136 зарӕг
Хуыцауы Паддзахад сфидар – ӕрцӕуӕд зӕхмӕ дӕр!
Йегъовӕ, ӕнусон Хуыцау!
Ды алкӕддӕр уыдтӕ.
Дӕ Фырт, Йесо, Паддзах ысси,
Йӕ сӕвӕрӕг ды дӕ.
Ысфидар Паддзахад ӕрвтыл,
Йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл.
БАЗАРД
Ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ
Нӕ ирвӕзындзинад у ’ввахс.
Ныр кувӕм не ’ппӕт дӕр:
«Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад тагъд».
Сайтан Хӕйрӕг мӕстӕй фыцы –
Йӕ бонтӕ сты нымад.
Кӕд абон у тынг зын, уӕддӕр
Уынӕм нӕ фидӕн мах.
Ысфидар Паддзахад ӕрвтыл,
Йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл.
БАЗАРД
Ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ
Нӕ ирвӕзындзинад у ’ввахс.
Ныр кувӕм не ’ппӕт дӕр:
«Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад тагъд».
Ӕрвтыл зӕдтӕ стыр цин кӕнынц,
Сӕ зарӕг хъуысы дард.
Ӕппӕрст ӕрцыд зӕхмӕ Сайтан,
Сыгъдӕг у ныр уӕларв.
Ысфидар Паддзахад ӕрвтыл,
Йӕ бар цӕудзӕн ӕгас зӕххыл.
БАЗАРД
Ӕрцыд рӕстӕг, ӕмӕ
Нӕ ирвӕзындзинад у ’ввахс.
Ныр кувӕм не ’ппӕт дӕр:
«Ӕрцӕуӕд дӕ Паддзахад тагъд».
(Ноджыдӕр кӕс Дан. 2:34, 35; 2 Кор. 4:18.)