Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • od 1 сӕр, 6–11 фф.
  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ УӔЛАРВОН ХАЙ
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИ ӔДЗУХ ЦӔУЫ РАЗМӔ
  • «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд дӕтты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Йегъовӕйы Ныхасӕн ӕцӕгдӕр аргъ кӕныс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2016
Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
od 1 сӕр, 6–11 фф.

1 СӔР

Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци

ЗӔХХЫЛ уыйбӕрц организацитӕ ис, ӕмӕ сын банымайӕн дӕр нӕй. Ис динон, политикон, базарадон ӕмӕ ӕхсӕнадон организацитӕ. Алыхуызон сты сӕ нысӕнттӕ ӕмӕ сӕ бӕллицтӕ, стӕй цардмӕ дӕр алыхуызон цӕстӕй кӕсынц. Фӕлӕ се ’ппӕты ’хсӕн бӕрӕг дары иу организаци. Хуыцауы Ныхас бӕлвырд ӕвдисы, уыцы организаци кӕй у Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты организаци.

2 Тынг ӕхсызгон нын у, ды дӕр Йегъовӕйы организацийыл дӕхи кӕй бӕттыс. Хуыцауы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый сбӕлвырд кодтай ӕмӕ йӕ ныр ӕххӕст кӕныс (Пс. 143:10; Ром. 12:2). Ӕгас дунейы дӕр нын цы ӕфсымӕртӕ ис, уыдонимӕ иумӕ ды дӕр Хуыцауӕн зӕрдиагӕй лӕггад кӕныс (2 Кор. 6:4; 1 Пет. 2:17; 5:9). Уый дын хӕссы стыр циндзинад ӕмӕ бирӕ арфӕдзинӕдтӕ, Йегъовӕ йӕ Ныхасы зӕрдӕ куыд бавӕрдта, афтӕ (Ӕмб. 10:22; Мар. 10:30). Йегъовӕйы фӕндон абон иузӕрдионӕй кӕй ӕххӕст кӕныс, уый фӕрцы дӕхи цӕттӕ кӕныс, цы диссаджы фидӕн нӕм ӕнхъӕлмӕ кӕсы, уымӕ – ӕнусон цардмӕ (1 Тим. 6:18, 19; 1 Иоан. 2:17).

3 Не Сфӕлдисӕг Стыр Хуыцауӕн цы ӕппӕтдунеон организаци ис, дыккаг ахӕм организаци нӕй. Уыцы организацийӕн разамынд дӕтты Йегъовӕ йӕхӕдӕг, ӕмӕ йыл мах алы хъуыддаджы дӕр нӕ ныфс дарӕм. Дун-дунейы Йегъовӕйӕ уӕлдӕр ничи ис. Уый у нӕ Тӕрхонгӕнӕг дӕр, нӕ Закъонӕвӕрӕг дӕр ӕмӕ нӕ Паддзах дӕр (Ис. 33:22). Йегъовӕ уарзы уаг ӕмӕ ӕгъдау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр афтӕ скодта, цӕмӕй нӕ бон уа йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнын ӕмӕ афтӕмӕй йемӕ ӕмгуыст кӕнын (2 Кор. 6:1, 2).

4 Ацы дунейы кӕрон хӕстӕгӕй-хӕстӕгдӕр кӕны, ӕмӕ мах Хуыцауы ӕвӕрд Паддзах Йесо Чырыстийы разамындмӕ хъусӕм ӕмӕ размӕ цӕуӕм (Ис. 55:4; Рарг. 6:2; 11:15). Йесо йӕхӕдӕг загъта, йӕ фӕдылдзӕуджытӕ кӕй сараздзысты, зӕххыл лӕггадгӕнгӕйӕ уый цы хъуыддӕгтӕ сарӕзта, уыдонӕй стырдӕр хъуыддӕгтӕ (Иоан. 14:12). Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ фылдӕр рӕстӕг кӕй хъусын кӕндзысты ӕмӕ сӕ нымӕц дӕр бирӕ фылдӕр кӕй уыдзӕн, уымӕ гӕсгӕ сӕ бон фылдӕр бынӕттыл уыдзӕн аххӕссын. Уыдон хорз хабар хъусын кӕндзысты суанг зӕххы кӕрӕттӕм (Матф. 24:14; 28:19, 20; Хъуыд. 1:8).

5 Йесойы ныхӕстӕ ныр дӕр ӕххӕст кӕнынц. Фӕлӕ Йесо бӕлвырд бамбарын кодта, хорз хабар хъуыстгонд кӕй цӕудзӕн, Йегъовӕ цы рӕстӕг снысан кодта, уыцы рӕстӕджы онг. Библийы пехуымпарӕдтӕй бӕрӕг у, Йегъовӕйы стыр ӕмӕ тасӕфтауӕг бон тынг хӕстӕг кӕй у (Иоил 2:31; Соф. 1:14–18; 2:2, 3; 1 Пет. 4:7).

6 Мах ӕмбарӕм, ацы фӕстаг бонты Йегъовӕйы фӕндон цӕй мидӕг ис, уый. Уымӕ гӕсгӕ хъуамӕ нӕ хъарутӕ иууылдӕр саразӕм, Хуыцау нӕ цы домы, уымӕ. Ӕмӕ уый тыххӕй та, Хуыцауы организаци куыд архайы, уый хъуамӕ хорз зонӕм ӕмӕ алы хъуыддаджы дӕр йемӕ ӕмгуыст кӕнӕм. Йегъовӕйы организаци архайы, Хуыцауы Ныхасы цы уагӕвӕрдтӕ, цы закъӕттӕ, цы фӕдзӕхстытӕ, цы амындтӕ ӕмӕ ахуырӕдтӕ ис, уыдонмӕ гӕсгӕ (Пс. 19:7–9).

7 Йегъовӕйы адӕмӕй алчидӕр, Библи куыд амоны, уымӕ гӕсгӕ кӕй архайы, уый фӕрцы иумӕ фӕрнӕй ӕмӕ ӕмвӕнд-ӕмзондӕй цӕрынц (Пс. 133:1; Ис. 60:17; Ром. 14:19). Дунейы алы рӕтты чи цӕры, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕрты кӕрӕдзийыл цы бӕтты? Уарзондзинад. Мах разӕнгард кӕны уарзондзинад ӕмӕ йӕ уӕлӕдарӕсау нӕ уӕлӕ скодтам (Иоан. 13:34, 35; Кол. 3:14, фип.). Не ’хсӕн иудзинад кӕй ис, уый фӕрцы мах дӕр Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хайӕ фӕстейӕ нӕ зайӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ УӔЛАРВОН ХАЙ

8 Пехуымпартӕ Исай, Йезекил ӕмӕ Данел цӕстылуайӕнты федтой Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай (Ис., 6 сӕр; Йез., 1 сӕр; Дан. 7:9, 10). Апостол Иоанн дӕр цӕстылуайӕны федта, Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай куыд конд у, уый. Раргомады чиныджы цы ныффыста, уый фӕрцы зӕгъӕн ис, ӕмӕ нын уырдӕм дуар ӕрбазыхъхъыр кодта. Иоанн федта Йегъовӕйы кадджын паддзахбадӕныл бадгӕ, йӕ алыварс та лӕууыдысты зӕдтӕ ӕмӕ дзырдтой: «Сыгъдӕг у, сыгъдӕг у, сыгъдӕг у Йегъовӕ Хуыцау, Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, чи уыд, чи ис ӕмӕ чи ’рцӕуы, уый» (Рарг. 4:8). Иоанн ма ноджыдӕр федта, «паддзахбадӕны раз... кӕй лӕууыд уӕрыкк» – Хуыцауы Уӕрыкк, Йесо Чырысти (Рарг. 5:6, 13, 14; Иоан. 1:29).

9 Уыцы цӕстылуайӕны Йегъовӕ паддзахбадӕныл кӕй бады, уый ууыл дзурӕг у, ӕмӕ йӕ организацийы Хицау йӕхӕдӕг у. Йегъовӕ чи у ӕмӕ цы бынат ахсы, уый тыххӕй 1 Азфыстыты 29:11, 12 фыст ис: «О Йегъовӕ, ды дӕ стыр Хуыцау, хъомысджын, диссаджы Хуыцау, дӕуӕн ӕмбал нӕй, ды дӕ кадджын Хуыцау, уымӕн ӕмӕ дӕу у, уӕларвыл ӕмӕ зӕххыл цыдӕриддӕр ис, уый. Дӕу у, Йегъовӕ, паддзахад, ӕмӕ дӕуӕй уӕлдӕр ничи ис. Ды дӕттыс хъӕздыгдзинад ӕмӕ кад, ӕмӕ алцыдӕр ис дӕ дӕлбар. Дӕ къухы ис тых ӕмӕ хъомыс, дӕ бон у адӕймаджы сбӕрзонд кӕнын ӕмӕ се ’ппӕтӕн дӕр хъару раттын».

10 Йегъовӕйы ӕмкусӕг Йесо Чырысти уӕлӕрвты ахсы тынг бӕрзонд бынат, ӕмӕ йын лӕвӕрд ӕрцыд стыр бартӕ. Хуыцау ын «ӕппӕт дӕр ӕрӕвӕрдта йӕ къӕхты бын ӕмӕ йӕ ӕмбырды тыххӕй ӕппӕты сӕргъы сӕвӕрдта» (Еф. 1:22). Йесойы тыххӕй апостол Павел ныффыста: «Хуыцау [ӕй] ноджы уӕлдӕр сӕвӕрдта ӕмӕ йын нӕ бавгъау кодта, ӕппӕт иннӕ нӕмттӕй уӕлдӕр чи у, ахӕм ном, цӕмӕй Йесойы номы раз алчидӕр йӕ зонгуытыл ӕрлӕууа – уӕлӕрвты чи ис, зӕххыл чи ис ӕмӕ зӕххы бын чи ис, уыдон,– ӕмӕ алчидӕр ӕргом зӕгъа, Йесо Чырысти кӕй у Хицау нӕ Фыд Хуыцауы кадӕн» (Фил. 2:9–11). Уӕдӕ гыццыл дӕр куыд хъуамӕ фӕдызӕрдыг уӕм, Йесо Чырысти разамынд рӕстӕй кӕй дӕтты, ууыл!

11 Пехуымпар Данел цӕстылуайӕны федта, «раджы замантӕй Чи ис, уый» йӕ уӕларвон паддзахбӕдӕныл бадгӕ, стӕй ма федта зӕдты дӕр. Данелы 7:10 кӕсӕм: «Мин-минтӕ йын лӕггад кодтой ӕмӕ сӕдӕ милуаны лӕууыдысты йӕ разы». Библийы зӕдты стыр ӕфсады тыххӕй фыст ис: «Зӕдтӕ се ’ппӕт дӕр лӕггадгӕнӕг тыхтӕ не сты? Чи хъуамӕ фервӕза, уыдонӕн лӕггад кӕнынмӕ сӕ не ’рвиты?» (Дзут. 1:14). Хуыцауы организацийы зӕдтӕй алкӕмӕн дӕр ис бӕлвырд хӕстӕ (Кол. 1:16).

12 Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай куыд конд у, ууыл лӕмбынӕг куы ахъуыды кӕнӕм, уӕд хуыздӕр бамбардзыстӕм пехуымпар Исайы ӕнкъарӕнтӕ. Исай цӕстылуайӕны федта Йегъовӕйы – «уый бадти бӕрзонд ӕмӕ кадджын паддзахбадӕныл» ӕмӕ «йӕ алыварс лӕууыдысты серафимтӕ». Уыдӕттӕ фенгӕйӕ Исай загъта: «Бабын дӕн! Ныр удӕгасӕй нал баззайдзынӕн, уымӕн ӕмӕ ӕз дӕн, йӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕймаг, ӕмӕ цӕргӕ дӕр кӕнын, сӕ былтӕ сыгъдӕг кӕмӕн не сты, ахӕм адӕмы ’хсӕн. Ӕмӕ ӕз федтон Паддзахы, ӕфсӕдты хицау Йегъовӕйы!» Йегъовӕйы организаци куыд стыр у, уый йӕм куы бахъардта, уӕд йӕ хъуын арц слӕууыд ӕмӕ бамбӕрста, йемӕ абаргӕйӕ куыд ницы у. Ӕмӕ йӕм уӕларвӕй хъӕлӕс куы ӕрыхъуыст, Йегъовӕйы тӕрхӕттӕ чи фехъусын кӕндзӕн, зӕгъгӕ, уӕд ӕнӕрахъуыды-бахъуыдыйӕ загъта: «Мӕнӕ ӕз! Мӕн арвит» (Ис. 6:1–5, 8).

13 Йегъовӕйы организаци куыд стыр у ӕмӕ куыд диссаджы хуызы архайы, уый абон дӕр йӕ лӕггадгӕнджытӕ куы бамбарынц, уӕд уыдон дӕр Исайау цӕттӕ вӕййынц йӕ фӕндон ӕххӕст кӕнынмӕ. Хуыцауы организаци ӕдзухдӕр цӕуы размӕ, ӕмӕ мах дӕр архайӕм, цӕмӕй дзы фӕстейӕ ма зайӕм. Мах Йегъовӕйы организацийыл ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кӕнӕм.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИ ӔДЗУХ ЦӔУЫ РАЗМӔ

14 Пехуымпар Йезекилы чиныджы 1-аг сӕры Йегъовӕ ахӕм хуызы ӕвдыст цӕуы, цыма тынг стыр уӕларвон бӕхуӕрдон тӕры. Уыцы диссаджы тӕмӕнтӕкалгӕ бӕхуӕрдон ӕвдисы Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай. Йегъовӕ йӕ бӕхуӕрдон тӕры, кӕцырдӕм ӕй фӕнды, уыцырдӕм ӕмӕ уый уылты ӕххӕст кӕны йӕ фӕндон (Пс. 103:20).

