Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • jy 56 сӕр, 136 ф.–137 ф., 1 абз.
  • Адӕймаджы ӕцӕгӕй цы чъизи кӕны?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адӕймаджы ӕцӕгӕй цы чъизи кӕны?
  • Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы чъизи кӕны адӕймаджы?
    Ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг
  • Йесо иу адӕймаджы сабаты сдзӕбӕх кодта
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Фарисейтӕ, куырм чи уыд, уыцы лӕгӕн йӕ ныхмӕ систы
    Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
  • «Сахуыр ут мӕнӕй»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2002
Фылдӕр фенын
Йесо Чырысти – фӕндаг, рӕстдзинад, цард
jy 56 сӕр, 136 ф.–137 ф., 1 абз.
Фарисей йӕ къухтӕ рӕмбыныкъӕдзты онг ӕхсы ӕмӕ тӕрхонгӕнӕджы каст кӕны, хӕрын чи райдыдта, уымӕ

56 СӔР

Адӕймаджы ӕцӕгӕй цы чъизи кӕны?

МАТФЕЙЫ 15:1–20 МАРЧЫ 7:1–23 ИОАННЫ 7:1

  • ЙЕСО ДИНЫ РАЗАМОНДЖЫТЫ МИТӔ ХУРМӔ РАКАЛДТА

Н. э. 32 азы Куадзӕнмӕ бирӕ нал хъуыди. Йесо Галилейӕйы хъӕутӕ ӕмӕ горӕттыл зылди ӕмӕ адӕмы ахуыр кодта. Уый фӕстӕ, ӕвӕццӕгӕн, араст Иерусалиммӕ, Хуыцауы Закъоны куыд фыст уыд, уымӕ гӕсгӕ Куадзӕн сбӕрӕг кӕнынмӕ. Фӕлӕ Йесо ӕргомӕй не ’рбацыд, фӕлӕ сусӕгӕй, уымӕн ӕмӕ йӕ дзуттӕгтӕ марынмӕ хъавыдысты (Иоанны 7:1). Бӕрӕгбон куы фӕци, уӕд та фӕстӕмӕ Галилейӕмӕ ӕрыздӕхт.

Гъемӕ йӕм фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ Иерусалимӕй куы ’рцыдысты, уӕд, ӕвӕццӕгӕн, уыди Капернаумы. Фӕлӕ йӕм цымӕ ахӕм дард ранӕй цӕмӕн ӕрцыдысты? Цӕмӕй йӕм дины хъуыддӕгты исты фау ӕрхастаиккой ӕмӕ йӕ фӕаххосджын кодтаиккой. Уыдон Йесойы бафарстой: «Дӕ ахуыргӕнинӕгтӕ нӕ фыдӕлты ӕгъдау цӕмӕн халынц? Хӕрды размӕ сӕ къухтӕ цӕуылнӕ ӕхсынц?» (Матфейы 15:2). Хуыцау йӕ адӕмӕн уыцы ӕгъдау ӕххӕст кӕнын никуы бафӕдзӕхста, ома цӕмӕй «сӕ къухтӕ рӕмбыныкъӕдзты онг» ӕхсадтаиккой (Марчы 7:3). Фӕлӕ уӕддӕр фарисейтӕ уыцы хабар стыр тӕригъӕдыл нымадтой.

Йесо сын дзуапп комкоммӕ нӕ радта, фӕлӕ сын сӕ хъус ӕрдардта, сӕхӕдӕг зонгӕ-зонын Хуыцауы Закъоны сӕрты кӕй хызтысты, уымӕ. Бафарста сӕ: «Ӕмӕ сымах та уӕхи ӕрымысгӕ ӕгъдӕутты тыххӕй Хуыцауы фӕдзӕхсты сӕрты цӕмӕн хизут? Цӕвиттон, Хуыцау загъта: „Дӕ фыд ӕмӕ дӕ мады нымай“, стӕй ма: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мады чи ӕфхӕры, уый хъуамӕ амӕла“. Сымах та фӕзӕгъут: „Йӕ фыд кӕнӕ йӕ мадӕн афтӕ чи зӕгъа, мӕнӕй дӕм цы ’мбӕлди, уый Хуыцауӕн нывонд у, зӕгъгӕ, уыцы адӕймаджы нал хъӕуы йӕ фыды нымайын“» (Матфейы 15:3–6; Рацыд 20:12; 21:17).

Фарисейтӕ дзырдтой, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг Хуыцауӕн ӕхца, мулк кӕнӕ ӕндӕр исты куы снывонд кӕна, уӕд уый кувӕндоны исбон у, ӕмӕ дзы ӕндӕр хъуыддагӕн спайда кӕнӕн нал ис. Афтӕмӕй та-иу уыцы лӕвар адӕймагӕн нырма йӕхимӕ уыди. Зӕгъӕм, фыртӕн йӕ бон уыди зӕгъын, зӕгъгӕ, ме ’хца кӕнӕ мӕ исбон у «хъуырман», ома уый у Хуыцауӕн кӕнӕ кувӕндонӕн нывонд, ӕмӕ йӕм ӕз ницыуал бар дарын. Кӕд-иу уыцы ӕхца кӕнӕ исбон нырма йӕхимӕ уыдысты ӕмӕ сӕ йӕ бон пайда кӕнын уыди, уӕддӕр-иу дзырдта, уый бар ын кӕй нӕй, цӕмӕй сӕм бавнала ӕмӕ йӕ ныййарджытӕн баххуыс кӕна. Афтӕмӕй-иу йӕхи ссӕрибар кодта, йӕ ацӕргӕ ӕмӕ йыл йе ’ххуысхъуаг ныййарджыты раз цы хӕс уыди, уымӕй (Марчы 7:11).

Уӕдӕ сӕм Йесо куыннӕ смӕсты уыдаид, Хуыцауы Закъон афтӕ кӕй сзыгъуыммӕ кодтой, уый тыххӕй! Гъемӕ сын загъта: «Сымах Хуыцауы ныхас уе ’гъдӕуттӕй баивтат. Цӕстмӕхъустӕ, пехуымпар Исай сымах тыххӕй раст дзырдта: „Ацы адӕм мӕ кадджын кӕнынц дзыхӕй, сӕ зӕрдӕтӕ та дард сты мӕнӕй. Дзӕгъӕлы мын кувынц, уымӕн ӕмӕ, цы амонынц, уыдон адӕмы ӕрымысгӕ фӕдзӕхстытӕ йеддӕмӕ ницы сты“». Фӕлӕ Йесойы карз уайдзӕф фарисейтӕм нӕ бахъардта. Ӕмӕ уӕд адӕммӕ фӕдзырдта ӕмӕ сын загъта: «Байхъусут ӕмӕ, ацы ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг сты, ууыл ахъуыды кӕнут: адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цы бацӕуы, уый йӕ нӕ чъизи кӕны, фӕлӕ йӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый йӕ кӕны чъизи» (Матфейы 15:6–11; Исай 29:13).

Фӕстӕдӕр, Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтимӕ хӕдзары куы уыди, уӕд ӕй бафарстой: «Зоныс ӕй, дӕ ныхӕстӕ фарисейтӕн хъыг кӕй уыдысты?» Йесо сын дзуапп радта: «Мӕ уӕларвон Фыд кӕй нӕ ныссагъта, уыцы зайӕгой ӕд уидаг срӕдувдзысты. Уадзут сӕ. Уыдон сты куырм разамонджытӕ. Ӕмӕ куырм куырмы куы кӕна, уӕд дыууӕйӕ дӕр дзыхъхъы ныххаудзысты» (Матфейы 15:12–14).

Уӕд Петр иннӕ ахуыргӕнинӕгты номӕй Йесомӕ бахатыд, цӕмӕй, адӕймаджы цы чъизи кӕны, уый сын бӕлвырддӕр бамбарын кодтаид. Куыд зыны, афтӕмӕй уый Йесомӕ диссаг фӕкаст, ӕмӕ сын дзуапп радта: «Нӕ йӕ зонут, адӕймагӕн йӕ дзыхмӕ цы бацӕуы, уый кӕй ацӕуы гуыбынмӕ, стӕй та – ӕддӕмӕ? Фӕлӕ дзыхӕй цы рацӕуы, уый та зӕрдӕйӕ ссӕуы, ӕмӕ адӕймаджы чъизи дӕр уый кӕны. Зӕрдӕйӕ цӕуынц фыдвӕндтӕ, марын, цардӕмбалыл гадзрахатӕй цӕуын, хӕтын, давын, мӕнгӕвдисӕн ныллӕууын, фауӕн ныхӕстӕ кӕнын. Адӕймаджы адӕттӕ чъизи кӕнынц, ӕнӕхсад къухӕй бахӕра, уый йӕ нӕ чъизи кӕны, фӕлӕ» (Матфейы 15:17–20).

Йесо, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, сыгъдӕгдзинады ныхмӕ нӕ уыд. Стӕй йӕ уый зӕгъын дӕр нӕ фӕндыд, ӕмӕ адӕймаджы хӕринаг кӕнын кӕнӕ фынгыл ӕрбадыны размӕ йӕ къухтӕ ӕхсын нӕ хъӕуы. Уыцы ныхӕстӕй Йесо дины разамонджытӕн сӕ цӕстмӕ митӕ хурмӕ ракалдта. Уыдон Хуыцауы рӕстаг закъӕттӕ адӕймаджы ӕрымысгӕ ӕгъдӕуттӕй баивтой. Уӕдӕ бӕлвырд у: адӕймаджы чъизи кӕнынц, йӕ зӕрдӕйы цы фыдвӕндтӕ райгуыры, уыдон.

  • Фарисейтӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ Йесойы цавӕр хъуыддаджы фӕаххосджын кодтой?

  • Фарисейтӕ зонгӕ-зонын Хуыцауы Закъоны сӕрты куыд ахызтысты?

  • Адӕймаджы ӕцӕгӕй цы чъизи кӕны?

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын