131 СӔР
Ӕнаххос Паддзах хъӕдыл хъизӕмар кӕны
МАТФЕЙЫ 27:33–44 МАРЧЫ 15:22–32 ЛУКАЙЫ 23:32–43 ИОАННЫ 19:17–24
ЙЕСОЙЫ ХЪИЗӔМӔРТТЫ ХЪӔДМӔ НЫХХУЫДТОЙ
ЙӔ СӔРМӔ ЦЫ ФЫСТ ИС, УЫЙ ТЫХХӔЙ ДЗЫ ХЫНДЖЫЛӔГ КӔНЫНЦ
ФЫДГӔНӔГӔН ЗАГЪТА, ЗӔХХЫЛ ДЗӔНӔТЫ КӔЙ ЦӔРДЗӔН
Йесойы акодтой, дыууӕ абырӕгимӕ йӕ кӕм хъуамӕ байтыгътаиккой, уырдӕм. Уыцы бынат – хуыдтой йӕ Голгофӕ, ома Сӕрыкӕхц – горӕтӕй дард нӕ уыди ӕмӕ хорз зынди, «дӕрддзӕфӕй»-иу чи каст, уымӕ дӕр (Марчы 15:40).
Мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыдоны се ’ртӕйы дӕр сбӕгънӕг кодтой. Стӕй сын радтой сӕн миррӕ ӕмӕ мастимӕ хӕццӕйӕ. Ӕвӕццӕгӕн-иу ӕй Иерусалимы цӕрӕг сылгоймӕгтӕ скодтой, ӕмӕ-иу ромӕгтӕ уыцы хосӕй, кӕй-иу хъуамӕ амардтаиккой, уыдонӕн радтой, цӕмӕй сӕ рыстытӕ уыйас ма ӕмбӕрстаиккой. Фӕлӕ дзы Йесо куы сахуыста, уӕд дзы нуазын нӕ бакуымдта. Цымӕ цӕуылнӕ? Нӕ йӕ фӕндыд, цӕмӕй уыцы сӕйраг фӕлварӕны рӕстӕг нозтхъӕстӕ уыдаид. Хъуамӕ йӕ зонд йӕхимӕ уыдаид ӕмӕ йе ’нкъарӕнтыл йӕ бар ӕххӕстӕй цыдаид. Хъуамӕ, цы арӕзта, уый ӕмбӕрстаид ӕмӕ мӕлӕты онг иузӕрдионӕй баззадаид.
Йесойы хъӕдыл байтыгътой (Марчы 15:25). Ӕфсӕддонтӕ йын йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ зӕгӕлтӕй ныххуыдтой. Зӕгӕлтӕ йӕ фыд ӕмӕ йӕ нуӕртты куы ахызтысты, уӕд ӕй фыррыстӕй ныхъхъӕр кӕнынмӕ, ӕвӕццӕгӕн, бирӕ нал хъуыд. Хъӕд хӕрдмӕ куы систой, ӕмӕ йӕ буары уӕзӕй йӕ хъӕдгӕмттӕ куы ӕрыскъуыдысты, уӕд та йӕ рыст ӕппындӕр нал урӕдта. Ӕмӕ уӕддӕр ӕфсӕддонты нӕ ралгъыста, фӕлӕ скуывта: «Мӕ Фыд, ныххатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ, цы аразынц, уый не ’мбарынц» (Лукайы 23:34).
Ромӕгтӕ-иу мӕлӕты тӕрхон кӕмӕн рахастой, уыцы фыдгӕнджытӕн-иу сӕ сӕрмӕ ныффыстой, ахӕм тӕрхон-иу сын цы фыдракӕнды тыххӕй рахастой, уый. Йесойы сӕрмӕ та Пилат фӕйнӕджы гӕбазыл ныффыста: «Назаретаг Йесо, дзуттӕгты Паддзах». Уыцы ныхӕстӕ фыст уыдысты дзуттаг, латинаг ӕмӕ грекъаг ӕвзӕгтыл, ӕмӕ сӕ алкӕмӕн дӕр йӕ бон уыди кӕсын. Бӕрӕг у, Пилат йе сӕфт кӕй уыдта, Йесойы йын хъӕдыл чи байтындзын кодта, уыцы дзуттӕгтӕй. Сауджынты хистӕртӕ уыцы фыст куы федтой, уӕд хорзау нал фесты, ӕмӕ Пилатӕн загътой: «Ма дзы ныффысс: „Дзуттӕгты Паддзах“, фӕлӕ ныффысс, куыд дзырдта, афтӕ: „Ӕз дӕн дзуттӕгты Паддзах“». Фӕлӕ сын Пилат не сразы, уымӕн ӕмӕ дзы ӕнӕуи дӕр хъазӕнхъул сарӕзтой. Гъемӕ сын фидарӕй загъта: «Цы ныффыстон, уый ныффыстон» (Иоанны 19:19–22).
Сауджынтӕ мӕстӕй рафыхтысты, ӕмӕ, Йесойӕ уымӕй размӕ Синедрионы раз цы мӕнг ныхӕстӕ дзырдтой, ныр дӕр та дзы уыдӕттӕ дзурын райдыдтой. Гъемӕ-иу сӕ рӕзты чи фӕцӕйцыд, уыдон дӕр-иу сӕ сӕртӕ батылдтой ӕмӕ дзы хынджылӕг кодтой: «Гъей! Кувӕндон куы хӕлдтай ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ куы арӕзтай! Дӕхи фервӕзын кӕн – ӕрхиз хъизӕмӕртты хъӕдӕй!» Афтӕ сауджынты хистӕртӕ ӕмӕ чиныджыдӕснытӕ дӕр кӕрӕдзийӕн дзырдтой: «Иннӕты ирвӕзын кодта, йӕхи фервӕзын кӕнын та йӕ бон нӕу! Гъемӕ ныр Чырысти, Израилы Паддзах, хъизӕмӕртты хъӕдӕй ӕрхизӕд. Уый нӕхи цӕстӕй куы фенӕм, уӕд ыл баууӕнддзыстӕм» (Марчы 15:29–32). Йӕ рахиз фарс ӕмӕ йын йӕ галиу фарс кӕй байтыгътой, суанг ма дзы уыдон дӕр алы ӕвзӕртӕ дзырдтой. Афтӕмӕй та кӕд искуы зӕххыл ӕнаххос адӕймаг уыд, уӕд – Йесо!
Йесойӕ ма хынджылӕг кодтой цыппар ромаг ӕфсӕддоны дӕр. Ӕвӕццӕгӕн, туаг сӕнӕй анызтой ӕмӕ дзы ныр Йесомӕ дӕр бадардтой, кӕд ӕм ӕххӕсгӕ дӕр нӕ бакодтаид ӕмӕ йӕ йӕ бон бануазын дӕр нӕ бауыдаид, уӕддӕр. Йӕ сӕрмӕ фӕйнӕджы гӕбазыл цы ныхӕстӕ фыст уыди, уыдон ын фӕзмӕгау дзырдтой: «Кӕд дзуттӕгты паддзах дӕ, уӕд дӕхи фервӕзын кӕн» (Лукайы 23:36, 37). Ахъуыды-ма кӕн! Йесо у фӕндаг, рӕстдзинад ӕмӕ цард. Ӕмӕ дзы кӕд ӕнаххосӕй хынджылӕг кодтой ӕмӕ йын алы ӕфхӕрӕн митӕ кодтой, уӕддӕр сын быхста ӕмӕ йӕ дзыхӕй иу уайдзӕф дӕр не схауд – нӕ бауайдзӕф кодта нӕдӕр, чи йӕм каст, уыцы дзуттӕгтӕн, нӕдӕр, чи дзы хынджылӕг кодта, уыцы ромаг ӕфсӕддонтӕн, ӕмӕ нӕдӕр, йӕ фӕйнӕ фарс ауыгъд чи уыд, уыцы фыдгӕнджытӕн.
Цыппар ромаг ӕфсӕддоны та Йесойӕн йе ’ддаг дарӕс райстой ӕмӕ йӕ цыппар дихы акодтой. Ӕмӕ стӕй хӕлттӕ сӕппӕрстой, кӕмӕ дзы цы ’рхаудзӕн, зӕгъгӕ. Фӕлӕ йӕ хӕдон тынг хӕрзхъӕд уыди – «хуыд нӕ уыд, фӕлӕ сӕрӕй бынмӕ уыди уӕфт», ӕмӕ ӕфсӕддонтӕ сӕ кӕрӕдзийӕн загътой: «Скъуынгӕ йӕ ма акӕнӕм, фӕлӕ, кӕмӕ ӕрхаудзӕн, ууыл хӕлттӕ сӕппарӕм». Афтӕмӕй уыдон сӕххӕст кодтой, Фыстад цы дзуры, уый: «Ме ’ддаг дарӕс мын сӕ кӕрӕдзийыл адих кодтой, мӕ дарӕсыл мын хӕлттӕ сӕппӕрстой» (Иоанны 19:23, 24; Псалом 22:18).
Уӕдмӕ фыдгӕнджытӕй иу ахъуыды кодта, кӕд Йесо ӕцӕгдӕр паддзах у, зӕгъгӕ. Ӕмӕ йе ’мбалӕн бауайдзӕф кодта: «Хуыцауӕй ӕппындӕр нӕ тӕрсыс, ӕви? Дӕхицӕн дӕр дын ахӕм тӕрхон куы рахастой. Ӕмӕ махӕн афтӕ хъуыди, нӕ хъуыддӕгты тыххӕй нын цы ’мбӕлд, уый нын бакодтой, ацы адӕймаг та ӕвзӕрӕй ницы сарӕзта». Ӕмӕ уый фӕстӕ Йесойӕн ныллӕгъстӕ кодта: «Паддзах куы суай, уӕд-иу мӕ ӕрхъуыды кӕн» (Лукайы 23:40–42).
Йесо йын загъта: «Ӕцӕг дын зӕгъын абон: уыдзынӕ мемӕ», ӕрмӕст йӕ Паддзахады нӕ, фӕлӕ «Дзӕнӕты» (Лукайы 23:43). Ацы ныхӕстӕ хицӕн кӕнынц, Йесо йӕ апостолтӕн цы загъта, уымӕй. Уыдонӕн зӕрдӕ бавӕрдта, йӕ Паддзахады йемӕ паддзахбадӕнтыл кӕй ӕрбаддзысты (Матфейы 19:28; Лукайы 22:29, 30). Уыцы фыдгӕнӕг дзуттаг уыди, ӕмӕ, ӕвӕццӕгӕн, фехъуыста, зӕххыл кӕй уыдзӕн Дзӕнӕт – ӕппӕты райдианы Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы кӕм ӕрцӕрын кодта ӕмӕ сӕ байзӕддӕгтӕ дӕр кӕм хъуамӕ цардаиккой, ахӕм дзӕнӕт. Уӕдӕ уыцы абырӕг амард диссаджы ныфсимӕ.