150 зарӕг
Лӕггад кӕнӕм, ӕххуыс кӕм хъӕуы, уым
Хуыцау уыны, цы хъӕуы мах,
Цӕмӕй нын цин хӕсса нӕ цард.
Ӕппӕт дӕр нын дӕтты, цӕмӕй
Лӕггад кӕнӕм зӕрдӕрухсӕй.
БАЗАРД
Алцӕмӕй кад кӕнӕм
Стыр Хуыцауӕн мах.
Ӕххуысмӕ алкӕддӕр стӕм цӕттӕ.
Уымӕй ’вдисӕм уарзт.
Ӕгас зӕххыл ис бирӕ куыст.
Кӕм хъӕуы, уым кӕнӕм ӕххуыс.
Мах иннӕтӕм куы фӕкӕсӕм,
Уӕд равдисӕм, кӕй сыл тыхсӕм.
БАЗАРД
Алцӕмӕй кад кӕнӕм
Стыр Хуыцауӕн мах.
Ӕххуысмӕ алкӕддӕр стӕм цӕттӕ.
Уымӕй ’вдисӕм уарзт.
Ног залтӕ мах фӕаразӕм,
Ӕппӕт тыхтӕй фӕархайӕм.
Ӕндӕр ӕвзаг куы базонӕм,
Фылдӕр ӕххуыс уӕд бакӕнӕм.
БАЗАРД
Алцӕмӕй кад кӕнӕм
Стыр Хуыцауӕн мах.
Ӕххуысмӕ алкӕддӕр стӕм цӕттӕ.
Уымӕй ’вдисӕм уарзт.
(Ноджыдӕр кӕс Иоан. 4:35; Хъуыд. 2:8; Ром. 10:14.)