52 сӕр
Йесо диссаджы хуызы бафсӕста минты
ДЫУУАДӔС апостолы фесты сӕ уацамындон балц Галилейыл. Иоанны мӕлӕтӕй цасдӕры фӕстӕ уыдон ӕрбаздӕхтысты Йесомӕ ӕмӕ йын дзурынц сӕ диссаджы цаутӕ. Йесо уыны, тынг кӕй бафӕлладысты, фӕлӕ адӕм дыууӕрдӕм кӕй кӕнынц, уый тыххӕй сын къӕбӕр бахӕрыны фадат нӕй ӕмӕ сын уымӕ гӕсгӕ дзуры: «Ацӕуӕм хибар ранмӕ ӕмӕ уым гыццыл уӕ фӕллад суадздзыстут» («Нырыккон тӕлмац»).
Уыдон бӕлӕгъы сбадтысты — ӕвӕццӕгӕн Капернауммӕ хӕстӕг — ӕмӕ сӕ ных сарӕзтой Иорданы скӕсӕн фарсырдӕм, Вифсаидӕмӕ хӕстӕг, хибар ранмӕ. Фӕлӕ сӕ адӕмӕй бирӕтӕ федтой фӕцӕйцӕугӕ ӕмӕ иннӕтӕн дӕр загътой уый тыххӕй. Иуылдӕр донбылтыл уырдӕм алыгъдысты ӕмӕ бӕлӕгъы ӕрбацыдмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсынц.
Йесо, бӕлӕгъӕй рахизгӕйӕ, уыйбӕрц адӕм куы федта, уӕд сын тынг фӕтӕригъӕд кодта, уымӕн ӕмӕ уыдон уыдысты ӕнӕ фыййау фысты хуызӕн. Уымӕ гӕсгӕ рынчынты сдзӕбӕх кодта ӕмӕ сӕ ахуыр кӕнын райдыдта.
Бирӕ рӕстӕг кӕй рацыд, уымӕ гӕсгӕ Йесомӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ ӕрбацыдысты ӕмӕ йын дзурынц: «Ам у ӕдзӕрӕг ран, рӕстӕг та у бирӕ; ауадз сӕ, цӕмӕй уыдон ацӕуой алфамбылайы хъӕутӕм ӕмӕ балхӕной сӕхицӕн дзул».
Фӕлӕ сын Йесо загъта: «Сымах сын раттут хӕринаг». Уый фӕстӕ, кӕд Йесо цы кӕнынмӕ хъавы, уый зоны, уӕддӕр Филиппы фӕлвары ахӕм фарстӕй: «Кӕм балхӕнӕм дзултӕ, цӕмӕй уыдон бафсадӕм?»
Филиппы хъуыдымӕ гӕсгӕ уымӕн гӕнӕн нӕй, уымӕн ӕмӕ ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ сты 5 000 бӕрц, сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттимӕ та, ӕвӕццӕгӕн, 10 000-ӕй фылдӕр. Уый йын дзуапп дӕтты: «Уыдонӕн дыууӕ сӕдӕ динары [уӕд иу динар иу боны куысты мызд уыд] аргъ дзул дӕр фаг нӕ уыдзӕн, цӕмӕй алкӕмӕ дӕр фӕйнӕ гыццылы ӕрхауа».
Уыйбӕрц адӕмы бафсадӕн кӕй нӕй, ӕвӕццӕгӕн, уый равдисынӕн Андрей загъта: «Ам иу лӕппумӕ ис фондз хъӕбӕрхорӕй дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы», ӕмӕ стӕй йӕ ныхӕстӕм бафтыдта: «Фӕлӕ уыдон цы сты ахӕм бирӕ адӕмӕн?»
Уалдзӕг кӕй у, растдӕр н. э. 32 азы Куадзӕны хӕдразмӕ, уымӕ гӕсгӕ зӕхх цъӕх адардта. Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, цӕмӕй адӕмы фӕндзайгӕйттӕй ӕмӕ сӕдӕгӕйттӕй кӕрдӕгыл ӕрбадын кӕной. Йӕхӕдӕг фондз дзулы ӕмӕ дыууӕ кӕсаджы райста, арвмӕ скаст ӕмӕ арфӕ ракодта. Уый фӕстӕ дзул ӕмӕ кӕсӕгтӕ адих кодта ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта; уыдон та сӕ адӕмыл байуӕрстой. Ӕмӕ мӕнӕ диссаг, адӕм иуылдӕр бафсӕстысты!
Уый фӕстӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн дзуры: «Ӕрӕмбырд кӕнут, цы къӕбӕртӕ баззад, уыдон, цӕмӕй дзы мацы фесӕфа». Куы сӕ ӕрӕмбырд кодтой, уӕд къӕбӕртӕй байдзаг 12 чыргъӕды! Матфейы 14:13—21; Маркы 6:30—44; Лукайы 9:10—17; Иоанны 6:1—13.
▪ Йесо йӕ апостолтӕн хибар бынат цӕмӕн агуырдта?
▪ Кӕдӕм ацыд Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ ӕмӕ сын сӕ фӕллад суадзын цӕуылнӕ бантыст?
▪ Изӕрырдӕм Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ цы загътой, фӕлӕ Йесо адӕмӕн цы хорздзинад скодта?