Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 48 сӕр, 120 ф.–121 ф., 8 абз.
  • Назареты дӕр ыл нӕ баууӕндыдысты

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Назареты дӕр ыл нӕ баууӕндыдысты
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иаиры хӕдзарӕй фӕстӕмӕ Назаретмӕ
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Чырыстийы диссӕгтӕ цӕуыл дзурӕг сты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Йесо диссӕгтӕ кӕй хъаруйӕ арӕзта?
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Назареты ӕмбырдгӕнӕны
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 48 сӕр, 120 ф.–121 ф., 8 абз.
Йесо Иаиры хӕдзарӕй рацыд, ӕмӕ адӕм дӕр йӕ фӕдыл рацӕуынц

48 СӔР

Назареты дӕр ыл нӕ баууӕндыдысты

МАТФЕЙЫ 9:27–34; 13:54–58 МАРЧЫ 6:1–6

  • ЙЕСО СДЗӔБӔХ КОДТА ДЫУУӔ КУЫРМЫ ӔМӔ ИУ ӔГОМЫГ ЛӔДЖЫ

  • НАЗАРЕТЫ ЦӔРДЖЫТӔ ЙЫЛ НӔ БАУУӔНДЫДЫСТЫ

Йесо уыцы бон бирӕ хорз хъуыддӕгтӕ сарӕзта. Дӕссахарӕй бӕлӕгъыл фӕстӕмӕ куы ӕрбаздӕхт, уӕд уал фыццаг сдзӕбӕх кодта, тугцыдӕй чи удхар кодта, уыцы сылгоймаджы, уый фӕстӕ та Иаиры чызджы райгас кодта. Фӕлӕ бон нӕма фӕци. Иаиртӕй куы рацыд, уӕд дыууӕ куырм лӕджы йӕ фӕдыл бафтыдысты ӕмӕ хъӕр кодтой: «Давиды Фырт, батӕригъӕд нын кӕн!» (Матфейы 9:27).

Йесойы «Давиды Фырт» кӕй схуыдтой, уымӕй равдыстой сӕ уырнындзинад. Уырныдта сӕ, Йесо Давиды паддзахбадӕныл кӕй баддзӕн, ӕмӕ кӕй у Мессийӕ. Йесо йӕхи ницыхъусӕг скодта. Ӕвӕццӕгӕн ӕй фӕндыд, куыд зӕрдиагӕй архайдзысты, уый фенын. Ӕмӕ йӕ ӕцӕгдӕр уӕгъд не суагътой. Хӕдзармӕ куы бахызт, уӕд уыдон дӕр йӕ фӕдыл мидӕмӕ бацыдысты, ӕмӕ сӕ уӕд бафарста: «Уырны уӕ, мӕ бон уӕ кӕй у сдзӕбӕх кӕнын?» Уыдон ын дзуапп радтой: «Уырны, Хицау». Уӕд сын сӕ цӕстытӕм бавнӕлдта ӕмӕ сын загъта: «Уӕ уырнындзинадмӕ гӕсгӕ уын уӕд» (Матфейы 9:28,29).

Ӕмӕ ӕвиппайды сӕ дыууӕ дӕр цӕстӕй ракастысты! Йесо-иу уымӕй размӕ иннӕтӕн куыд загъта, афтӕ та адонӕн дӕр ныффӕдзӕхста, цӕмӕй сын цы сарӕзта, уый макӕмӕн радзырдтаиккой. Фӕлӕ уыдон афтӕ цин кодтой, ӕмӕ йын фӕстӕдӕр йӕ кой алы рӕтты айхъуысын кодтой.

Уыцы дыууӕ лӕджы куы рацӕйцыдысты, уӕд адӕм Йесомӕ ӕрбакодтой, хӕйрӕджджын чи уыд ӕмӕ уый тыххӕй йӕ бон дзурын кӕмӕн нӕ уыд, ахӕм лӕджы. Куыддӕр дзы Йесо дӕлимоны расырдта, афтӕ лӕг дзурын райдыдта. Адӕм дисы бафтыдысты ӕмӕ дзырдтой: «Ахӕм хабар Израилы никуыма ’рцыд». Уым уыди фарисейтӕй дӕр чидӕртӕ. Ӕмӕ, Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый ныхмӕ сӕ бон зӕгъын ницы уыди. Уымӕ гӕсгӕ йӕ уымӕй размӕ куыд аххосджын кодтой, афтӕ та йӕ ныр дӕр фӕаххосджын кодтой, зӕгъгӕ, дам, «уый хӕйрӕджыты суры хӕйрӕджыты ӕлдары хъаруйӕ» (Матфейы 9:33, 34).

Гыццыл фӕстӕдӕр Йесо араст, кӕм схъомыл, уыцы горӕтмӕ, Назаретмӕ. Ацы хатт йемӕ уыдысты йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ дӕр. Уым адӕмы ӕмбырдгӕнӕны куы ахуыр кодта, уымӕй иу азы бӕрц рацыдаид. Уӕд адӕм фыццаг дис кодтой, цы сын дзырдта, ууыл, фӕлӕ стӕй йӕ ныхӕстӕй цыдӕр сӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд, ӕмӕ йӕ марынмӕ хъавыдысты. Фӕлӕ та ныр Йесо ногӕй бафӕлвӕрдта, цы адӕмы ’хсӕн схъомыл, уыдонӕн баххуыс кӕнын.

Гъемӕ та сабатбон ӕмбырдгӕнӕнмӕ бацыд ӕмӕ сӕ уым ахуыр кодта. Бирӕтӕ йыл дис кодтой ӕмӕ ма сӕ кӕрӕдзи дӕр фарстой: «Ацы адӕймагмӕ ахӕм зонд кӕцӕй ис? Кӕцӕй йӕм ис ахӕм диссӕгтӕ аразыны хъару?» Дзырдтой: «Хъӕддӕсныйы фырт нӕу, ӕви? Йӕ мад Марийӕ нӕ хуыйны, йе ’фсымӕртӕ та – Иаков, Иосиф, Симон ӕмӕ Иудӕ? Йӕ хотӕ дӕр иууылдӕр мӕнӕ ам немӕ не сты? Уӕд ӕппӕт адӕттӕ кӕцӕй зоны?» (Матфейы 13:54–56).

Афтӕ сӕм каст, ӕмӕ Йесо иннӕ адӕмӕй ницӕмӕй хицӕн кӕны. Хъуыды кодтой, ам нӕ разы куы схъомыл, уӕд Мессийӕ куыд хъуамӕ уа, зӕгъгӕ. Ӕмӕ сын кӕд бӕлвырдгӕнӕнтӕ фагӕй дӕр фылдӕр уыди,– кӕд Йесо цы стыр зонды хицау уыд ӕмӕ цы хъомысджын хъуыддӕгтӕ арӕзта, уый сӕхи цӕстӕй уыдтой,– уӕддӕр ыл нӕ баууӕндыдысты. Йесойыл суанг йӕхиуӕттӕ дӕр не ’ууӕндыдысты, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ загъта: «Пехуымпарӕн алы ран дӕр вӕййы кад, йӕ райгуырӕн бӕстӕйы ӕмӕ йӕхи хӕдзары йеддӕмӕ» (Матфейы 13:57).

Йесо дис кодта, куыд ницы сӕ уырны, ууыл. Ӕмӕ уыцы горӕты ӕрмӕст «цалдӕр рынчын адӕймагыл йӕ къухтӕ ӕрӕвӕрдта ӕмӕ сӕ сдзӕбӕх кодта», ӕндӕр дзы диссӕгтӕ нӕ сарӕзта (Марчы 6:5, 6).

  • Дыууӕ куырм лӕджы Йесойы «Давиды Фырт» кӕй схуыдтой, уымӕй цы равдыстой?

  • Йесо диссӕгтӕ кӕй арӕзта, уый фарисейтӕ куыд ӕмбарын кодтой?

  • Назареты цӕрджытӕ Йесомӕ цы цӕстӕй ракастысты ӕмӕ цӕмӕн?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын