Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 35 сӕр, 84 ф.–91 ф., 4 абз.
  • Йесойы зындгонд раныхас

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йесойы зындгонд раныхас
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ӔЦӔГ АМОНДДЖЫН ЧИ У
  • ЙӔ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТӔ КУЫД ХЪУАМӔ ЦӔРОЙ
  • ХУЫЦАУМӔ КУВӔМ ӔМӔ ЙЫЛ НӔ ЗӔРДӔ ДАРӔМ
  • ЦӔУТ, ЦАРДМӔ ЧИ КӔНЫ, УЫЦЫ ФӔНДАГЫЛ
  • Ӕппӕты зындгонддӕр уацамынд
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Матфейы 5–7 сӕртӕ
    Чырыстийы зондджын уынаффӕтӕ
  • Хорздзинад аразут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2008
  • Йесойы ныхӕстӕ дӕ куывдтытыл ӕндавынц?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 35 сӕр, 84 ф.–91 ф., 4 абз.
Йесо йӕ апостолтӕн ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры йӕ зындгонд раныхас

35 СӔР

Йесойы зындгонд раныхас

МАТФЕЙЫ 5:1–7:29 ЛУКАЙЫ 6:17–49

  • ЗЫНДГОНД РАНЫХАС

Йесо ӕнӕхъӕн ӕхсӕв Хуыцаумӕ фӕкуывта ӕмӕ иннӕ бон йӕхицӕн 12 апостолы равзӕрста. Уӕдӕ фӕллад куыннӕ уыдаид. Фӕлӕ ма йӕм уӕддӕр цыдӕр хъарутӕ уыди ӕмӕ йӕ фӕндыд адӕмӕн баххуыс кӕнын. Ӕмӕ сын ӕххуыс дӕр бакодта. Йесо уыди Галилейӕйы хӕхбӕсты, ӕвӕццӕгӕн-иу арӕх кӕм ӕрлӕууыд, уыцы горӕт Капернауммӕ хӕстӕг.

Адӕм ӕм ӕрцыдысты дард рӕттӕй. Чидӕртӕ дзы уыдысты хуссарӕй, ома Иерусалимӕй ӕмӕ Иудейӕйы алы къуымтӕй. Иннӕтӕ та ӕрцыдысты цӕгатӕй, денджызы былгӕрон чи уыд, уыцы горӕттӕй – Тир ӕмӕ Сидонӕй. Фӕлӕ Йесойы фенынмӕ цӕмӕн ӕрцыдысты? «Цӕмӕй йын йӕ ныхӕстӕм байхъуыстаиккой ӕмӕ сӕ низтӕй сдзӕбӕх уыдаиккой». Ӕмӕ нӕ фӕфыдӕнхъӕл сты – «се ’ппӕт дӕр сдзӕбӕх сты». Ахъуыды-ма кӕн, Йесо сдзӕбӕх кодта рынчынты се ’ппӕты дӕр! Йе ’ххуыс нӕ бавгъау кодта, «дӕлимонтӕ тухӕнӕй кӕй мардтой, уыдонӕн дӕр». Дӕлимонтӕ сты, Хӕйрӕджы фӕдыл чи ацыд, уыцы зӕдтӕ (Лукайы 6:17–19).

Уый фӕстӕ Йесо уым иу фӕз бынаты ӕрбадт, ӕмӕ адӕм йӕ алыварс ӕрӕмбырд сты. Ӕппӕты хӕстӕгдӕр ӕм, ӕвӕццӕгӕн, ӕрбадтысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ, уӕлдайдӕр та – йӕ 12 апостолы. Адӕмы се ’ппӕты дӕр тынг фӕндыди, ахӕм диссӕгтӕ чи арӕзта, уыцы ахуыргӕнӕгмӕ байхъусын. Йесойы раныхасӕй сӕхицӕн, бӕгуыдӕр, стыр пайда райстой. Ӕмӕ уыцы раныхас уӕдӕй абоны онг цал адӕймагӕн фӕци стыр ӕххуыс, уый та чи банымайдзӕн! Махӕн дӕр дзы нӕ бон бирӕ цыдӕртӕ у зондӕн райсын. Йесо Хуыцауы тыххӕй арф хъуыдытӕ ӕмбарын кодта хуымӕтӕг ӕмӕ ӕнцонӕмбарӕн ныхӕстӕй. Адӕмӕн цӕвиттонтӕ хаста цардӕй, дзырдта сын, хорз кӕй зыдтой ӕмӕ сӕхи цӕстӕй кӕй уыдтой, ахӕм хабӕрттӕ. Ӕмӕ уый фӕрцы йӕ ныхӕстӕ ӕнцонӕмбарӕн сты, хуыздӕр цардмӕ чи бӕллы ӕмӕ Хуыцауы фӕндонмӕ гӕсгӕ цӕрын кӕй фӕнды, уыдонӕн се ’ппӕтӕн дӕр. Йесо йӕ раныхасы сӕйраджыдӕр цӕуыл дзырдта ӕмӕ уыцы раныхасӕн адӕм ахӕм стыр аргъ цӕмӕн кӕнынц?

ӔЦӔГ АМОНДДЖЫН ЧИ У

Алы адӕймаджы дӕр фӕнды, цӕмӕй амондджын уа. Ӕмӕ уый Йесо, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, зыдта. Уымӕ гӕсгӕ йӕ ныхас райдыдта, ӕцӕг амондджын цавӕр адӕм сты, уымӕй. Адӕм ӕм хъусынтыл куыннӕ фӕуыдаиккой. Фӕлӕ сӕм йӕ ныхӕстӕй цыдӕртӕ, ӕвӕццӕгӕн, диссаг дӕр фӕкастысты.

Йесо загъта: «Амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад. Амондджын сты, хъыг чи кӕны, уыдон, уымӕн ӕмӕ удӕнцой ссардзысты. [...] Амондджын сты, ӕххормаг ӕмӕ дойны адӕймагау рӕстдзинад чи агуры, уыдон, уымӕн ӕмӕ бафсӕддзысты. [...] Амондджын сты, рӕстдзинады тыххӕй ӕфхӕрд чи ӕййафы, уыдон, уымӕн ӕмӕ уыдоны у уӕларвон паддзахад. Амондджын уыдзыстут, мӕн тыххӕй уын адӕм куы фидистӕ кӕной, уӕ фӕдыл куы зилой... Уӕ зӕрдӕ райӕд ӕмӕ цин кӕнут» (Матфейы 5:3–12).

Мӕстджын лӕгӕн йӕ хуыз фӕивта ӕмӕ йӕ йӕ цӕсгом фырцинӕй худы

Йесо кӕй кой ракодта, ахӕм адӕм «амондджын» цы хуызы сты? Уый афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ амондджын уыцы адӕймаг у, хъӕлдзӕг чи у ӕмӕ цӕуылдӕр чи цин кӕны. Адӕймаг ӕцӕг амондджын вӕййы, цӕмӕн цӕры, уый куы фӕзоны ӕмӕ йӕ цардӕй йӕ зӕрдӕ куы фӕрайы, уӕд.

Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ ӕцӕг амондджын сты, ӕнӕ Хуыцауӕй цӕрӕн кӕй нӕй, уый чи ӕмбары, тӕригъӕдджын кӕй у, ууыл чи хъыг кӕны, стӕй Хуыцауы чи базыдта ӕмӕ йын чи лӕггад кӕны, уыдон. Ахӕм адӕм Хуыцауы фӕндон кӕй ӕххӕст кӕнынц, уый тыххӕй кӕд ӕфхӕрд ӕййафынц ӕмӕ сӕ иннӕтӕ се сӕфт уынынц, уӕддӕр амондджын сты. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ зонынц, Хуыцау сӕ райгонд кӕй у ӕмӕ сын кӕй раарфӕ кӕндзӕн – ӕнусон цард сын ратдзӕн.

Хъыгагӕн, бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ адӕймаг хъӕздыг куы уа ӕмӕ йӕ рӕстӕг йӕ уды дзӕбӕхӕн куы ’рвита, уӕд уыдзӕн амондджын. Фӕлӕ Йесо афтӕ нӕ хъуыды кодта. Дарддӕр цы ныхмӕвӕрд хъуыдытӕ загъта, уыдонӕй, ӕвӕццӕгӕн, йӕ ныхасмӕхъусджытӕй бирӕты дисы бафтыдта: «Мӕгуыр уӕ бон, хъӕздгуытӕ, уымӕн ӕмӕ царды цинӕй уӕ хай райстат. Мӕгуыр уӕ бон, абон ӕфсӕст чи у, уымӕн ӕмӕ ӕххормагӕй мӕлдзыстут. Мӕгуыр уӕ бон, абон худгӕ чи кӕны, уымӕн ӕмӕ маст кӕндзыстут ӕмӕ кӕудзыстут. Мӕгуыр уӕ бон, иууылдӕр уӕ хорзы кой куы кӕной, уымӕн ӕмӕ сӕ фыдӕлтӕ дӕр мӕнг пехуымпартӕй хорз дзырдтой» (Лукайы 6:24–26).

Цӕххы кӕри Хуыцауы кувӕндоны нывондхӕссӕны раз

Хъӕздыг чи у, йӕ рӕстӕг хъазгӕ-худгӕйӕ чи ӕрвиты ӕмӕ адӕмы цӕсты кад кӕмӕн ис, уыдонӕй Йесо афтӕ цӕмӕн загъта, мӕгуыр сӕ бон, зӕгъгӕ? Уымӕн ӕмӕ адӕймаг уыдӕттӕ куы фӕуарзы, уӕд дзы, Хуыцауӕн лӕггад кӕнын кӕй хъӕуы, уый айрох вӕййы. Ӕмӕ ӕнӕ Хуыцауӕй та ӕцӕг амондджын никуы уыдзӕн. Йесойы уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ адӕймаг мӕгуыр кӕнӕ ӕххормаг кӕй вӕййы, уый тыххӕй вӕййы амондджын. Хъуыддаг уый мидӕг ис, ӕмӕ Чырыстийы ныхӕстӕ йӕ зӕрдӕмӕ арӕхдӕр цардӕфхӕрд адӕймаг айсы, ӕмӕ уӕд ӕцӕг амондджын свӕййы.

Дарддӕр Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕй загъта: «Сымах стут зӕххы цӕхх» (Матфейы 5:13). Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕцӕгдӕр цӕхх нӕ уыдысты. Фӕлӕ цӕхх хойраг сӕфын нӕ уадзы. Цӕхх-иу дардтой Хуыцауы кувӕндоны нывондхӕссӕны раз, цӕмӕй-иу дзы кувинӕгтыл акодтаиккой. Уымӕй уӕлдай цӕхх ӕвдисы, цыдӕр ӕмбийгӕ кӕй нӕ кӕны, уый (Левит 2:13; Йезекил 43:23, 24). Уӕдӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты «зӕххы цӕхх» уый тыххӕй схуыдта, ӕмӕ, цӕхх хӕринаг сӕфын кӕнӕ ӕмбийын куыд нӕ уадзы, афтӕ уыдон дӕр адӕмӕн ӕххуыс кӕнынц, цӕмӕй мидӕгӕй ма «бамбийой», ома Хуыцауӕй ма адард уой ӕмӕ се ’гъдау ма фесӕфа. Цы хорз хабар хъусын кӕнынц, уый йӕ зӕрдӕмӕ чи айсы, уыдонӕн уыцы хорз хабар сӕ цард хъахъхъӕны.

Судзгӕ цырагъ цырагъдарӕныл

Йесо ма йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн ноджыдӕр загъта: «Сымах стут ацы дунейӕн рухс». Цырагъ куы ссудзынц, уӕд ӕй къусы бын нӕ бавӕрынц, фӕлӕ йӕ сӕвӕрынц цырагъдарӕныл, цӕмӕй йӕ рухс алырдӕм дӕр кӕла. Ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ Йесо ныффӕдзӕхста: «Уӕ рухс... кӕлӕд адӕммӕ, цӕмӕй уын уӕ хорз хъуыддӕгтӕ уыной ӕмӕ уын уӕ уӕларвон Фыды кадджын кӕной» (Матфейы 5:14–16).

ЙӔ ФӔДЫЛДЗӔУДЖЫТӔ КУЫД ХЪУАМӔ ЦӔРОЙ

Дзуттаг дины разамонджытӕ Йесойы нымадтой Хуыцауы Закъон халӕгыл. Ӕмӕ йӕ уый тыххӕй марынвӕнд куы скодтой, уымӕй бирӕ нӕ рацыд. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо ӕргом загъта: «Афтӕ ӕнхъӕл ма ут, ӕмӕ ӕз Закъон кӕнӕ пехуымпарты ныхӕстӕ фехалынмӕ ӕрцыдтӕн. Ӕз сӕ фехалынмӕ не ’рцыдтӕн, фӕлӕ сӕ сӕххӕст кӕнынмӕ» (Матфейы 5:17).

Йесо Хуыцауы Закъонӕн тынг аргъ кодта ӕмӕ иннӕты дӕр уымӕ разӕнгард кодта. Афтӕ дӕр ма загъта: «Уӕдӕ ацы гыццыл фӕдзӕхстытӕй иу дӕр чи фехала ӕмӕ ууыл иннӕты дӕр чи сахуыр кӕна, уый уӕларвон паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг нӕ уыдзӕн». Ацы ныхӕстӕй йӕ уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ ахӕм адӕймаг Хуыцауы Паддзахадмӕ нӕ бацӕудзӕн. Фӕлӕ дарддӕр загъта: «Чи сӕ ӕххӕст кӕна ӕмӕ сӕ иннӕтӕн дӕр чи амона, уый та уыдзӕн уӕларвон паддзахадмӕ бацӕуыны аккаг» (Матфейы 5:19).

Мӕстджын адӕймаг

Йесо ӕрмӕст уый кой нӕ кодта, ӕмӕ адӕймаг Хуыцауы Закъон хъуамӕ ма хала, фӕлӕ, уымӕ цы зондахаст ӕркӕны, уымӕй дӕр йӕхи кӕй хъуамӕ хиза. Йӕ ныхасмӕхъусджытӕн сӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, Закъон афтӕ кӕй зӕгъы, «ма амар», зӕгъгӕ. Ӕмӕ стӕй йӕ ныхасмӕ бафтыдта: «Йе ’фсымӕрмӕ маст чи хӕссы, уый дӕр ӕрлӕудзӕн тӕрхоны раз» (Матфейы 5:21, 22). Адӕймаг искӕмӕ йӕ зӕрдӕйы маст куы хӕсса, уӕд уый гыццыл хъуыддаг нӕу. Уый тыххӕй иу иннӕйы маргӕ дӕр акӕны. Уымӕ гӕсгӕ Йесо бамбарын кодта, адӕймаг бафидауыныл куыд зӕрдиагӕй хъуамӕ архайа: «Дӕ кувинагимӕ нывондхӕссӕнмӕ куы ’рбацӕуай ӕмӕ уым дӕ зӕрдыл куы ’рлӕууа, де ’фсымӕр дӕм цӕуылдӕр хӕрам кӕй у, уый, уӕд дӕ кувинаг уым нывондхӕссӕны раз ныууадз ӕмӕ ацу, де ’фсымӕримӕ уал бафидау, стӕй уӕд ӕрбаздӕх ӕмӕ дӕ кувинаджы кой дӕр бакӕн» (Матфейы 5:23, 24).

Лӕг кӕсы рӕсугъд сылгоймагмӕ

Хуыцауы Закъоны ма фыст ис, Хуыцау хӕтындзинадмӕ цы цӕстӕй кӕсы, уый тыххӕй дӕр. Йесо загъта: «Сымах фехъуыстат, афтӕ кӕй уыд загъд: „Ма хӕт“. Ӕз та уын зӕгъын: сылгоймагмӕ чи кӕсы ӕмӕ йӕм йӕхи чи мондаг кӕны, уый фӕхӕтыд йемӕ йӕ зӕрдӕйы мидӕг» (Матфейы 5:27, 28). Адӕймаджы сӕры ӕнӕгъдау хъуыды кӕй фӕзыны, Йесо уый кой нӕ кодта. Йесо уый кой кодта, ӕмӕ, зӕгъӕм, нӕлгоймаг сылгоймагмӕ куы «кӕса», ома дзы йӕ цӕст куы нӕ иса, уӕд уый тынг тӕссаг кӕй у. Афтӕмӕй зӕрдӕйы чъизи монцтӕ стыхджын вӕййынц. Ӕмӕ йын фадат куы фӕзыны, уӕд йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй дӕр рацӕуы. Уӕдӕ адӕймаг йӕхи ахӕм бӕллӕхӕй куыд хъуамӕ бахиза? Ахӕм уавӕры йӕхи цӕмӕйфӕнды фӕцух кӕнынмӕ дӕр хъуамӕ цӕттӕ уа. Йесо загъта: «Уӕдӕ дӕ кӕд дӕ рахиз цӕст рӕдийын кӕны, уӕд ӕй скъах ӕмӕ йӕ аппар. [...] Кӕд дӕ дӕ рахиз къух рӕдийын кӕны, уӕд уый дӕр ралыг кӕн ӕмӕ йӕ аппар» (Матфейы 5:29, 30).

Зӕгъӕм, адӕймагӕн йӕ буары уӕнгтӕй кӕцыдӕр фӕсахъат вӕййы, ӕмӕ йӕ фӕхъӕуы алыг кӕнын. Ӕмӕ бирӕтӕ сӕ цард бахъахъхъӕныны тыххӕй ууыл сразы вӕййынц. Уӕдӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ цӕмӕй нӕхи ӕнӕгъдау хъуыдытӕй бахизӕм ӕмӕ тӕригъӕд ма саразӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ӕппындӕр мацӕуыл бацауӕрдӕм, кӕд нын нӕ цӕст кӕнӕ нӕ цонг куыд зынаргъ у, афтӕ зынаргъ у, уӕддӕр – хъуамӕ йӕ «аппарӕм». Йесо бамбарын кодта: «Цӕйнӕфӕлтау дӕ буар ӕнӕхъӕнӕй дӕр гееннӕйы хай бауа, фӕлтау дӕ уӕнгтӕй иу фӕхъӕуӕд». Гееннӕ уыди Иерусалимы къулты ӕдде. Уый уыд, ӕдзух арт кӕм сыгъд ӕмӕ-иу горӕты цӕрджытӕ сӕ бырӕттӕ кӕдӕм калдтой, ахӕм бынат, ӕмӕ амоны, адӕймаг ӕнустӕм кӕй фесӕфдзӕн, уымӕ.

Иу адӕймаг иннӕйы ныдздзӕхст кодта

Йесо ма хорз уынаффӕ радта, адӕймаджы исчи куы бафхӕра ӕмӕ йын куы смаст кӕна, уӕд йӕхи куыд хъуамӕ дара, уый фӕдыл дӕр: «Фыдлӕгӕн йӕ ныхмӕ ма цу, фӕлӕ дын дӕ рахиз уадул чи ныццӕва, уымӕ бадар иннӕ дӕр» (Матфейы 5:39). Ацы ныхӕстӕ ууыл дзурӕг не сты, ӕмӕ адӕймагӕн йӕ бон нӕу йӕхи кӕнӕ йӕ бинонты бахъахъхъӕнын, исчи сӕ куы нӕма кӕнӕ куы мара, уӕд. Йесо уадул ныццӕвыны кой кодта. Ӕмӕ исчи искӕй фыдцӕф фӕкӕнынмӕ кӕнӕ марынмӕ куы фӕхъавы, уӕд та йын йӕ уадул нӕ ныццӕвы. Уадулы дзӕхст ӕфхӕрдыл нымад у. Уӕдӕ Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ дӕ исчи хыл ракъахыны тыххӕй куы ныдздзӕхст кӕна кӕнӕ дӕ ныхасӕй куы бафхӕра, уӕд ын хъуамӕ дзуапп ма раттай.

Адӕймаг ацы уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайа, уӕд ӕххӕст кӕндзӕн, Хуыцау иннӕты уарзыны фӕдыл цы закъон радта, уый дӕр. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта: «Уарзут уе знӕгты ӕмӕ кувут уе ’фхӕрджыты тыххӕй». Ӕмӕ, афтӕ кӕнын цӕмӕн хъӕуы, уый дӕр сын бамбарын кодта: «Уӕд ӕцӕгдӕр уыдзыстут уӕ уӕларвон Фыды фырттӕ, уымӕн ӕмӕ уый йӕ хур скӕсын кӕны ӕвзӕртыл дӕр ӕмӕ хӕрзтыл дӕр» (Матфейы 5:44, 45).

Уыйадыл Йесо йӕ раныхасы иу хай фӕци ӕмӕ скодта ахӕм хатдзӕг: «Ут ӕххӕст, уӕ уӕларвон Фыд куыд ӕххӕст у, афтӕ» (Матфейы 5:48). Ацы ныхӕстӕ афтӕ ӕмбарын нӕ хъӕуы, ӕмӕ нӕ бон у, цӕмӕй алцӕмӕй дӕр ӕххӕст уӕм. Йесойы уый зӕгъын фӕндыд, ӕмӕ Хуыцауы куы фӕзмӕм, уӕд не знӕгты дӕр бауарздзыстӕм. Ацы хъуыды ма ӕндӕр ныхӕстӕй дӕр загъта: «Уӕ Фыд куыд фӕлмӕнзӕрдӕ у, сымах дӕр афтӕ фӕлмӕнзӕрдӕ ут» (Лукайы 6:36).

ХУЫЦАУМӔ КУВӔМ ӔМӔ ЙЫЛ НӔ ЗӔРДӔ ДАРӔМ

Дарддӕр Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн загъта: «Уӕхи адӕмы цӕстмӕ ма ӕвдисут, ӕз рӕстгӕнӕг дӕн, зӕгъгӕ». Ӕмӕ ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕгуыртӕн куы ӕххуыс кӕнай, уӕд ӕй адӕмыл ма ныхъхъӕр кӕн – афтӕ фӕкӕнынц цӕстмӕхъустӕ» (Матфейы 6:1, 2). Уымӕ гӕсгӕ-иу мах дӕр иннӕтӕн ӕххуыс кӕнӕм, куыд ничи-иу ӕй базона, афтӕ.

Лӕг кувы ӕхгӕд дуары мидӕг, куыд ничи йӕ уына, афтӕ

Уый фӕстӕ Йесо загъта: «Кувгӕ куы фӕкӕнут, уӕд дӕр цӕстмӕхъусты хуызӕн ма ут. Уыдон уарзынц ӕмбырдгӕнӕнты ӕмӕ стыр уынгты тигътыл лӕууын ӕмӕ кувын, цӕмӕй сӕ адӕм уыной. [...] Ды та куы кувай, уӕд бацу дӕ уатмӕ, дӕ дуар бахгӕн ӕмӕ скув дӕ уӕларвон Фыдмӕ – цӕстӕй фенӕн кӕмӕн нӕй, уымӕ» (Матфейы 6:5, 6). Йесойы афтӕ зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ адӕмы раз ӕппындӕр нӕй кувӕн. Иннӕты раз-иу йӕхӕдӕг дӕр куывта. Дзырд ууыл цыди, ӕмӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуы, цӕстмӕ куы фӕкувынц ӕмӕ иннӕты дисы бафтауыны тыххӕй рӕсугъд ныхӕстӕ куы фӕкӕнынц, уый.

Йесо адӕмӕн уынаффӕ радта: «Куы кувай, уӕд-иу ацы дунейы адӕмау уыцы иу ныхӕстӕ ногӕй ӕмӕ ногӕй ма дзур» (Матфейы 6:7). Ам дӕр та йӕ уый зӕгъын нӕ фӕндыд, ӕмӕ иу хъуыддаджы тыххӕй цалдӕр хатты кувын раст нӕу. Йесо бамбарын кодта, уыцы иу ныхӕстӕ «ногӕй ӕмӕ ногӕй» куы фӕдзурынц ӕмӕ, цы дзурынц, ууыл хъуыды дӕр куы нӕ фӕкӕнынц, уӕд ахӕм куывдтытӕй Хуыцау разы кӕй нӕ вӕййы. Ӕмӕ сын уый фӕстӕ бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый. Йесо ранымадта, кувын кӕй тыххӕй хъӕуы, авд ахӕм хъуыддаджы. Фыццаг ӕртӕ баст сты, Хуыцау Дун-дунейы Хицау кӕй у ӕмӕ йӕ фӕндтӕ кӕй сӕххӕст кӕндзӕн, уыимӕ. Бӕлвырдӕй та: цӕмӕй йӕ ном срухс уа, йӕ Паддзахад ӕрцӕуа ӕмӕ зӕххыл йӕ фӕндон уа. Хуыцаумӕ уыдӕтты тыххӕй куы скувӕм, ӕрмӕстдӕр-иу дзы уый фӕстӕ хъуамӕ ракурӕм, нӕхи цы хъӕуы, уый. Зӕгъӕм, нӕ бон у кувын, цӕмӕй нын алы боны фаг дӕр къӕбӕр дӕтта ӕмӕ нын нӕ тӕригъӕдтӕ хатыр кӕна. Кувӕн ма ис уый тыххӕй дӕр, цӕмӕй нын фӕлварӕнты фидар фӕлӕууынӕн ӕххуыс кӕна ӕмӕ нӕ Фыдбылызӕй фервӕзын кӕна.

Зынаргъ фӕрдгуытӕй йедзаг чырын, сызгъӕрин ӕхцатӕ, ӕвзист ӕмӕ сызгъӕрин мигӕнӕнтӕ

Мулкмӕ та цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм? Йесо загъта: «Зӕххыл уӕхицӕн хӕзнатӕ мауал ӕмбырд кӕнут – ам сӕ рӕмпӕг ӕмӕ згӕ бахӕрынц, стӕй сӕм давджытӕ баирвӕзынц ӕмӕ сӕ адавынц». Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ нӕу? Адӕймаг цы мулк ӕрӕмбырд кӕны, уый ӕнустӕм нӕу. Стӕй Хуыцау, адӕймагмӕ цас мулк ис, уымӕ нӕ кӕсы. Уымӕ гӕсгӕ Йесо дарддӕр загъта: «Уӕхицӕн хӕзнатӕ ӕмбырд кӕнут уӕлӕрвты». Кӕд уыдзӕн зӕгъӕн, ӕмӕ хӕзнатӕ уӕлӕрвты ӕмбырд кӕнӕм? Хуыцауы хъуыддаг нӕ царды фыццаг бынаты куы ’вӕрӕм, уӕд. Хуыцауы раз нын хорз ном куы уа, уӕд нын уый ничи адавдзӕн. Стӕй ӕнусон цард дӕр Хуыцауы лӕвар у, ӕмӕ нӕ уымӕй дӕр ӕнӕхай ничи фӕкӕндзӕн. Уӕдӕ Йесо раст загъта: «Дӕ хӕзна кӕм уа, уым уыдзӕн дӕ зӕрдӕ дӕр» (Матфейы 6:19–21).

Адӕймаджы цӕст

Ацы хъуыды ноджы хуыздӕр бамбарын кодта ахӕм цӕвиттоны фӕрцы: «Буарӕн йӕ цырагъ цӕст у. Ӕмӕ дӕ цӕст иу цӕмӕдӕр арӕзт куы уа, уӕд дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн рухс. Фӕлӕ дӕ цӕст, ӕвзӕр цы у, уымӕ куы уа арӕзт, уӕд та дӕ буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн талынг» (Матфейы 6:22, 23). Адӕймаг цӕстӕй хорз куы фӕуыны, уӕд уый йӕ буарӕн ӕгасӕй дӕр вӕййы судзгӕ цырагъы хуызӕн. Фӕлӕ цӕмӕй афтӕ уа, уый тыххӕй цӕст хъуамӕ арӕзт уа иу цӕмӕдӕр. Кӕннод, царды ӕцӕгдӕр ахсджиаг цы у, уый нал ӕмбардзыстӕм. Хуыцауӕн лӕггад кӕныны бӕсты мулк ӕмбырд кӕныныл куы суӕм, уӕд, зӕгъӕн ис, ӕмӕ нӕ «буар ӕгасӕй дӕр уыдзӕн талынг», ома, гӕнӕн ис, исты талынг кӕнӕ хӕрам хъуыддӕгтӕ кӕнын дӕр райдайӕм.

Уый фӕстӕ Йесо ӕрхаста диссаджы цӕвиттон: «Иу адӕймагӕн дӕр йӕ бон нӕу, ӕмӕ дыууӕ хицауы цагъар уа – сӕ иуӕй йе сӕфт уындзӕн, иннӕйы та уарздзӕн, сӕ иуыл ӕнувыд уыдзӕн, иннӕйы та ницӕмӕ дардзӕн. Уӕ бон нӕу, цӕмӕй Хуыцауы цагъартӕ дӕр уат ӕмӕ Хъӕздыгдзинады цагъартӕ дӕр» (Матфейы 6:24).

Йесомӕ чи хъуыста, уыдоны ’хсӕн куыннӕ уыдаид, цардамӕлттӕ кӕнын зын кӕмӕн уыд, ахӕмтӕ дӕр. Йесо бамбарын кодта, Хуыцауы хъуыддаг фыццаг бынаты куы ’вӕрой, уӕд сӕ уыдӕттыл мӕт кӕнын кӕй нӕ хъӕуы: «Акӕсут-ма уӕларвон мӕргътӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ ӕмӕ нӕдӕр хордӕтты хор ӕфснайынц, фӕлӕ сӕ уӕ уӕларвон Фыд ӕфсады» (Матфейы 6:26).

Ӕмӕ, сӕ алыварс цы дидинджытӕ зади, уыдонӕй та цы зӕгъӕн уыд? Йесо загъта, зӕгъгӕ, «паддзах Соломоны хуызӕн хъӕздыг лӕг нӕ уыд, ӕмӕ-иу уый дӕр уыдоны хуызӕн рӕсугъд нӕ сарӕзта йӕхи». Цымӕ йӕ уымӕй цы зӕгъын фӕндыд? «Кӕд Хуыцау, абон чи ис, райсом та пецы кӕй баппардзысты, уыцы кӕрдӕг афтӕ сфӕлынды, уӕд сымах ӕнӕ дарӕсӕй ныууадздзӕн?» (Матфейы 6:29, 30). Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн радта зондджын уынаффӕ: «Мӕт макуы кӕнут ӕмӕ ма дзурут, зӕгъгӕ, цы хӕрӕм, цы нуазӕм, кӕнӕ, нӕ уӕлӕ цы скӕнӕм. [...] Уӕ уӕларвон Фыд зоны, уыдон уӕ иууылдӕр кӕй хъӕуынц. Уӕдӕ фыццаджыдӕр агурут Хуыцауы паддзахад ӕмӕ йӕ рӕстдзинад, ӕмӕ уын ӕппӕт уыдӕттӕ дӕр уыдзӕни» (Матфейы 6:31–33).

ЦӔУТ, ЦАРДМӔ ЧИ КӔНЫ, УЫЦЫ ФӔНДАГЫЛ

Апостолты ӕмӕ иннӕ сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы фӕндыд сӕ цардӕй Хуыцауы зӕрдӕ рухс кӕнын, фӕлӕ сӕ уавӕрты уый аразын ӕнцон нӕ уыд. Зӕгъӕм, фарисейтӕй бирӕтӕ алкӕуыл дӕр фаутӕ ӕвӕрдтой. Уымӕ гӕсгӕ Йесо йӕ ныхасмӕхъусджытӕн ныффӕдзӕхста: «Макӕй кой кӕнут, ӕмӕ сымах кой дӕр ничи кӕндзӕн, уымӕн ӕмӕ иннӕтӕй цы дзурат, уый дзурдзысты сымахӕй дӕр» (Матфейы 7:1, 2).

Адӕймаг фарисейтау алкӕуыл фаутӕ куы ’вӕра, уӕд уый тӕссаг у. Йесо бамбарын кодта: «Куырмӕн йӕ бон куырмы кӕнын у? Сӕ дыууӕ дӕр дзыхъхъы нӕ ныххаудзысты?» Уӕдӕ, Йесомӕ чи хъуыста, уыдон иннӕтӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кастаиккой? Хъуамӕ сыл фаутӕ ма ӕвӕрдтаиккой, уымӕн ӕмӕ уый стыр рӕдыд уыдаид. Йесо сӕ бафарста: «Дӕхи цӕсты хъӕд куы нӕ уыныс, уӕд де ’фсымӕры цӕсты хъӕмпыхалмӕ цы кӕсыс? Де ’фсымӕрӕн афтӕ куыд зӕгъыс: „Ме ’фсымӕр, ӕри-ма, дӕ цӕсты цы хъӕмпыхал ис, уый дын райсон“, кӕд ӕмӕ дӕхи цӕсты хъӕд нӕ уыныс? Цӕстмӕхъус! Раздӕр уал дӕхи цӕстӕй хъӕд раппар, ӕмӕ уӕд, де ’фсымӕры цӕстӕй хъӕмпыхал куыд райсай, уый дӕр фендзынӕ» (Лукайы 6:39–42).

Адӕймаджы къухы налгъуыт; фӕстейӕ та – хуытӕ

Фӕлӕ кӕд Йесо афтӕ загъта, иннӕты кой ма кӕнут, зӕгъгӕ, уӕддӕр уый ууыл дзурӕг нӕу, ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ адӕмы тыххӕй хъуамӕ ӕппындӕр хатдзӕгтӕ ма кӕной. Йесо сӕ йӕхӕдӕг разӕнгард кодта: «Табуйаг цы у, уый куыйтӕн ма дӕттут ӕмӕ уӕ налхъуыт хуыты размӕ ма ӕппарут» (Матфейы 7:6). Хуыцауы Ныхасы цы фыст ис, уый зынаргъ хӕзна у, налхъуыт куыд зынаргъ у, афтӕ. Ӕмӕ адӕймаг ӕнӕмбаргӕ цӕрӕгойӕ уӕлдай куы нӕ уа ӕмӕ уыцы зынаргъ хӕзнайӕн аргъ кӕнын куы нӕ зона, уӕд ӕй Чырыстийы ахуыргӕнинӕгтӕ хъуамӕ ныууадзой ӕмӕ уый бӕсты, рӕстдзинад йӕ зӕрдӕмӕ чи айсдзӕн, ахӕмты агурой.

Лӕг йӕ фыртӕн дӕтты дзулы къӕбӕр

Йесо гыццыл раздӕр дзырдта, кувын куыд хъӕуы, уый тыххӕй. Ныр та загъта, адӕймаг ӕдзух ӕмӕ ӕнӕрынцойӕ кӕй хъуамӕ кува: «Курут, ӕмӕ уын ратдзысты». Хуыцау адӕймаджы куывдтытӕн дзуапп раттынмӕ цӕттӕ у, ӕмӕ уый Йесо бамбарын кодта ахӕм фарстайы фӕрцы: «Искӕмӕй уӕ йӕ сывӕллон дзул куы ракура, уӕд ын дур ратдзӕн?» Уый фӕстӕ йӕ ныхас адарддӕр кодта: «Ӕмӕ кӕд сымах, тӕригъӕдджын уӕвгӕйӕ, уӕ цотӕн хорзы цӕуын зонут, уӕд уӕ уӕларвон Фыд та куыннӕ ракӕндзӕн хорздзинӕдтӕ, чи дзы куры, уыдонӕн!» (Матфейы 7:7–11).

Дарддӕр Йесо бамбарын кодта, адӕймаг иннӕтӕн куыд хъуамӕ уа, уый: «Уӕдӕ уӕ алы хъуыддаджы дӕр куыд фӕнды, цӕмӕй уын адӕм уой, афтӕ сын ут уӕхӕдӕг дӕр». Ацы ныхӕстӕ ӕнӕхъӕн дунейы дӕр бирӕтӕ зонынц. Цымӕ сӕ не ’ппӕт дӕр хъуамӕ нӕ зӕрдӕмӕ ма айсӕм ӕмӕ иннӕтӕн афтӕ ма уӕм? Йӕ зӕгъын ӕнцон у, фӕлӕ йӕ саразын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, Йесо уый фӕстӕ цы загъта, уымӕй: «Бахизут нарӕг дуарыл, уымӕн ӕмӕ сӕфтмӕ цы фӕндаг кӕны, уый у фӕтӕн ӕмӕ уӕрӕх, ӕмӕ йыл бирӕтӕ цӕуынц. Цардмӕ цы фӕндаг кӕны, уый та уынгӕг у, ӕмӕ дуар дӕр нарӕг у, ӕмӕ уыцы фӕндаг бирӕтӕ не ссарынц» (Матфейы 7:12–14).

Бирӕгъ фысы цармы

Йесо зыдта, чидӕртӕ кӕй архайдзысты, цӕмӕй йын йӕ ахуыргӕнинӕгты царды фӕндагӕй фӕиппӕрд кӕной. Ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ бафӕдзӕхста: «Уӕхи хизут мӕнг пехуымпартӕй – уыдон уӕм ӕрбацӕуынц фысы цармы, мидӕгӕй та сты тугдзых бирӕгътӕ» (Матфейы 7:15). Йесо куыд загъта, афтӕ хорз бӕлас дӕр ӕмӕ ӕвзӕр бӕлас дӕр базонӕн вӕййы сӕ дыргътӕй. Ӕмӕ афтӕ сты адӕм дӕр. Уӕдӕ мӕнг пехуымпарты дӕр базонӕн ис, цы дзурынц ӕмӕ цы аразынц, уымӕй. Йесо бамбарын кодта, адӕймаг йӕ ахуыргӕнинаг кӕй у, уый ӕрмӕст йӕ ныхӕстӕй кӕй нӕ уыдзӕн бӕрӕг, фӕлӕ йӕ хъуыддӕгтӕй дӕр. Иуӕй-иутӕ Йесойы сӕ Хицау хонынц. Фӕлӕ кӕд Хуыцауы фӕндон не ’ххӕст кӕнынц, уӕд та? Ахӕм адӕймӕгты тыххӕй Йесо загъта: «Уӕд [сын] ӕз ӕргом зӕгъдзынӕн: „Ӕз уӕ нӕ зонын! Ацӕут ардыгӕй, фыдгӕнджытӕ» (Матфейы 7:23).

Йӕ раныхасы кӕрон Йесо загъта: «Уӕдӕ мын мӕ ныхӕстӕ чи хъусы ӕмӕ сӕ чи ӕххӕст кӕны, уый у, йӕ хӕдзар къӕдзӕхыл чи сарӕзта, уыцы зондджын адӕймаджы хуызӕн. Иу бон къӕвда ныккалдта, дӕттӕ раивылдысты, дымгӕ сыстад, ӕмӕ сӕхи ныццавтой уыцы хӕдзарыл, фӕлӕ хӕдзар нӕ ныккалд, уымӕн ӕмӕ къӕдзӕхыл лӕууыд» (Матфейы 7:24, 25). Цымӕ уыцы хӕдзар фидар цӕмӕн лӕууыд? Уымӕн ӕмӕ йӕ чи арӕзта, уый «арф» ныкъкъахта ӕмӕ йӕ хӕдзарӕн бындур «къӕдзӕхыл» ӕрӕвӕрдта (Лукайы 6:48). Уӕдӕ Йесойы ныхӕстӕ хъусӕм, ӕрмӕст уый фаг нӕу – хъуамӕ ӕппӕт хъарутӕй архайӕм, цӕмӕй сӕ «ӕххӕст кӕнӕм».

Цы зӕгъӕн ис, Йесойы ныхӕстӕ «чи хъусы», фӕлӕ «сӕ чи не ’ххӕст кӕны», уымӕй та? Уый у, «йӕ хӕдзар змисыл чи сарӕзта, уыцы ӕнӕзонд адӕймаджы хуызӕн» (Матфейы 7:26). Къӕвда куы ныккала, дӕттӕ куы раивылой ӕмӕ дымгӕ куы сыста, уӕд йӕ хӕдзар ныккӕлдзӕн.

Адӕм дисӕй мардысты, Йесо сӕ куыд ахуыр кодта, ууыл. Дины разамонджытӕй уӕлдай уый кодта барджын ныхас. Ӕмӕ йӕм чи хъуыста, уыдонӕй, ӕвӕццӕгӕн, бирӕтӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ систы.

ХОРЗ АХУЫРГӔНӔН МАДЗАЛ

Йесо йӕ къухтӕ радардта, афтӕмӕй кувы

Йесо-иу йӕ сӕйраг ахуырӕдтӕ йӕ ныхасмӕхъусджыты зӕрдыл цалдӕр хатты дӕр ӕрлӕууын кодта. Зӕгъӕм, ацы раныхасы сын бацамыдта, кувын куыд хъӕуы ӕмӕ мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсын хъӕуы, уый (Матфейы 6:9–13, 25–34).

Афӕдз ӕмӕ ӕрдӕджы бӕрц куы рацыд, уӕд та адӕмӕн уыцы ахуырӕдтӕм ногӕй сӕ хъус ӕрдардта (Лукайы 11:1–4; 12:22–31). Уый фӕрцы сӕ фехъуыстой, фыццаг хатт сӕ чи нӕ фехъуыста, уыдон дӕр, стӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр сӕйраг хъуыдытӕ хуыздӕр бахъуыды кодтой.

  • Йесо йӕ зындгонд раныхас кӕм дзырдта ӕмӕ йӕм чи хъуыста?

  • Уыцы раныхасӕн адӕм стыр аргъ цӕмӕн кӕнынц?

  • Ӕцӕг амондджын чи у ӕмӕ цӕмӕн?

  • Ӕцӕг амондджын чи у, уыдонӕй уӕлдай Йесо афтӕ кӕмӕй загъта, мӕгуыр уӕ бон, зӕгъгӕ, ӕмӕ цӕмӕн?

  • Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгты «зӕххы цӕхх» ӕмӕ «ацы дунейӕн рухс» цӕмӕн схуыдта?

  • Йесо Хуыцауы Закъонӕн тынг кӕй аргъ кодта, уый куыд равдыста? Бамбарын ӕй кӕн.

  • Адӕймаг искӕй цӕмӕн амары ӕмӕ йӕ цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕмӕн рацӕуы, уый Йесо куыд бамбарын кодта?

  • Цы нысан кӕнынц Йесойы ныхӕстӕ, дӕ иу уадул дын чи ныццӕва, уымӕ иннӕ дӕр бадар, зӕгъгӕ?

  • Уый гӕнӕн куыд ис, ӕмӕ мах дӕр, Хуыцау куыд ӕххӕст у, афтӕ ӕххӕст уӕм?

  • Йесо Хуыцаумӕ кувыны фӕдыл цавӕр амындтӕ радта?

  • Хуыцауы Ныхасы цы хӕзнатӕ ис, уыдон зӕххон хӕзнатӕй зынаргъдӕр цӕмӕн сты ӕмӕ сӕ куыд ис ӕмбырд кӕнӕн?

  • Чырысти йӕ фӕдылдзӕуджытӕн афтӕ цӕмӕн загъта, мӕт мацӕуыл кӕнут, зӕгъгӕ?

  • Йесо иннӕты кой кӕныны тыххӕй цы загъта, фӕлӕ уӕддӕр йӕ ахуыргӕнинӕгты адӕмы тыххӕй хатдзӕгтӕ кӕнын цӕмӕн фӕхъӕуы?

  • Йесо ма кувыны тыххӕй ноджыдӕр цы загъта ӕмӕ, иннӕтӕн куыд хъуамӕ уӕм, уый фӕдыл цавӕр уынаффӕ радта?

  • Йесо куыд бамбарын кодта, адӕймаг йӕ ахуыргӕнинаг уа, уый ӕнцон кӕй нӕу ӕмӕ, царды фӕндагӕй фӕиппӕрд уа, уымӕй тӕссаг кӕй у?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын