23 сӕр
Фылдӕр диссӕгтӕ Капернаумы
САБАТЫ, Йесо йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгтӕ Петр, Андрей, Иаков ӕмӕ Иоанны куы ӕрхуыдта, уый фӕстӕ иумӕ ацыдысты Капернаумы ӕмбырдгӕнӕнмӕ. Уым Йесо ахуыр кодта адӕмы, ӕмӕ уыдон дис кодтой йӕ ныхӕстыл, уымӕн ӕмӕ уый ахуыр кодта чиныджы дӕснытау нӕ, фӕлӕ барджынӕй.
Ацы сабат уым ис хӕйрӕджджын адӕймаг дӕр. Чысыл фӕстӕдӕр уый хъӕр кӕнын райдыдта: «Цы Дӕ хъӕуы махӕй, Назарейаг Йесо? Ды ӕрцыдтӕ мах фесафынмӕ! зонын Дӕу, чи Дӕ, Хуыцауы Сыгъдӕг».
Уыцы адӕймаджы цы хӕйрӕг ӕрцахста, уый у Сайтаны зӕдтӕй иу. Йесо бауайдзӕф кодта хӕйрӕгӕн ӕмӕ йын дзуры: «Банцай ӕмӕ рацу уымӕй».
Уӕд хӕйрӕг уыцы адӕймаджы зӕххыл ныццавта ӕмӕ йӕ хъӕлӕсы дзаг ныхъхъӕргӕнгӕйӕ, рацыд уымӕй, ницы йӕ бахъыгдӕрдта, афтӕмӕй. Адӕм дисы бафтыдысты! «Цы у уый? — фӕрсынц уыдон. «Уый ӕнӕсыгъдӕг удтӕн дӕр бардзырд дӕтты барджынӕй, ӕмӕ уыдон Йӕ коммӕ кӕсынц». Уайтагъд уыцы хабар айхъуыст ӕппӕт бӕстыл. Ныр Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ рацыдысты ӕмбырдгӕнӕнӕй ӕмӕ Симон Петры хӕдзармӕ бацыдысты. Симоны усы мад уӕззау рынчын у тӕвднизӕй. Йесойӕ курынц ӕххуыс. Уый сылгоймаджы цурмӕ бацыд, йӕ къух ын райста ӕмӕ йыл схӕцыд. Уый уыцы тӕккӕ сӕнӕниз ӕмӕ сын ныр фынг цӕттӕ кӕны!
Хурныгуылды фӕстӕ адӕм алырдыгӕй сӕ рынчынты хӕссын райдыдтой Петры хӕдзармӕ. Гыццыл рӕстӕгмӕ сахары адӕмӕй кӕрты къух бакӕнӕн нал уыд. Ӕмӕ Йесо дзӕбӕх кӕны ӕппӕт рынчынты, цӕмӕй рынчын сты, уымӕ нӕкӕсгӕйӕ. Уый адӕмы сӕрибар кӕны хӕйрӕджыты ахӕстӕй. Уыдон адӕмӕй куы рацыдысты, уӕд хъӕр кӕнын райдыдтой: «Ды Чырысти, Хуыцауы Фырт». Фӕлӕ Чырысти, кӕй у, уый кӕй зонынц, уымӕ гӕсгӕ сын Йесо фидар ныхкъуырд дӕтты ӕмӕ сӕ дзурын нӕ уадзы. Маркы 1:21—34; Лукайы 4:31—41; Матфейы 8:14—17.
▪ Сабаты, Йесо йӕ фыццаг ахуыргӕнинӕгты куы ӕрхуыдта, уый фӕстӕ ӕмбырдгӕнӕны цы хабар ӕрцыд?
▪ Ӕмбырдгӕнӕнӕй рацӕугӕйӕ, Йесо кӕдӕм ацыд ӕмӕ цавӕр диссаг сарӕзта уым?
▪ Фӕстӕдӕр изӕры цавӕр хабӕрттӕ ӕрцыд?