Хъусын кӕнынӕн хъӕуы фидардзинад
1 Апостол Павел 30 азӕй фылдӕр уыд хорз хабар хъусынгӕнӕг ӕмӕ йӕ лӕггадӕй райгонд уыд. Ацы хъуыддаджы йӕхиуыл нӕ ауӕрста, стӕй зындзинӕдтӕ дӕр ӕййӕфта (2 Кор. 11:23–29). Фӕлӕ йӕ къухтӕ никуы ӕруагъта (2 Кор. 4:1). Павел зыдта, зындзинӕдтӕн фидар фӕлӕууынӕн ын Йегъовӕ хъарутӕ кӕй ратдзӕн (Фил. 4:13). Фидар кӕй разынд, уымӕ гӕсгӕ йӕ бон уыд зӕгъын: «Мӕн фӕзмут, ӕз Чырыстийы куыд фӕзмын, афтӕ» (1 Кор. 11:1).
2 Зындзинӕдтӕн фӕразӕм. Алы бон дӕр нӕ хотӕ ӕмӕ не ’фсымӕртӕй бирӕтыл сӕ хиуӕттӕ, се ’мкусджытӕ кӕнӕ се ’мкъласонтӕ худынц, сӕ ныхмӕ цӕуынц кӕнӕ сын сӕ ныхӕстӕ ницӕмӕ дарынц (Матф. 10:35; Иоан. 15:20). Чи зоны, ды дӕр ахӕм уавӕры дӕ. Йе та низимӕ тох кӕныс кӕнӕ дӕ алы бон дӕр тох кӕнын хъӕуы, дӕ уырнындзинад ӕмӕ дын дӕ фидардзинад чи фӕлвары, ахӕм зындзинӕдтимӕ ӕмӕ цыбӕлтимӕ. Фӕлӕ Хуыцауы рагон лӕггадгӕнджытӕй ӕмӕ абоны иузӕрдион чырыстӕттӕй зындзинӕдтӕ чи сфӕрӕзта, уыдоны цӕвиттонтыл куы хъуыды кӕнӕм, уӕд нӕ уый фидар кӕндзӕн (1 Пет. 5:9).
3 Цӕмӕй нӕм дарддӕр хъусын кӕнынӕн хъарутӕ уа, уый тыххӕй хъуамӕ «нӕхи сифтонг кӕнӕм, Хуыцау цыдӕриддӕр хӕстон дзауматӕ дӕтты, уыдонӕй» (Еф. 6:10–13, 15). Фидар фӕлӕууыны тыххӕй ма ӕнӕмӕнг у кувын дӕр. Хуыцау дӕр нын йӕ сыгъдӕг удӕй хай кӕндзӕн, цӕмӕй ӕппӕт фӕлварӕнтӕ дӕр сфӕразӕм (2 Кор. 6:4–7). Цӕмӕй Хӕйрӕг ӕмӕ йӕ дунейы ныхмӕ тох кӕнын нӕ бон уа, уый тыххӕй хъуамӕ Хуыцауы фӕдзӕхстытӕм хъусӕм ӕмӕ нӕ хъарутыл хъарутӕ ’фтауӕм (Пс. 119:24, 85–88). Уарзон хъӕбул йӕ фыды писмо ногӕй ӕмӕ ногӕй куыд фӕкӕсы, афтӕ мах дӕр алы бон дӕр Библи куы кӕсӕм, уӕд Йегъовӕмӕ бонӕй-бонмӕ хӕстӕгдӕр кӕндзыстӕм. Библи ӕмӕ нӕ литературӕ ӕдзух куы ахуыр кӕнӕм, уӕд зондзыстӕм, зындзинӕдтӕ куыд иуварс кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй уынаффӕтӕ хӕсгӕйӕ Хуыцауы зондӕй архайдзыстӕм ӕмӕ ӕнаипп уыдзыстӕм (Ӕмб. 2:10, 11).
4 Фидар куы уӕм, уӕд арфӕгонд уыдзыстӕм. Павелау мах дӕр фидар куы уӕм ӕмӕ иузӕрдионӕй дарддӕр дӕр куы хъусын кӕнӕм, уӕд Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕндзыстӕм ӕмӕ арфӕгонд ӕрцӕудзыстӕм нӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ иннӕтӕ дӕр (Ӕмб. 27:11). Цӕй уӕдӕ дарддӕр дӕр зӕрдӕргъӕвдӕй лӕггад кӕнӕм ӕмӕ афтӕмӕй бӕлвырд кӕнӕм, нӕ уырнындзинад фидар кӕй у ӕмӕ «арты кӕй ссыгъдӕг кӕнынц, фӕлӕ уӕддӕр сӕфгӕ чи кӕны, уыцы сызгъӕринӕй бирӕ зынаргъдӕр» кӕй у, уый (1 Пет. 1:6, 7).