Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 52 сӕр, 128 ф.–129 ф., 7 абз.
  • Цалдӕр дзулӕй ӕмӕ цалдӕр кӕсагӕй минты бафсӕста

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Цалдӕр дзулӕй ӕмӕ цалдӕр кӕсагӕй минты бафсӕста
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо диссаджы хуызы бафсӕста минты
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесо мингай адӕмӕн бахӕрын кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Йесо бафсӕста бирӕ адӕмы
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Дзултӕ сбирӕ кодта ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй бафӕдзӕхста
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 52 сӕр, 128 ф.–129 ф., 7 абз.
Йесо фондз дзулы ӕрсаста, дыууӕ кӕсаджы адих кодта ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, адӕмыл сӕ айуарут, зӕгъгӕ

52 СӔР

Цалдӕр дзулӕй ӕмӕ цалдӕр кӕсагӕй минты бафсӕста

МАТФЕЙЫ 14:13–21 МАРЧЫ 6:30–44 ЛУКАЙЫ 9:10–17 ИОАННЫ 6:1–13

  • ЙЕСО БАФСӔСТА 5 000 ЛӔДЖЫ

Йесойы 12 апостолы Галилейӕйы хъӕутӕ ӕмӕ горӕттыл ӕрзылдысты ӕмӕ алы ран дӕр хорз хабар хъусын кодтой. Уый фӕстӕ Йесойӕн радзырдтой, «цытӕ сарӕзтой ӕмӕ адӕмы цӕуыл сахуыр кодтой, уыдӕттӕ иууылдӕр». Апостолтӕ, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, бафӕлладысты. Фӕлӕ сӕм уыйбӕрц адӕм цыди, ӕмӕ сын къӕбӕр бахӕрыны фадат дӕр нӕ уыд. Уымӕ гӕсгӕ сын Йесо загъта: «Ацӕуӕм хибар ранмӕ, цӕмӕй уым иу гыццыл уӕ фӕллад суадзат» (Марчы 6:30, 31).

Уыдон дӕр, ӕвӕццӕгӕн, Капернауммӕ хӕстӕг ран, бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ сӕ ных сарӕзтой Иорданы цӕугӕдонӕй скӕсӕнырдӕм, Вифсаидӕйӕ фалдӕр цы хибар ран уыд, уырдӕм. Фӕлӕ уырдӕм куыд фӕцӕйцыдысты, уый бирӕтӕ федтой ӕмӕ хабар иннӕтӕн дӕр радзырдтой. Гъемӕ адӕм денджызы былтыл азгъордтой ӕмӕ сӕ разӕй уым балӕууыдысты.

Йесо бӕлӕгъӕй куы рахызт ӕмӕ уыйбӕрц адӕмы куы федта, уӕд сын фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ ӕнӕфыййау фыстӕй уӕлдай нӕ уыдысты. Гъемӕ сын Хуыцауы Паддзахады тыххӕй «бирӕ цыдӕртӕ амонын» райдыдта (Марчы 6:34). Стӕй, «дзӕбӕх кӕнын кӕй хъуыд, уыдоны» дӕр сдзӕбӕх кодта (Лукайы 9:11). Уӕдмӕ рӕстӕг дӕр йӕ цыды кой кодта, ӕмӕ йын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ загътой: «Ам цӕрӕг дӕр нӕй, стӕй ӕгӕр баизӕр. Арвит адӕмы, цӕмӕй хъӕутӕм ацӕуой ӕмӕ сӕхицӕн хӕринаг балхӕной» (Матфейы 14:15).

Ӕмӕ сын уӕд Йесо загъта: «Цӕуын сӕ никуыдӕм хъӕуы. Сымах сын бахӕрын кӕнут исты» (Матфейы 14:16). Ӕмӕ кӕд, цы саразинаг уыд, уый уӕдмӕ дӕр зыдта, уӕддӕр ӕй фӕндыд Филиппы бафӕлварын, ӕмӕ йӕ бафарста: «Ацы адӕмӕн дзул кӕм балхӕнӕм?» Филиппы та уымӕн бафарста, ӕмӕ уый Вифсаидӕйӕ уыди. Фӕлӕ уыйбӕрц дзултӕ куыд хъуамӕ балхӕдтаиккой?! Ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ дзы 5 000 бӕрц уыд. Ӕмӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ та дыууӕ хатты фылдӕр уыдаиккой! Ӕмӕ Филипп дзуапп радта: «Цӕмӕй дзы алкӕмӕ дӕр фӕйнӕ гыццыл къӕбӕры ӕрхауа, уый тыххӕй сын дыууӕсӕдӕ динарӕйa куы балхӕнӕм дзултӕ, уӕд дӕр сын не сфаг уыдзысты» (Иоанны 6:5–7).

Йесо ныхас кӕны, фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы кӕмӕ уыд, уыцы гыццыл лӕппуимӕ

Андрей та ма йын йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Мӕнӕ ам иу гыццыл лӕппумӕ ис фондз дзулы хъӕбӕрхорӕй ӕмӕ дыууӕ гыццыл кӕсаджы. Фӕлӕ уыйбӕрц адӕмӕн уыдон цы фаг сты?» Ӕвӕццӕгӕн, уыцы ныхӕстӕй уый зӕгъинаг уыди, ӕмӕ се ’ппӕты бафсадынӕн ницы амал уыд (Иоанны 6:9).

Уыцы хабар ӕрцыд н. э. 32 азы уалдзӕджы, Куадзӕнмӕ бирӕ куы нал хъуыди, уӕд. Ӕмӕ сӕ алыварс къуыбыртӕ кӕрдӕгӕй цъӕх дардтой. Гъемӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй адӕмы цъӕх кӕрдӕгыл къордтӕ-къордтӕй – фӕндзайгӕйттӕй ӕмӕ сӕдӕгӕйттӕй – ӕрбадын кодтаиккой. Уый фӕстӕ уыцы фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы райста ӕмӕ Хуыцауӕн раарфӕ кодта. Стӕй дзултӕ ӕрсаста, кӕсӕгтӕ адих кодта ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта, адӕмыл сӕ айуарут, зӕгъгӕ. Ӕмӕ диссаг – адӕм иууылдӕр бафсӕстысты!

Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта: «Цы къӕбӕртӕ дзы баззад, уыдон ӕрӕмбырд кӕнут, цӕмӕй дзы мацы фесӕфа» (Иоанны 6:12). Ӕмӕ къӕбӕртӕй байдзаг 12 чыргъӕды!

a Динар уыди кусӕг лӕджы боны мызд.

  • Йесойы цӕмӕн фӕндыд йӕ апостолты хибар ранмӕ акӕнын?

  • Йесо ӕмӕ йӕ апостолтӕ кӕдӕм ацыдысты ӕмӕ, уырдӕм куы бахӕццӕ сты, уӕд цы ’рцыд?

  • Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы аразын кодтой, фӕлӕ уый адӕмы куыд бафсӕста?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын