Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 36 сӕр, 92 ф.–93 ф., 7 абз.
  • Ӕфсӕддон хицау стыр уырнындзинад равдыста

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ӕфсӕддон хицау стыр уырнындзинад равдыста
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сӕдӕйы хицауы фидар уырнындзинад
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Зыдтай йӕ?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 36 сӕр, 92 ф.–93 ф., 7 абз.
Ӕфсӕддон хицау кӕсы йӕ рынчын цагъармӕ; фӕстейӕ – дзуттӕгты хистӕртӕ Йесомӕ бацыдысты

36 СӔР

Ӕфсӕддон хицау стыр уырнындзинад равдыста

МАТФЕЙЫ 8:5–13 ЛУКАЙЫ 7:1–10

  • ӔФСӔДДОН ХИЦАУЫ ЦАГЪАР СДЗӔБӔХ

  • ХУЫЦАУ РААРФӔ КӔНДЗӔН, УЫРНЫНДЗИНАД КӔМӔ ИС, УЫДОНӔН

Дзуттӕгты хистӕртӕ Йесомӕ бацыдысты

Йесо йӕ зындгонд раныхас куы радзырдта, уый фӕстӕ ацыд горӕт Капернауммӕ. Уым ӕм дзуттӕгты хистӕртӕй чидӕртӕ бацыдысты. Ӕндӕр адӕмӕй чи уыд ӕмӕ ӕндӕр диныл хӕст чи уыди, иу ахӕм лӕг сӕ ӕрбарвыста. Уыцы лӕг уыди ромаг ӕфсӕддон хицау, ӕмӕ йӕ дӕлбар уыд 100 адӕймаджы.

Уыцы ӕфсӕддон хицауӕн уыди, тынг кӕй уарзта, ахӕм лӕггадгӕнӕг. Фӕлӕ йын афтӕ фӕрынчын, ӕмӕ мӕлӕты къахыл ныллӕууыд. Ӕмӕ кӕд ӕфсӕддон хицау дзуттаг нӕ уыд, уӕддӕр ӕххуысмӕ ӕрцагуырдта Йесойы. Дзуттӕгтӕ Йесойӕн загътой, йӕ лӕггадгӕнӕг, дам, «хӕдзары хуыссы – паралич ӕй ныццавта, ӕмӕ тухӕнӕй мӕлы», ӕвӕццӕгӕн, йӕ рыстытӕ нал урӕдта (Матфейы 8:6). Дзуттӕгты хистӕртӕ Йесойӕн загътой, зӕгъгӕ, ӕфсӕддон хицау уый аккаг у, ӕмӕ йын баххуыс кӕнай. Ӕмӕ цӕмӕн, уый дӕр ын бамбарын кодтой: «Нӕ адӕмы [нын] уарзы, ӕмӕ нын ӕмбырдгӕнӕн дӕр уый сарӕзта» (Лукайы 7:4, 5).

Йесо ис ӕфсӕддон хицауы хӕдзармӕ хӕстӕг, ӕфсӕддон хицауы ӕмбӕлттӕ йӕ размӕ рацыдысты

Ӕмӕ Йесо дӕр семӕ ӕфсӕддон хицауы хӕдзармӕ ацыд. Фӕлӕ куы фӕцӕйхӕццӕ кодтой, уӕд хицау йе ’мбӕлтты сӕ размӕ рарвыста ахӕм ныхасимӕ: «Мӕ буц Хицау, дӕхи ма тыхсын кӕн. Ӕз уый аккаг нӕ дӕн, ӕмӕ мӕ хӕдзары къӕсӕрӕй бахизай. Мӕхӕдӕг дӕр дӕм уымӕн нӕ ацыдтӕн, ӕмӕ мӕхи уый аккагыл нӕ нымайын» (Лукайы 7:6, 7). Ахъуыды-ма кӕн, кӕд йӕхицӕн йӕ дӕлбар адӕм уыди, уӕддӕр куыд сӕрныллӕг уыд! Стӕй куыд тынг хицӕн кодта, йӕ цагъартыл марынӕй дӕр чи нӕ ауӕрста, уыцы ромӕгтӕй! (Матфейы 8:9).

Дзуттӕгтӕ иннӕ адӕмтӕй сӕхи дард кӕй ластой, уый уыцы ӕфсӕддон хицау куыннӕ зыдтаид (Хъуыддӕгтӕ 10:28). Ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, йе ’мбӕлттӕн дӕр уый тыххӕй ныффӕдзӕхста, цӕмӕй Йесойӕн загътаиккой: «Ды ӕрмӕст ныхас зӕгъ, ӕмӕ мӕ лӕггадгӕнӕг сдзӕбӕх уыдзӕн» (Лукайы 7:7).

Уыцы ныхӕстӕ Йесойы дисы бафтыдтой ӕмӕ загъта: «Зӕгъын уын: ӕз ахӕм уырнындзинад Израилы дӕр нӕ федтон» (Лукайы 7:9). Гъемӕ ӕрвыст лӕгтӕ фӕстӕмӕ хицауы хӕдзармӕ куы ’рбаздӕхтысты, уӕд рынчын цагъары дзӕбӕхӕй баййӕфтой.

Йесо ӕфсӕддон хицауы лӕггадгӕнӕджы куы сдзӕбӕх кодта, уӕд уыцы фадатӕй спайда кодта, цӕмӕй бамбарын кодтаид, иннӕ адӕмтӕй уырнындзинад кӕмӕ ис, уыдон Хуыцауӕй ӕрфӕгонд кӕй ӕрцӕудзысты. Адӕмӕн загъта: «Скӕсӕнӕй ӕмӕ ныгуылӕнӕй бирӕтӕ ӕрцӕудзысты, ӕмӕ уӕларвон паддзахады Авраам, Исахъ ӕмӕ Иаковимӕ иу фынгыл ӕрбаддзысты». Уырнындзинад кӕмӕ нӕ уыд, уыцы дзуттӕгтӕ та? Уыдоны тыххӕй та загъта, зӕгъгӕ сӕ «раппардзысты ӕддӕмӕ, талынгмӕ. Уырдыгӕй цӕудзӕн сӕ кӕуын ӕмӕ сӕ хъӕрзын» (Матфейы 8:11, 12).

Хуыцау фыццаг дзуттӕгтӕн радта ахӕм диссаджы фадат, цӕмӕй Чырыстиимӕ уӕларвон Паддзахады уыдаиккой. Фӕлӕ сӕ уыцы фадатӕй спайда кӕнын кӕй нӕ бафӕндыд, уымӕ гӕсгӕ сӕ Хуыцау аиуварс кодта ӕмӕ «уӕларвон паддзахады» Чырыстиимӕ фынгыл ӕрбадынмӕ ӕрхуыдта иннӕ адӕмты.

  • Дзуттӕгтӕ ромаг ӕфсӕддон хицауы тыххӕй Йесойӕн цӕмӕн лӕгъстӕ кодтой?

  • Ӕфсӕддон хицауы цӕуылнӕ фӕндыд, цӕмӕй йӕм Йесо хӕдзармӕ ӕрбацыдаид?

  • Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй иннӕ адӕмтӕн цавӕр диссаджы фадат фӕзынд?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын