Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 6/05 1 ф.
  • Хъусын кӕнӕм ӕмӕ фидар уӕм

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хъусын кӕнӕм ӕмӕ фидар уӕм
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы организацийыл дӕхи бӕтт
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • «Уадз ӕмӕ уӕ фидардзинад йӕ куыст бакӕнӕд кӕронмӕ»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
  • Хъусын кӕнынӕн хъӕуы фидардзинад
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2008
  • Хъусын кӕй кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ уырнындзинад у фидар
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2009
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 6/05 1 ф.

Хъусын кӕнӕм ӕмӕ фидар уӕм

1 «Нӕ размӕ цы фӕндаг ис, ууыл тындзӕм фӕразонӕй»,– фӕдзӕхсы нын Хуыцауы Ныхас (Дзут. 12:1, НТ). Згъорӕг фӕразон, фидар куы нӕ уа, уӕд нӕ рамбулдзӕн. Афтӕ мах дӕр хъӕуы фидар лӕууын, цӕмӕй ӕнусон царды хорзӕх райсӕм (Дзут. 10:36). Хъусын кӕныны хъуыддаг нын куыд ӕххуыс кӕны кӕронмӕ фидар фӕлӕууынӕн? (Матф. 24:13).

2 Фидар кӕны нӕ уырнындзинад. Зӕрдӕвӕрд рӕстаг ног дунейы тыххӕй кӕй хъусын кӕнӕм, уый фӕрцы нӕ ныфс у фидар (1 Фес. 5:8). Уацамынды ӕдзухдӕр куы фӕцӕуӕм, уӕд нын вӕййы, Библийӕ цы базыдтам, ууыл иннӕтимӕ ныхас кӕныны фадат. Мах ӕргом фӕдзурӕм нӕ уырнындзинадыл ӕмӕ афтӕмӕй нӕхӕдӕг фидар кӕнӕм.

3 Библийы цы фыст ис, уый цӕмӕй иннӕтӕн амонынмӕ арӕхсӕм, уый тыххӕй йӕ хъуамӕ нӕхӕдӕг хорз ӕмбарӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ фӕхъӕуы ӕрмӕг агурын ӕмӕ, цы бакӕсӕм, ууыл лӕмбынӕг хъуыды кӕнын. Библи цас зӕрдиагдӕрӕй ахуыр кӕнӕм, уыйас ӕй хуыздӕр ӕмбардзыстӕм, нӕ уырнындзинад кӕндзӕн фидардӕр, нӕ хъаруйыл та хъару ӕфтдзӕн (Ӕмб. 2:3–5). Уӕдӕ иннӕтӕн ӕххуысгӕнгӕйӕ мах фидар кӕнӕм нӕхи (1 Тим. 4:15, 16).

4 Цӕмӕй Сайтан ӕмӕ хӕйрӕджыты ныхмӕ фидар фӕлӕууӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ифтонг уӕм «Хуыцауы ӕппӕт хӕцӕнгӕрзтӕй». Ӕмӕ уыцы хӕцӕнгӕрзтӕй иу уый у, уацамынды нӕ удӕй арт кӕй цӕгъдӕм (Еф. 6:10–13, 15). Хъусын кӕныны хъуыддаджы лӕуд куы уӕм, уӕд нӕ хъуыдытӕ ӕдзухдӕр уыдзысты, хорз цы у, ууыл, ӕмӕ Сайтаны дунейы сӕфт зондыл нӕ ацӕудзыстӕм (Кол. 3:2). Иегъовӕйы хъуыддӕгтӕ иннӕтӕн кӕй амонӕм, уый фӕрцы нӕ рох кӕнӕм, нӕхицӕн дӕр не ’гъдау, нӕ цард алкӕддӕр фӕзминаг кӕй хъуамӕ уой (1 Пет. 2:12).

5 Хуыцау нын ӕххуыс кӕны. Зӕгъын ма хъӕуы уый дӕр, ӕмӕ нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг ахуыр кӕны нӕ ныфс Иегъовӕйыл дарын (2 Кор. 4:1, 7). Уый стыр хорзӕх куыннӕ у! Нӕ ныфс ӕгасӕй дӕр Хуыцауыл кӕй дарӕм, уый нын канд уацамынды не ’ххуыс кӕны, фӕлӕ ма царды цыфӕнды зын уавӕрты дӕр (Фил. 4:11–13). О, фидар уӕд уыдзыстӕм, ӕмӕ нӕ зӕрдӕ алы хъуыддаджы дӕр Иегъовӕйыл куы дарӕм (Пс. 54:23). Куыд уынӕм, афтӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг бирӕ цӕмӕйдӕрты у ахъаз, цӕмӕй фӕразон ӕмӕ фидар уӕм.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын