕр загъд уыд, Хицау, ома Йесо Чырысти, кӕй сӕвӕрдзӕн «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъары», цӕмӕй хӕдзаронтӕн «хӕринаг афоныл дӕтта». Абон нын ӕууӕнкджын цагъар уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг парахатӕй дӕтты. Уыцы цагъары уылты нӕ Йегъовӕ разӕнгард кӕны, цӕмӕй йын йӕ Ныхас алы бон дӕр кӕсӕм, ӕмбырдтӕ ма цух кӕнӕм ӕмӕ, нӕ бон цас у, уыйас «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар» хъусын кӕнӕм (Матф. 24:14; 28:19, 20; Йес. Н. 1:8; Пс. 1:1–3). Уӕдӕ ӕууӕнкджын цагъармӕ зӕххон адӕймаджы цӕстӕй макуы кӕсӕм. Йегъовӕйы организацийы зӕххон хайыл хъуамӕ нӕхи бӕттӕм ӕмӕ нын цы разамынд дӕтты, уымӕ гӕсгӕ архайӕм. Афтӕмӕй Йегъовӕмӕ ӕввахсдӕр кӕндзыстӕм, ӕмӕ-иу нӕ фӕлварӕнты рӕстӕг йӕ организацийы уылты бафидар кӕндзӕн ӕмӕ нӕ хъахъхъӕндзӕн.
ФӔЛВАРӔНТӔ ФЫЛДӔРӔЙ-ФЫЛДӔР ЦӔМӔН КӔНЫНЦ
4 Чи зоны, рӕстдзинады фӕндагыл бирӕ азты дӕргъы цӕуыс. Ӕмӕ йӕ уӕд ӕнӕмӕнг дӕхицӕй зоныс, фӕлварӕнты Хуыцауыл иузӕрдионӕй баззайын цы нысан кӕны, уый. Фӕлӕ кӕд Йегъовӕйы нырма ӕрӕджы базыдтай ӕмӕ йӕ адӕмимӕ дӕр афтӕ бирӕ рӕстӕг зонгӕ нӕма дӕ, уӕддӕр ӕй, ӕвӕццӕгӕн, зоныс, Йегъовӕйы фарс чи слӕууы, уыдонӕй алкӕй дӕр Хӕйрӕг йӕ ныхтӕ кӕй ныссадзы (2 Тим. 3:12). Уӕдӕ гыццыл зындзинӕдтӕ бавзӕрстай ӕви стыр,– дӕ зӕрдӕйы тас ма бауадз ӕмӕ дӕхимӕ ма ныхъхъус. Йегъовӕ йӕхӕдӕг загъта, кӕй дӕ бафидар кӕндзӕн, кӕй дӕ фервӕзын кӕндзӕн ӕмӕ дын ӕнусон цард кӕй балӕвар кӕндзӕн (Дзут. 13:5, 6; Рарг. 2:10).
5 Хӕйрӕджы дунейӕн ма цы нымад бонтӕ баззад, уыцы бонты не ’ппӕт дӕр, чи зоны, фӕлварӕнты бахауӕм. 1914 азы Хуыцауы Паддзахад бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕдӕй фӕстӕмӕ Хӕйрӕгӕн уӕлӕрвтӕм, Йегъовӕ кӕм ис, уырдӕм, йӕ фӕндаг ӕхгӕд у. Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дӕлимонтӕ зӕхмӕ ӕппӕрст ӕрцыдысты, ӕмӕ зӕххӕй дарддӕр сӕ бон авналын никӕдӕмуал у. Хӕйрӕг мӕстӕй кӕй судзы ӕмӕ ацы фыддунейы фӕстаг бонты кӕй цӕрӕм, уымӕ гӕсгӕ зӕххыл дудгӕбӕттӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кӕнынц ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ныхмӕ тынгӕй-тынгдӕр цӕуынц (Рарг. 12:1–12).
6 Хӕйрӕг ахӕм ӕгады бынаты кӕй ис, уый тыххӕй мӕстӕй судзы, зоны йӕ, рӕстӕг ын бирӕ кӕй нал баззад. Ӕмӕ йӕ дӕлимонтимӕ йӕ хъарутӕ сарӕзта хъусын кӕныны хъуыддаг бакъуылымпы кӕнынмӕ ӕмӕ, Йегъовӕйы лӕггадгӕнджыты ’хсӕн цы иудзинад ис, уый фехалынмӕ. Уымӕ гӕсгӕ мах ӕдзухдӕр хъӕуы нӕ уырнындзинады сӕрыл тох кӕнын. Уыцы тохы тыххӕй Библийы фыст ис: «Нӕ тох туг ӕмӕ фыдӕй конд адӕймаджы ныхмӕ нӕу, фӕлӕ хицауӕдты ныхмӕ, сӕргълӕуджыты ныхмӕ, ацы талынг дунейы хицӕутты ныхмӕ, уӕлӕрвты чи ис, уыцы фыдгӕнӕг тыхты ныхмӕ». Цӕмӕй уыцы тохы фӕуӕлахиз уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕдзухдӕр цӕттӕйӕ дарӕм, Хуыцау нын цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдон. Хъуамӕ Хӕйрӕджы «хинмиты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм» (Еф. 6:10–17). Уый тыххӕй та нӕ хъӕуы фидардзинад.
ФИДАРДЗИНАД ЙӔХИГЪДАУӔЙ НӔ ФӔЗЫНЫ
7 Фидардзинад у, адӕймагӕн йӕ бон зындзинӕдтӕ ӕмӕ фыдӕвзарӕнтӕ сфӕразын кӕй фӕрцы у, уыцы миниуӕг. Зындзинӕдтыл куы сӕмбӕлӕм, нӕ ныхмӕ куы фӕцӕуынц, нӕ фӕдыл куы фӕзилынц кӕнӕ ма нӕ фӕндагыл ӕндӕр ахӕм цӕлхдуртӕ куы фӕзыны, уӕд нын тӕссаг вӕййы, Хуыцауыл иузӕрдион куы нал уӕм, уымӕй. Ӕмӕ нӕ ахӕм уавӕрты фӕхъӕуы фидардзинад, цӕмӕй дарддӕр дӕр, раст цы у, уый аразӕм. Фидардзинад йӕхигъдауӕй нӕ фӕзыны, хъӕуы йыл кусын. Уымӕн та хъӕуы рӕстӕг. Рӕстдзинады фӕндагыл размӕ куыд цӕуӕм, афтӕ кӕнӕм фидардӕр. Чырыстон фӕндагыл куы слӕууыдыстӕм, уӕдӕй фӕстӕмӕ гыццыл фӕлварӕнты нӕ уырнындзинад фӕцудын кӕй нӕ бауагътам, уый фӕрцы фидардӕр систӕм. Ӕмӕ ныр нӕ бон уыдзӕн, разӕй нӕм цы стыр фӕлварӕнттӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уыдоны дӕр фидар фӕлӕууын (Лук. 16:10). Афтӕ хъуамӕ ма хъуыды кӕнӕм, ӕмӕ, стыр фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд нӕхицӕн зӕгъдзыстӕм, ныр хъуамӕ уырнындзинады фидар фӕлӕууон, зӕгъгӕ. Уый хъуамӕ нӕхицӕн зӕгъӕм, цалынмӕ фӕлварӕнты нӕ бахаудыстӕм, уӕдмӕ. Иннӕ миниуджытимӕ иумӕ фидардзинад дӕр йӕхигъдауӕй кӕй нӕ фӕзыны, уый тыххӕй апостол Петр ныффыста: «Ӕппӕт хъарутӕй архайут, цӕмӕй уӕ уырнындзинад баххӕст кӕнат хӕрзӕгъдаудзинадӕй, уӕ хӕрзӕгъдаудзинад – зонындзинӕдтӕй, уӕ зонындзинӕдтӕ – хиуылхӕцындзинадӕй, уӕ хиуылхӕцындзинад – фидардзинадӕй, уӕ фидардзинад – Хуыцауыл иузӕрдион уат, уымӕй, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй стут, уый – ӕфсымӕрты уарзат, уымӕй, ӕфсымӕрты кӕй уарзут, уый та – алкӕй дӕр уарзат, уымӕй» (2 Пет. 1:5–7; 1 Тим. 6:11).
8 Фидардзинадыл кусын кӕй хъӕуы, уымӕ нын нӕ хъус ӕрдардта Иаков дӕр: «Ме ’фсымӕртӕ, алыхуызон фӕлварӕнты куы бахаут, уӕд-иу цин кӕнут, уымӕн ӕмӕ йӕ уӕхӕдӕг зонут, уӕ уырнындзинад фӕлвӕрд куы ’рцӕуы, уӕд дзы кӕй равзӕры фидардзинад. Фӕлӕ уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр уат ӕххӕст ӕмӕ ӕнӕфау, ӕппындӕр уӕм хъӕндзинад куыд нӕ уа» (Иак. 1:2–4). Иаков зӕгъы, зӕгъгӕ, фӕлварӕнты куы бахауӕм, уӕд-иу хъуамӕ цин кӕнӕм, уымӕн ӕмӕ нӕм афтӕмӕй фӕзыны фидардзинад. Ды дӕр фӕлварӕнтӕм ахӕм цӕстӕй кӕсыс? Иаков дарддӕр цы загъта, уымӕй та бӕрӕг у, фидардзинад йӕ куыст кӕй кӕны, цӕмӕй нӕ чырыстон удыхъӕд хуыздӕрӕй-хуыздӕр кӕна ӕмӕ алы хъуыддагӕй дӕр Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнӕм. Ӕцӕгдӕр, фӕлварӕнты сӕрты хизгӕйӕ бонӕй-бонмӕ кӕнӕм фидарӕй-фидардӕр. Ӕмӕ нӕм фидардзинады фӕрцы та фӕзыны, ӕхсызгонӕй нӕ чи хъӕуы, ӕндӕр ахӕм миниуджытӕ.
9 Нӕ фидардзинад Йегъовӕйӕн ӕхсызгон у. Уый йӕ сразӕнгард кӕндзӕн, цӕмӕй нӕ ӕнусон цардӕй схайджын кӕна. Иаков дарддӕр загъта: «Амондджын у, фӕлварӕны фидар чи лӕууы, уыцы адӕймаг, уымӕн ӕмӕ дзы Хуыцау райгонд куы уа, уӕд райсдзӕн, Йегъовӕ, чи йӕ уарзы, уыдонӕн зӕрдӕ кӕмӕй бавӕрдта, уыцы хӕрзиуӕг – цард» (Иак. 1:12). Нӕ фидардзинад ӕмӕ ӕнусон цард кӕрӕдзиимӕ ӕнгом баст сты. Уыцы миниуӕг нӕм куы нӕ уа, уӕд рӕстдзинады фӕндагыл цӕуын нӕ бафӕраздзыстӕм. Ацы дунейы зонд ныл куы фӕтых уа, уӕд нӕ дуне фӕстӕмӕ йӕхимӕ аздахдзӕн. Фидардзинад нӕм куы нӕ уа, уӕд нын Йегъовӕ йӕ сыгъдӕг тых нал дӕтдзӕн, ӕмӕ, сыгъдӕг тыхӕй цы миниуджытӕ цӕуы, уыдон дӕр нӕм нӕ уыдзысты.
10 Цӕмӕй ацы уӕззау рӕстӕджыты фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ раст цӕстӕй кӕсӕм, чырыстӕттӕ цы фыдӕвзарӕнты хай бавӕййынц, уыдонмӕ. Иаков загъта, зӕгъгӕ-иу цин кӕнут. Адӕймаг фӕлварӕны рӕстӕг хъизӕмӕрттӕ кӕнӕ зӕрдӕйы рыст куы ’взара, уӕд ын уыцы уынаффӕмӕ гӕсгӕ архайын, чи зоны, ӕнцон нӕ уа. Фӕлӕ дӕ рох ма уӕд, дзырд ӕнусон цардыл кӕй цӕуы. Апостолтыл цы хабар ӕрцыд, уый хорз ӕвдисы, фыдӕвзарӕнты дӕр цин кӕнӕн куыд ис, уый. Уыцы хабар фыст ис Хъуыддӕгты чиныджы: «Уӕд апостолтӕм фӕдзырдтой, фӕнӕмын сӕ кодтой ӕмӕ сын карзӕй бафӕдзӕхстой, цӕмӕй Йесойы номӕй мауал дзурой, ӕмӕ сӕ стӕй ауагътой. Уыдон Сӕйраг тӕрхондонӕй рацыдысты ӕмӕ, Йесойы номы тыххӕй ӕфхӕрд баййафыны аккаг кӕй разындысты, ууыл цин кодтой» (Хъуыд. 5:40, 41). Апостолтӕ йӕ ӕмбӕрстой: цы хъизӕмӕрттӕ ӕвзӕрстой, уыдон уыдысты бӕлвырдгӕнӕн, Йесойы фӕдзӕхстмӕ кӕй хъуыстой ӕмӕ сӕ Йегъовӕ райгонд кӕй уыд, уымӕн. Уымӕй бирӕ азты фӕстӕ Петр ныффыста йӕ фыццаг фыстӕг, ӕмӕ, адӕймаг рӕстдзинады тыххӕй кӕй фӕхъизӕмар кӕны, уый схуыдта арфӕйаг хъуыддаг (1 Пет. 4:12–16).
11 Ахӕм хабар ма ӕрцыд Павел ӕмӕ Силӕйыл дӕр. Миссионертӕй лӕггад кӕнгӕйӕ Филиппты куы хъусын кодтой, уӕд сӕ ӕрцахстой ӕмӕ сӕ фӕаххосджын кодтой, нӕ горӕт, дам, нын змӕнтынц ӕмӕ, дам, ромӕгтӕн ныххӕцӕн кӕуыл нӕй, ахӕм ӕгъдӕуттӕ амонынц. Уый фӕстӕ сӕ тынг фӕнадтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны баппӕрстой. Библийы фыст ис, зӕгъгӕ, уым ахӕстоны, сӕ цӕфтӕм сыл зилгӕ дӕр ничи бакодта, афтӕмӕй, «ӕмбисӕхсӕвмӕ хӕстӕг Павел ӕмӕ Силӕ куывтой ӕмӕ Хуыцауы кадӕн зарыдысты. Ӕмӕ сӕ иннӕ ахст адӕм дӕр хъуыстой» (Хъуыд. 16:16–25). Павел ӕмӕ йе ’мбал ӕмбӕрстой, Чырыстийы тыххӕй цы хъизӕмӕрттӕ бавзӕрстой, уыдон ууыл дзурӕг кӕй уыдысты, ӕмӕ Хуыцауыл иузӕрдион сты, стӕй адӕмы раз дӕр ницӕмӕй фӕрӕдыдысты. Фӕлӕ ма уый дӕр ӕмбӕрстой, ӕмӕ ма сын уый фӕрцы фадат кӕй фӕзынд сыгъдӕгзӕрдӕ адӕймӕгтӕн хорз хабар фехъусын кӕнынӕн. Дзырд цыди иннӕты цардыл. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, тӕккӕ уыцы ӕхсӕв ахӕстонгӕс ӕмӕ йӕ хӕдзаронтӕ байхъуыстой ӕмӕ Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕ систы (Хъуыд. 16:26–34). Павел ӕмӕ Силӕ сӕ ныфс дардтой Йегъовӕйыл, нӕ дызӕрдыг кодтой, сӕ зындзинӕдты сын йӕ бон баххуыс кӕнын кӕй у ӕмӕ йӕ уый фӕндгӕ дӕр кӕй кӕны. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр нӕ фӕфыдӕнхъӕл сты.
12 Абон махӕн дӕр Йегъовӕ дӕтты, фӕлварӕнты нӕ фидар фӕлӕууынӕн цыдӕриддӕр хъӕуы, уый. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй ма фӕцудӕм. Йӕ Ныхас нын кӕй радта, уый фӕрцы бӕлвырд базыдтам, цы фӕнд ӕм ис, уый ӕмӕ нӕм фӕзынд уырнындзинад. Стӕй нын ис фадат, цӕмӕй нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртимӕ ӕмбӕлӕм, Хуыцауы Ныхас иумӕ ахуыр кӕнӕм ӕмӕ иумӕ лӕггад кӕнӕм. Уымӕй уӕлдай, нӕ бон у Йегъовӕмӕ кувын ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ, дыууӕ хорз ӕмбалы куыд фӕныхас кӕнынц, афтӕ ныхас кӕнын. Мах ӕй фӕкадджын кӕнӕм, фӕкурӕм дзы ӕххуыс, цӕмӕй йӕ разы нӕхи мацӕмӕй фӕчъизи кӕнӕм, ӕмӕ нын нӕ куывдтытӕ фӕхъусы (Фил. 4:13). Ноджыдӕр ма нӕ иу хъуыддаг нӕ хъӕуы рох кӕнын. Нӕ хъарутыл хъарутӕ бафты, цы ныфс нын ис, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд дӕр (Матф. 24:13; Дзут. 6:18; Рарг. 21:1–4).
АЛЫХУЫЗОН ФӔЛВАРӔНТЫ ФИДАР ЛӔУУ
13 Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ-иу фыццаг ӕнусы цы фӕлварӕнты бахаудысты, абон мах дӕр ахӕм фӕлварӕнты бахауӕм. Зӕгъӕм, Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтыл цъыф кӕй фӕкалынц, уый тыххӕй чидӕртӕ нӕ ныхмӕ свӕййынц ӕмӕ нын ӕфхӕрӕн ныхӕстӕ фӕдзурынц кӕнӕ та нӕм къухӕй дӕр бавналынц. Апостолты рӕстӕджы куыд уыди, афтӕ абон дӕр фылдӕр хатт нӕ ныхмӕ фӕцӕуынц дины разамонджыты ардыдӕй. Уыдон нӕ быхсынц, Хуыцауы Ныхас сын сӕ мӕнг ахуырӕдтӕ ӕмӕ хъуыддӕгтӕ хурмӕ кӕй калы (Хъуыд. 17:5–9, 13). Фӕлӕ Йегъовӕйы адӕм, хицауад сын цы бартӕ дӕтты, уыцы бартыл тох кӕнынц, ӕмӕ сын уый фӕрцы рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ гыццыл фенцондӕр вӕййы (Хъуыд. 22:25; 25:11). Фӕлӕ вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ нын хицӕуттӕ нӕ хъуыддаг ӕрӕхгӕнынц, цӕмӕй мауал хъусын кӕнӕм (Пс. 2:1–3). Ахӕм уавӕрты мах дӕр иузӕрдион апостолтау хъӕбатырдзинад равдисӕм. Кӕддӕр уыдон загътой: «Хуыцау у нӕ хицау, ӕмӕ фыццаджыдӕр хъуамӕ уымӕ хъусӕм, адӕммӕ нӕ, фӕлӕ» (Хъуыд. 5:29).
14 Ӕнӕхъӕн зӕххыл дӕр национализм тыхджынӕй-тыхджындӕр кӕй кӕны, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныхмӕ ноджы тынгдӕр цӕуынц, цӕмӕй нын Хуыцау цы хъуыддаг бахӕс кодта, уый мауал кӕнӕм – хорз хабар мауал хъусын кӕнӕм. Ӕмӕ ныр не ’ппӕт дӕр ноджы хуыздӕр ӕмбарӕм, Раргомады 14:9–12 Хуыцау йӕ лӕггадгӕнджыты цӕмӕй фӕдзӕхсы, уый, «сырдӕн ӕмӕ йӕ нывӕн» ма кувут, зӕгъгӕ. Мах ӕмбарӕм, апостол Иоанн афтӕ цӕмӕн загъта: «Сыгъдӕджытӕ, ома Хуыцауы фӕдзӕхстытӕ чи ӕххӕст кӕны ӕмӕ Йесойыл чи ӕууӕнды, уыдон, хъуамӕ уой фидар».
15 Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ хӕстытӕ ӕмӕ змӕстыты рӕстӕг кӕнӕ, нӕ ныхмӕ карзӕй куы фӕцӕуынц йе та нын нӕ хъуыддаг куы ’рӕхгӕнынц, уӕд нын уый фадат нал вӕййы, цӕмӕй нӕ Хуыцауӕн раздӕрау ӕргом лӕггад кӕнӕм. Зӕгъӕм, чи зоны, уый фадат мауал уа, ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырд дӕр иумӕ ӕмбырд кӕна. Йе та нын филиалимӕ бастдзинад мауал уа ӕмӕ районон цӕстдарджытӕн сӕ бон мауал уа ӕмбырдтӕ бӕрӕг кӕнын. Чи зоны, публикацитӕ дӕр мауал исӕм. Ахӕм уавӕры дын цы кӕнгӕ у?
16 Дзуапп бӕлвырд у: ахӕм уавӕрты дӕ бон цыдӕриддӕр у, уый араз. Ӕвӕццӕгӕн, уӕд дӕр дӕхи бон уыдзӕн Библи ахуыр кӕнын. Стӕй ахӕм рӕстӕг дӕр хъусынгӕнджытӕн уый фадат вӕййы, цӕмӕй искӕмӕ хӕдзары гыццыл къордтӕй ӕмбырд кӕной ӕмӕ Библи иумӕ ахуыр кӕной. Фембӕлдты ӕвзарӕн ис, раздӕр кӕй ахуыр кодтам, уыцы публикацитӕ, стӕй Библийӕн йӕхи дӕр. Ӕгӕр мӕт кӕнын ӕмӕ тӕрсын нӕ хъӕуы. Разамонӕг совет цыбыр рӕстӕгмӕ фадӕттӕ ссары, цӕмӕй йын бӕрнон ӕфсымӕртимӕ бастдзинад уа.
17 Фӕлӕ дӕ дӕ чырыстон хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕй куы фӕхицӕн кӕной, уӕд дӕр дӕ рох ма уӕд: Йегъовӕйӕ ӕмӕ дӕ йӕ Фырт Йесо Чырыстийӕ ничи фӕхицӕн кӕндзӕн. Уӕдӕ-иу дӕ ныфс сӕттын ма бауадз. Йегъовӕ дын уӕд дӕр хъусдзӕн дӕ куывдтытӕ ӕмӕ дӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы фидар кӕндзӕн. Дарддӕр дӕр-иу дзы разамынд агур. Алкӕддӕр дӕ зӕрдыл дар, Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг ӕмӕ Йесо Чырыстийы ахуыргӕнинаг кӕй дӕ. Ӕмӕ-иу дын хъусын кӕнынӕн фадат куы фӕзына, уӕд-иу ӕй ма ауадз. Йегъовӕ дын арфӕ кӕндзӕн, ӕмӕ ма дӕм, чи зоны, тагъд ӕндӕр чидӕртӕ дӕр ӕрбаиу уой (Хъуыд. 4:13–31; 5:27–42; Фил. 1:27–30; 4:6, 7; 2 Тим. 4:16–18).
18 Мыййаг, апостолтау ӕмӕ иннӕ ахуыргӕнинӕгтау, дӕуӕн дӕр мӕлӕтӕй тӕссаг куы уа, уӕд та-иу дӕ ныфс ӕгасӕй дӕр сӕвӕр, «мӕрдты чи ӕгас кӕны, уыцы Хуыцауыл» (2 Кор. 1:8–10). Йегъовӕ мӕрдты кӕй райгас кӕндзӕн, ууыл куы нӕ дызӕрдыг кӕнай, уӕд цыфӕнды фыдӕвзарӕнты дӕр фидар фӕлӕудзынӕ (Лук. 21:19). Йесо Чырысти нын у фӕзминаг. Зыдта йӕ, фӕлварӕнты Хуыцауыл иузӕрдионӕй куы баззайа, уӕд уый фӕрцы иннӕтӕн дӕ сӕ бон кӕй суыдзӕн фидар фӕлӕууын. Уӕдӕ ды дӕр фидар куы фӕлӕууай, уӕд уый стыр ныфсы хос уыдзӕн де ’фсымӕртӕн (Иоан. 16:33; Дзут. 12:2, 3; 1 Пет. 2:21).
19 Фӕлӕ нӕ ныхмӕ кӕй фӕцӕуынц ӕмӕ нӕ фӕдыл кӕй фӕзилынц, уымӕй дарддӕр ма нӕ ӕндӕр зындзинӕдты дӕр фӕхъӕуы фидардзинад. Зӕгъӕм, иуӕй-иутӕн сӕ ныфс асӕтты, кӕм хъусын кӕнынц, уым адӕм хорз хабармӕ уазал цӕстӕй кӕй кӕсынц, уый тыххӕй. Кӕйдӕрты та тох кӕнын хъӕуы алыхуызон низтимӕ, уыимӕ нервыты низтимӕ дӕр. Йе та сӕ хъӕуы, ӕнӕххӕстдзинады аххосӕй алцы сӕ бон кӕй нӕу, уымӕн быхсын. Апостол Павелӕн дӕр-иу уыди ахӕм фӕлварӕнтӕ, ӕмӕ-иу ын уый тыххӕй хатт лӕггад кӕнын зын уыди (2 Кор. 12:7). Ӕрхъуыды кӕнӕн ма ис Епафродиты дӕр. Уый дӕр уыди фыццаг ӕнусы чырыстӕттӕй ӕмӕ цард Филиппты. Епафродит «тынг мӕт кодта, кӕй фӕрынчын, уыцы хабар [йе ’мбӕлттӕ] кӕй фехъуыстой, уый тыххӕй» (Фил. 2:25–27). Нӕхи хъӕндзинӕдты тыххӕй ӕмӕ иннӕты хъӕндзинӕдты тыххӕй дӕр, гӕнӕн ис, ахӕм зындзинӕдтыл сӕмбӕлӕм, ӕмӕ нын фидар фӕлӕууын уӕлдай зын уа. Хатт не ’мчырыстӕтты ’хсӕн ӕмӕ суанг иу бинонты ’хсӕн дӕр цыдӕр быцӕутӕ рауайы. Фӕлӕ, Йегъовӕйы Ныхасыл фидар чи хӕцы, уыдонӕн сӕ бон у ахӕм зындзинӕдты дӕр фидар лӕууын ӕмӕ сӕ сӕрты ӕнтыстджынӕй хизын (Йез. 2:3–5; 1 Кор. 9:27; 13:8; Кол. 3:12–14; 1 Пет. 4:8).
ХУЫЦАУЫЛ ДӔ ЗӔРДӔ МАКУЫ СИВ
20 Йегъовӕ ӕмбырды Хистӕрӕй кӕй сӕвӕрдта, ууыл, ома Йесо Чырыстийыл, хъуамӕ алкӕддӕр фидар хӕцӕм (Кол. 2:18, 19). Хъуамӕ ӕмгуыст кӕнӕм «ӕууӕнкджын ӕмӕ зондджын цагъаримӕ», стӕй, цӕстдарджытӕй кӕй сӕвӕрынц, уыдонимӕ дӕр (Дзут. 13:7, 17). Хуыцау цы фӕтк сфидар кодта, ууыл фидар куы хӕцӕм ӕмӕ нын разамынд чи дӕтты, уыдонимӕ ӕмгуыст куы кӕнӕм, уӕд нӕ бон уыдзӕн Йегъовӕйы фӕндон, куыд ӕмбӕлы, афтӕ ӕххӕст кӕнын. Стӕй нӕ хъуамӕ кувын дӕр ма рох кӕна. Алкӕддӕр нӕ зӕрдыл дарӕм: ахӕстоны куы уӕм ӕмӕ нӕ камерӕйы иунӕгӕй куы бакӕной, уӕд дӕр нӕ бон уыдзӕн нӕ фӕлмӕн уӕларвон Фыдимӕ ныхас кӕнын, стӕй нын не ’мчырыстӕттимӕ цы иудзинад ис, уый дӕр ничи фехалдзӕн.
21 Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр ныфсджынӕй ӕмӕ фидарзӕрдӕйӕ кӕнӕм, Йесо Чырысти йӕ райгасы фӕстӕ йӕ фӕдылдзӕуджытӕн цы хъуыддаг бафӕдзӕхста, уый. Йесо загъта: «Гъемӕ уӕдӕ ацӕут ӕмӕ мын ӕппӕт адӕмтӕй дӕр цӕттӕ кӕнут ахуыргӕнинӕгтӕ. Дӕттут сын донаргъуыд Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг тыхы номыл, ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнут, ӕз уын цы бафӕдзӕхстон, ӕппӕт уыдӕттӕ ӕххӕст кӕнын» (Матф. 28:19, 20). Уӕдӕ мах дӕр Йесойау фидар лӕууӕм. Ӕдзух нӕ цӕстыты раз уӕд, цы диссаджы ныфс нын ис, уый – Хуыцауы Паддзахады дӕлбар ӕнустӕм цӕрыны ныфс (Дзут. 12:2). Чырыстийы ахуыргӕнинаг чи сси ӕмӕ донаргъуыд чи райста, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ ӕххӕст кӕны, Йесо «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕроны» тыххӕй цы пехуымпарад загъта, уый: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:3, 14). Ацы фӕстаг бонты нӕ хъарутӕ иууылдӕр уыцы хъуыддагмӕ куы саразӕм, уӕд Йегъовӕйы рӕстаг ног дунемӕ цингӕнгӕйӕ бацӕудзыстӕм ӕмӕ ӕнустӕм цӕрдзыстӕм!