15 Бӕхуӕрдоны цӕлхытӕ афтӕ конд сты, ӕмӕ дзы алкӕцыйӕн дӕр йӕ мидӕг ис ӕндӕр цалх – уыцы цалх дӕр у иннӕйы йас ӕмӕ дзы ӕвӕрд у цӕхгӕрмӕ. Афтӕ ӕвӕрд куы нӕ уаиккой, уӕд зӕгъӕн дӕр нӕ уыдаид, ӕмӕ «цӕлхытӕ цӕуынц цыппарырдӕм дӕр» (Йез. 1:17). Цӕлхытӕн сӕ бон у цӕстыфӕныкъуылдмӕ иннӕрдӕм фӕзилын. Фӕлӕ уыцы бӕхуӕрдон йӕхигъдауӕй нӕ цӕуы. Йегъовӕ йӕ организаци йӕхи бар нӕ ауагъта, кӕдӕм ӕй фӕнды, уырдӕм цӕуӕд, зӕгъгӕ. Йезекилы 1:20 фыст ис: «Хуыцауы тых сӕ кӕцырдӕм кодта, уыцырдӕм цыдысты». Уӕдӕ йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы йӕ организаци кӕны, йӕхи кӕдӕм фӕнды, уырдӕм. Уымӕ гӕсгӕ нӕ алкӕй дӕр хъӕуы ахӕм фарстайыл ахъуыды кӕнын: «Ӕз Йегъовӕйы организацийӕ фӕстейӕ нӕ зайын?»

16 Цӕмӕй Йегъовӕйы организацийӕ фӕстейӕ ма зайӕм, уый тыххӕй фаг нӕу ӕмбырдтӕм цӕуын ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы архайын. Йегъовӕйы организациимӕ размӕ кӕй цӕуӕм, уый сӕйраджыдӕр бӕрӕг у, нӕ уырнындзинад куыд рӕзы ӕмӕ Йегъовӕимӕ куыд ӕнгом стӕм, уымӕй. Мах сбӕлвырд кӕнӕм, «ахсджиагдӕр цы у, уый» ӕмӕ, нӕ уырнындзинад фидар кӕнынӕн ногӕй-ногмӕ цы хӕринаг исӕм, уымӕй нӕхи ӕфсадӕм (Фил. 1:10; 4:8, 9; Иоан. 17:3). Ӕдзухдӕр хъуамӕ нӕ зӕрдыл дарӕм иу хъуыддаг: организации вӕййы, разамынд чи дӕтты ӕмӕ разамындмӕ чи хъусы, уыдон ӕмӕ иууылдӕр хъуамӕ кӕрӕдзиимӕ ӕмгуыст кӕной. Уӕдӕ йӕ хъуамӕ ӕмбарӕм, Йегъовӕ нын йӕ хъуыддаг аразынӕн цыдӕриддӕр радта, уымӕй раст кӕй хъуамӕ пайда кӕнӕм. Уымӕ хауынц нӕ рӕстӕг, нӕ хъарутӕ, нӕ курдиӕттӕ ӕмӕ не ’хца. Йегъовӕйы уӕларвон бӕхуӕрдонӕй фӕстейӕ куы нӕ зайӕм, уӕд уымӕй бӕрӕг уыдзӕн, нӕ цард кӕй аразӕм, цы хабар хъусын кӕнӕм, уымӕ гӕсгӕ.

17 Мах хъӕуы Хуыцауы фӕндон ӕххӕст кӕнын, ӕмӕ нын уый ӕнтысы йӕ организацийы фӕрцы. Куыд загътам, афтӕмӕй уыцы уӕларвон бӕхуӕрдон Йегъовӕ йӕхӕдӕг тӕры. Ӕмӕ дзы мах дӕр фӕстейӕ кӕй нӕ зайӕм, уымӕй ӕвдисӕм, Йегъовӕйы кӕй нымайӕм ӕмӕ нӕ фидар Къӕдзӕхыл нӕ ныфс кӕй дарӕм (Пс. 18:31). Библийы фыст ис: «Йегъовӕ йӕ адӕмӕн ратдзӕн хъару. Йегъовӕ раарфӕ кӕндзӕн йӕ адӕмӕн ӕмӕ сын ратдзӕн фарн» (Пс. 29:11). Абон мах дӕр Йегъовӕйы организацийы кӕй стӕм, уый фӕрцы хайджын стӕм, йӕ адӕмӕн цы фарн ӕмӕ цы хъару дӕтты, уымӕй. Ӕмӕ афтӕ уыдзӕн дарддӕр дӕр: амӕй фӕстӕмӕ дӕр ӕмӕ ӕнустӕм дӕр мах ӕххӕст кӕндзыстӕм Йегъовӕйы фӕндон ӕмӕ хайджын уыдзыстӕм бирӕ арфӕдзинӕдтӕй!

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын