23 СӔР
Йесо Капернаумы диссӕгтӕ аразы
МАТФЕЙЫ 8:14–17 МАРЧЫ 1:21–34 ЛУКАЙЫ 4:31–41
ЙЕСО ХӔЙРӔДЖДЖЫНЫ СДЗӔБӔХ КОДТА
ПЕТРӔН ЙӔ УСЫ МАДЫ СДЗӔБӔХ КОДТА
Йесо йӕ цыппар ахуыргӕнинаджы – Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанны – ӕрхуыдта, цӕмӕй адӕмахсджытӕ суыдаиккой. Уыди сабатбон, ӕмӕ Йесо семӕ иумӕ Капернаумы ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд. Уым адӕмы ахуыр кодта, ӕмӕ та иууылдӕр дисӕй мардысты, куыд сӕ ахуыр кодта, ууыл. Йесо сӕ чиныджыдӕсныты хуызӕн нӕ ахуыр кодта – уый кодта барджын ныхас.
Уыцы бон ӕмбырдгӕнӕны уыд иу хӕйрӕджджын лӕг, ӕмӕ хъӕр кодта: «Цы дӕ хъӕуы махӕй, назаретаг Йесо? Уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, ӕмӕ нӕ фесафай? Ӕз ӕй зонын, чи дӕ – ды дӕ Хуыцауӕй ӕрвыст». Уыцы лӕджы мидӕг цы дӕлимон уыд, уымӕн Йесо карзӕй загъта: «Ныхъхъус у ӕмӕ дзы рацу!» (Марчы 1:24, 25).
Уыцы тӕккӕ сахат дӕлимон йӕ хъӕлӕсы дзаг ныцъцъӕхахст кодта, лӕджы зӕххыл ныццавта ӕмӕ дзы рацыд, «ницы зиан ын ракодта, афтӕмӕй» (Лукайы 4:35). Адӕмы дисӕн кӕрон нал уыд, ӕмӕ сӕ кӕрӕдзи фарстой: «Ай цавӕр диссаг у?» Стӕй ма дзырдтой: «Дӕлимонтӕн дӕр барджынӕй дзуры, ӕмӕ йӕ коммӕ кӕсынц» (Марчы 1:27). Ӕмӕ уыцы хабар ӕнӕхъӕн Галилейӕйыл айхъуыст.
Ӕмбырдгӕнӕнӕй Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ацыдысты Симонтӕм, ома Петртӕм. Уыцы рӕстӕг Петрӕн йӕ усы мад уыди тыхст рынчын, йӕ тӕвд бӕрзонд уыд. Ӕмӕ ахуыргӕнинӕгтӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодтой, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Йесо йӕ уӕлхъус ӕрлӕууыд, йӕ къухыл ын рахӕцыд ӕмӕ йӕ рабадын кодта. Сылгоймаг уайтагъд адзӕбӕх ӕмӕ Йесойӕн ӕмӕ, йемӕ цы ахуыргӕнинӕгтӕ уыди, уыдонӕн лӕггад кӕнын райдыдта. Ӕвӕццӕгӕн сын хӕринаг ацӕттӕ кодта.
Изӕрӕй хур куы аныгуылд, уӕд Петры хӕдзармӕ алы рӕттӕй адӕм сӕ рынчынтимӕ цӕуын райдыдтой. Цыбыр рӕстӕгмӕ сӕ дуармӕ уыйбӕрц адӕм ӕрӕмбырд, раст цыма ӕнӕхъӕн горӕт уырдӕм ӕрбацыд. Цымӕ цӕмӕн? Цӕмӕй сӕ сдзӕбӕх кодтаид. Ӕмӕ ӕцӕгдӕр, «алыхуызон низӕй рынчынтӕ кӕмӕдӕриддӕр уыд, уыдон» ӕм сӕ иууылдӕр ӕрбакодтой. Ӕмӕ дзы Йесо «алкӕуыл дӕр йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта» (Лукайы 4:40). Цавӕрфӕнды низӕй рынчын ма уыдаиккой,– Йесо се ’ппӕтӕн дӕр баххуыс кодта, Фыстады бирӕ раздӕр куыд загъд уыд, афтӕ (Исай 53:4). Суанг ма хӕйрӕджджынты дӕр сдзӕбӕх кодта. Ӕмӕ дӕлимонтӕ адӕмӕй куы рацыдысты, уӕд хъӕр кодтой: «Ды Хуыцауы Фырт дӕ!» (Лукайы 4:41). Фӕлӕ сын Йесо карзӕй бауайдзӕф кодта ӕмӕ сӕ дзурын нӕ уагъта. Уыдон ӕй зыдтой, Йесо Чырысти кӕй у. Ӕмӕ Йесойы нӕ фӕндыд, цӕмӕй дӕлимонтӕ сӕхи афтӕ ӕвдыстаиккой, ӕмӕ адӕм хъуыды кодтаиккой, зӕгъгӕ, уыдон дӕр ӕцӕг Хуыцауӕн лӕггад кӕнынц.