125 сӕр
Йесойы хъизӕмӕрттӕ цӕджындзыл
ЙЕСОИМӔ байтындзынмӕ акодтой дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр. Сахармӕ хӕстӕг, Голгофӕ кӕнӕ Ныхы бынат кӕй хонынц, уым адӕм ӕрлӕууыдысты.
Ахстытӕн сӕ уӕлӕдарӕс раластой. Уый фӕстӕ сын дӕттынц сӕн смирнӕимӕ. Уый, ӕвӕццӕгӕн, ӕрцӕттӕ кодтой Иерусалимы сылгоймӕгтӕ, ӕмӕ уыцы рыстуромӕн хос ромӕгтӕ не ’вгъау кӕнынц, тагъд кӕй байтындздзысты, уыдонӕн. Фӕлӕ йын Йесо йӕ ад куы федта, уӕд ӕй аиуварс кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй йӕ уырнындзинады тӕккӕ уӕззаудӕр фӕлварӕны йӕ зонд ӕмӕ йӕ хъарутӕ гыццылдӕр фӕцудой ӕмӕ фӕрӕдийа.
Ныр Йесойы, йӕ къухтӕ йӕ сӕрмӕ, афтӕмӕй байтыгътой цӕджындзыл. Ӕмӕ йын ӕфсӕддонтӕ йӕ къухтӕ ӕмӕ йӕ къӕхтӕ стыр зӕгӕлтӕй уыцы цӕджындзмӕ ныххуыдтой. Зӕгӕлтӕ фыд ӕмӕ нуӕртты куы ахызтысты, уӕд Йесо ныхъхъӕрзыдта. Цӕджындзыл куы схӕцыдысты, уӕд буары уӕзӕй зӕгӕлтӕй конд хъӕдгӕмттӕ скъуыйынц, ӕмӕ фыррыстӕй йӕ бон нал у. Ӕмӕ уӕддӕр Йесо ромаг ӕфсӕддонтӕм ӕртхъирӕн нӕ кӕны, фӕлӕ кувы: «Мӕ Фыд! бахатыр сын кӕн, уымӕн ӕмӕ нӕ зонынц, цы кӕнынц».
Пилат фӕйнӕгыл ныффыста Йесойы мӕлӕты аххосаг ӕмӕ йӕ цӕджындзыл бакодта. Уыцы уӕлфысты ис ахӕм ныхӕстӕ: «Йесо Назорей, Иудейаг Паддзах». Пилат ацы хъуыддаг, ӕвӕццӕгӕн, Йесойӕн кӕй аргъ кӕны, ӕрмӕст уый тыххӕй нӕ сарӕзта, фӕлӕ йын Йесойы мӕлӕтмӕ чи раттын кодта, уыцы иудейаг сауджынтӕй йе сӕфт кӕй федта, уый тыххӕй дӕр. Цӕмӕй уыцы ныхӕстӕ алкӕй бон дӕр уа кӕсын, уый тыххӕй сӕ Пилат ныффыста ӕртӕ ӕвзагыл: дзуттаг, паддзахадон латинаг ӕмӕ иумӕйаг грекъагыл.
Хистӕр сауджынтӕ, уыимӕ Кайафӕ ӕмӕ Аннӕ дӕр, мӕты бахаудысты. Йесойы сӕрмӕ ахӕм кадджын ныхӕстӕ кӕй ис фыст, уый сын халы сӕ циндзинад. Уымӕ гӕсгӕ домынц: «Ма фысс: „Иудейаг Паддзах“, фӕлӕ Уый куыд дзырдта: „Ӕз Иудейаг Паддзах“». Пилат сауджынты къухы хъазӕн хъулау кӕй уыд, уый фӕдыл сӕм мӕстӕй тъӕппытӕ хауы ӕмӕ сын ныр ӕлгъгӕнгӕйӕ дзуапп дӕтты: «Ӕз цы ныффыстон, уый ныффыстон».
Сауджынтӕ адӕмимӕ, Йесойы кӕм байтыгътой, уым ӕрӕмбырд сты ӕмӕ архайынц, фӕйнӕгыл цы фыст ис, уый раст кӕй нӕу, уый сбӕлвырд кӕныныл. Сфӕлхат та кодтой, синедрионы раз ӕрфарсты рӕстӕджы цы мӕнгӕвдисӕнадӕй спайда кодтой, уый. Уӕдӕ диссаг нӕу, фӕндаггонтӕ сӕ сӕртӕ кӕй тилынц ӕмӕ йын хынджылӕггӕнгӕйӕ кӕй дзурынц: «Аргъуан Халӕг ӕмӕ йӕ ӕртӕ бонмӕ Аразӕг! фервӕзын кӕн Дӕхӕдӕг Дӕхи; кӕд Ды Хуыцауы Фырт Дӕ, рахиз дзуарӕй».
«Иннӕты ирвӕзын кодта, фӕлӕ Йӕхӕдӕг Йӕхи аирвӕзын кӕнын нӕ фӕразы! — ӕрбаиу сӕм сты хистӕр сауджынтӕ ӕмӕ дины хъуыддаджы се ’ввахс хӕлӕрттӕ. — Кӕд Уый Израилы Паддзах у, уадз рахизӕд дзуарӕй ӕмӕ баууӕнддзыстӕм Ууыл; Хуыцауӕй ныфсджын уыд: уадз ныр Ӕй аирвӕзын кӕнӕд, кӕд Уый Уымӕн фӕндон у, уӕд. Уымӕн ӕмӕ Уый загъта: Ӕз Хуыцауы Фырт Дӕн».
Уыдонмӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ дӕр хынджылӕг кӕнын райдыдтой Йесойӕ. Йӕ хус былтӕм ын дзымари бахастой ӕмӕ йыл худынц: «Кӕд Иудейы Паддзах Дӕ, уӕд Дӕхӕдӕг Дӕхи аирвӕзын кӕн». Суанг ма йын йӕ фӕрсты кӕй байтыгътой, уыцы дыууӕ фыдгӕнӕджы дӕр дзы хынджылӕг кӕнынц. Ахъуыды ма кӕн! Зӕххыл ӕппӕты номдзыддӕр адӕймаг, Иегъовӕ Хуыцауимӕ дун-дуне чи сфӕлдыста, уый ӕнӕфӕцудгӕйӕ фӕразы ӕппӕт уыцы ӕфхӕрд!
Ӕфсӕддонтӕ Йесойы уӕлӕдарӕс райстой ӕмӕ йӕ цыппар хайыл адих кодтой. Ӕмӕ сыл ныр хӕлттӕ сӕппӕрстой. Йӕ бинаг хитон та хуыд нӕ уыд, фӕлӕ ӕнӕхъӕнӕй дӕр уӕфт уыдис зынаргъ хъуымацӕй. Уымӕ гӕсгӕ ӕфсӕддонтӕ кӕрӕдзийӕн дзурынц: «Дих ӕй нӕ кӕндзыстӕм, фӕлӕ йыл хӕлттӕ сцӕгъдӕм, кӕй фӕуа». Ӕмӕ йӕ сӕхӕдӕг ӕмбаргӕ дӕр нӕ кӕнынц, афтӕмӕй ӕххӕст кӕнынц Фыстады бынат, цыран дзырдӕуы: «Байуӕрстой Мӕ фӕлыст ӕмӕ Мӕ дарӕсыл хӕлттӕ ӕппӕрстой».
Уӕдмӕ фыдгӕнджытӕй сӕ иу бамбӕрста, Йесо ӕцӕгдӕр Паддзах кӕй хъуамӕ уа. Уымӕ гӕсгӕ йе ’мбалӕн уайдзӕф кӕны: «Ӕви ды нӕ тӕрсыс Хуыцауӕй, дӕхӕдӕг дӕр афтӕ тӕрхонгонд куы дӕ? Ӕмӕ мах раст тӕрхонгонд стӕм, уымӕн ӕмӕ нӕ хъуыддӕгтӕм гӕсгӕ райстам, фӕлӕ Уый ӕвзӕрӕй ницы ракодта». Уый фӕстӕ Йесойӕн лӕгъстӕ кӕны: «Ӕрымыс мӕ иу, Хицау, Дӕ Паддзахадмӕ куы ӕрцӕуай, уӕд!»
«Ӕцӕг зӕгъын дӕуӕн абон,— дзуапп ын дӕтты Йесо,— уыдзынӕ Мемӕ дзӕнӕты» (НД). Уыцы зӕрдӕвӕрд сӕххӕст уыдзӕн, Йесо уӕларвыл Паддзахы бартӕ куы райса ӕмӕ ӕрфӕсмонгӕнӕг фыдгӕнӕджы дзӕнӕтон зӕххыл цардмӕ куы райгас кӕна, уӕд. Уыцы Дзӕнӕтмӕ зилыны кадджын бар лӕвӕрд уыдзӕн, Армагеддоны ӕгасӕй чи баззайа ӕмӕ ма ноджыдӕр уым чи уа, уыдонӕн. Матфейы 27:33—44; Маркы 15:22—32; Лукайы 23:27, 32—43; Иоанны 19:17—24.
▪ Йесо цӕуылнӕ банызта сӕн смирнӕимӕ?
▪ Пилат Йесойы сӕрмӕ фыст цӕмӕн бакодта ӕмӕ уый фӕдыл хистӕр сауджынтимӕ куыд сбыцӕу?
▪ Йесойӕ цӕджындзыл куыд хынджылӕг кодтой ӕмӕ сӕ цы сразӕнгард кодта ахӕм ахастмӕ?
▪ Йесойы дарӕсӕн цы бакодтой, уымӕй пехуымпарад куыд сӕххӕст?
▪ Куыд фӕивта фыдгӕнджытӕй сӕ иуы зондахаст ӕмӕ йын Йесо йӕ курдиат куыд сӕххӕст кӕндзӕн?