Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • gt 58 сӕр
  • Дзултӕ ӕмӕ ӕнхъизӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дзултӕ ӕмӕ ӕнхъизӕн
  • Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дзултӕ сбирӕ кодта ӕмӕ ӕнхъизӕны тыххӕй бафӕдзӕхста
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо диссаджы хуызы бафсӕста минты
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Цалдӕр дзулӕй ӕмӕ цалдӕр кӕсагӕй минты бафсӕста
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Йесо бафсӕста бирӕ адӕмы
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
gt 58 сӕр

58 сӕр

Дзултӕ ӕмӕ ӕнхъизӕн

ДӔССАХАРЫ адӕм Йесойы алыварс ӕмбырд кӕнын райдыдтой. Ацы муртаттаг бӕстӕм Йесомӕ байхъусынмӕ ӕмӕ сӕ низтӕй фервӕзынмӕ бирӕтӕ ӕрцыдысты дард рӕттӕй. Ис сӕм стыр тӕсчъытӕ; муртаттаг адӕмты бӕстӕтыл куы фӕцӕуынц, уӕд дзы семӕ фӕхӕссынц фӕндаггаг.

Фӕстагмӕ Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕсидт ӕмӕ сын дзуры: «Тӕригъӕд кӕнын адӕмӕн, ныр ӕртӕ боны кӕй сты Мӕ разы ӕмӕ цы бахӕрой, уый нӕй; ӕнӕ бахӕргӕйӕ сӕ куы ауадзон сӕ хӕдзӕрттӕм, уӕд фӕндагыл слӕмӕгъ уыдзысты, уымӕн ӕмӕ иуӕй-иутӕ ӕрбацыдысты дардӕй».

«Чи ссардзӕн ам ӕдзӕрӕг ран дзултӕ, цӕмӕй уыдон бафсӕдой?»— дзурынц ын йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ.

Уӕд сӕ Йесо фӕрсы: «Цал дзулы уӕм ис?»

«Авд, ӕмӕ иу гыццыл кӕсӕгтӕ»,— дзуапп раттой уыдон.

Йесо адӕмы зӕххыл ӕрбадын кодта, йӕхӕдӕг дзултӕ ӕмӕ кӕсӕгтӕ йӕ къухмӕ райста ӕмӕ Хуыцаумӕ скуывта. Уый фӕстӕ дзултӕ асаста ӕмӕ сӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм алӕвӕрдта. Уыдон та сӕ адӕмыл байуӕрстой. Адӕм бахордтой ӕмӕ бафсӕстысты. Кӕд ӕрмӕст нӕлгоймӕгтӕ 4 000-ы бӕрц уыдысты, уӕддӕр ма къӕбӕртӕй байдзаг авд тӕсчъы.

Уый фӕстӕ Йесо адӕмы сӕ хӕдзӕрттӕм арвыста, йӕхӕдӕг та йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ бӕлӕгъы сбадт ӕмӕ Галилейы денджызы ныгуылӕн фарсмӕ аленк кодтой. Ам фарисейтӕ, ацы хатт саддукейты сектӕйы уӕнгтӕ дӕр семӕ, афтӕмӕй, архайынц Йесойы фӕрӕдийын кӕныныл ӕмӕ дзы домынц уӕларвон нысан.

Йесо сын сӕ хъуыдытӕ кӕй зоны, уымӕ гӕсгӕ сын дзуапп дӕтты: «Изӕр сымах дзурут: „уыдзӕн хорз рӕстӕг, уымӕн ӕмӕ арв сырх у“; райсомӕй та: „абон ӕвзӕр бон уыдзӕн, уымӕн ӕмӕ арв сырх у“. Цӕстмӕхъустӕ! арвы цӕсгом иртасын зонут, фӕлӕ рӕстӕджы нысӕнттӕ уӕ бон нӕу?»

Йесо сӕ хоны хинӕйдзаг ӕмӕ хӕтаг мыггаг, ӕмӕ та уыдонӕн дӕр дзуры, уымӕй размӕ фарисейтӕн кӕй загъта, уыцы ныхӕстӕ: Ионӕйы нысанӕй стырдӕр нысан сын кӕй нӕ уыдзӕн лӕвӕрд. Уый фӕстӕ Йесо ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ бӕлӕгъы сбадтысты ӕмӕ Галилейы цӕгат-скӕсӕн фарс Вифсаидӕмӕ аленк кодтой. Фӕндагыл ахуыргӕнинӕгтӕ фӕхатыдысты, дзултӕ рахӕссын сӕ кӕй ферох ӕмӕ сӕм ныр иу дзул йеддӕмӕ кӕй нӕй.

Йесо та нырма дӕр хъуыды кӕны фарисейтӕ ӕмӕ Ироды партийы минӕвӕрттӕ саддукейтимӕ фембӕлдыл ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты фӕдзӕхсы: «Кӕсут, уӕхи хъахъхъӕнут фарисейты ӕмӕ Ироды ӕнхъизӕнӕй». Ахуыргӕнинӕгтӕ ӕнхъизӕны кой куы фехъуыстой, уӕд афтӕ фенхъӕлдтой, дзул рахӕссын сӕ кӕй ферох, Йесо уый тыххӕй кӕй дзуры, ӕмӕ быцӕу кӕнын райдыдтой. Раст ӕй кӕй нӕ бамбӕрстой, уый фӕхатгӕйӕ сын Йесо дзуры: «Цы ныхас кӕнут ауыл, дзултӕ уӕм кӕй нӕй?»

Уый размӕ Йесо бирӕ адӕмы бафсӕста диссаджы хуызы, фӕстаг диссаг та цалдӕр боны размӕ сарӕзта. Уӕдӕ уыдон хъуамӕ зониккой, Йесо ӕцӕг дзулты кой кӕй нӕ кӕны. «Нӕ хъуыды кӕнут? — фӕрсы сӕ Йесо. — Ӕз фондз дзулы куы ӕрсастон, фондз мин адӕймагӕн, уӕд сымах цал дзаг тӕсчъы ӕрӕмбырд кодтат къӕбӕртӕ?»

«Дыууадӕс»,— дзуапп раттой уыдон.

«Авд та цыппар минӕн, уӕд цал тӕсчъы ӕрӕмбырд кодтат, цы къӕбӕртӕ баззад уыдонӕй?»

«Авд»,— загътой уыдон.

«Куыд нӕ ӕмбарут,— фӕрсы сӕ Йесо,— Ӕз уын дзулы тыххӕй кӕй нӕ загътон: уӕхи хъахъхъӕнут фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕнӕй?»

Ӕппынфӕстаг ӕй бамбӕрстой йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ. Ӕнхъизӕн у, хыссӕ цӕй фӕрцы ссӕуы, ахӕм буаргъӕд ӕмӕ пайдагонд цӕуы хӕлддзинад равдисынӕн. Ныр ахуыргӕнинӕгтӕ ӕмбарынц, Йесо ӕцӕг ӕнхъизӕны кой кӕй нӕ кӕны, фӕлӕ сӕ «фарисейтӕ ӕмӕ саддукейты ахуырады» хӕлд ӕндӕвдадӕй кӕй фӕдзӕхсы. Маркы 8:1—21; Матфейы 15:32—16:12.

▪ Адӕммӕ фӕндаггаг хӕссынӕн стыр тӕсчъытӕ цӕмӕн уыд?

▪ Кӕдӕм аленк кодта Йесо Дӕссахарӕй?

▪ Йесо ӕнхъизӕны тыххӕй цы загъта, уый йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ куыд бамбӕрстой?

▪ Цы нысан кӕны «фарисейты ӕмӕ саддукейты ӕнхъизӕн»?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын