Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • w13 15/4 22–26 фф.
  • «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут»

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • «Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут»
  • Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ УӔЛАРВОН ХАЙ
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ ЗӔХХОН ХАЙ
  • «АХСДЖИАГДӔР ЦЫ У, УЫЙ» НӔ РОХ КӔНЫНЦ
  • ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИ АЛЦӔМӔЙ ДӔР ФӔЗМ
  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Хорз цы у, уый аразгӕйӕ ма бафӕллайут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Йегъовӕ йӕ организацийӕн разамынд дӕтты
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
Фылдӕр фенын
Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
w13 15/4 22–26 фф.

«Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут»

«Ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕнут» (ФИЛ. 1:10).

ФАРСТАТӔ АХЪУЫДЫ КӔНЫНӔН

  • Исай, Йезекил ӕмӕ Данел цы цӕстылуайӕнтӕ федтой, уыдон нӕ ныфс куыд уадзынц?

  • Йегъовӕйы организацийы зӕххон хайӕн ахсджиагдӕр цы у, уымӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

  • Ацы статья дӕ цӕмӕ баразӕнгард кодта?

1, 2. Йесо фӕстаг бонты тыххӕй цы пехуымпар-ныхӕстӕ загъта, уыдонӕй йӕ ахуыргӕнинӕгты уӕлдай тынгдӕр кӕцы ныхӕстӕ бацымыдис кодтаиккой ӕмӕ цӕмӕн?

ЙЕСО ЧЫРЫСТИ йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн загъта, Иерусалимы кувӕндон пырхгонд кӕй ӕрцӕудзӕн. Петр, Иаков, Иоанн ӕмӕ Андрейы йӕ ныхӕстӕ хъуыдытыл бафтыдтой (Мар. 13:1–4). Ӕмӕ Йесоимӕ иунӕгӕй куы баззадысты, уӕд ӕй бафарстой: «Зӕгъ-ма нын, кӕд ӕрцӕудзысты уыцы хабӕрттӕ, стӕй, кӕй ӕрцыдтӕ ӕмӕ ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон кӕй ӕрхӕццӕ, уый цӕмӕй уыдзӕн бӕрӕг?» (Матф. 24:1–3). Йесо сын радзырдта, уыцы рӕстӕг цы хабӕрттӕ цӕудзӕн. Уыцы хабӕртты тыххӕй цард хъуамӕ цӕхгӕр фӕивтаид. Стӕй ма, Йесойы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы хабӕрттӕй бӕрӕг уыдаид, Хӕйрӕджы фыддунейӕн йӕ фӕстаг бонтӕ кӕй ралӕууыдысты, уый. Фыццаг уал сын радзырдта, кӕй уыдзӕн хӕстытӕ, адӕм хӕринагхъуаг кӕй ӕййафдзысты, фыдхъуыддӕгтӕ кӕй сарӕх уыдзысты ӕмӕ ӕндӕр ахӕм ӕвирхъау хабӕрттӕ кӕй цӕудзӕн. Фӕлӕ стӕй загъта, фӕстаг бонты ма ноджыдӕр хорз цыдӕр кӕй уыдзӕн. Ӕмӕ уыцы ныхӕстӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты уӕлдай тынгдӕр бацымыдис кодтаиккой. Йесо загъта: «Хуыцауы паддзахады тыххӕй ацы хорз хабар хъуыстгонд ӕрцӕудзӕн ӕгас зӕххы цъарыл дӕр, цӕмӕй уый тыххӕй ӕппӕт адӕмтӕ дӕр фехъусой. Ӕмӕ уӕд ӕрцӕудзӕн кӕрон» (Матф. 24:7–14).

2 Йесойӕн йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ уӕдмӕ дӕр йемӕ хорз хабар хъусын кодтой (Лук. 8:1; 9:1, 2). Стӕй, ӕвӕццӕгӕн, сӕ зӕрдыл лӕууыдысты йӕ ныхӕстӕ дӕр: «Кӕрдинаг, бӕгуыдӕр, бирӕ ис, кусджытӕ та – гыццыл. Уӕдӕ курут хуымы Хицауӕй, цӕмӕй йӕ хуыммӕ кусджытӕ рарвита» (Лук. 10:2). Фӕлӕ «ӕгас зӕххы цъарыл дӕр» ӕмӕ «ӕппӕт адӕмтӕн дӕр» куыд хъуамӕ фехъусын кодтаиккой? Уыйбӕрц кусджытӕ кӕцӕй хъуамӕ фӕзындаид? Йесойы ахуыргӕнинӕгтӕн сӕ хъуыдыйы кӕрон дӕр нӕ уыд, Матфейы 24:14 фыст ныхӕстӕ абон ахӕм диссаджы хуызы кӕй ӕххӕст кӕндзысты!

3. Лукайы 21:34 фыст ныхӕстӕм абон уӕлдай тынгдӕр цӕмӕн хъӕуы хъус ӕрдарын? Алкӕй дӕр нӕ цӕуыл хъӕуы ахъуыды кӕнын?

3 Йесойы ныхӕстӕ ӕххӕст кӕнынц нӕ рӕстӕджы. Ӕгас зӕххыл дӕр милуангай адӕймӕгтӕ Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъусын кӕнынц (Ис. 60:22). Фӕлӕ Йесо куыд бамбарын кодта, афтӕмӕй фӕстаг бонты иуӕй-иутӕн зын уыдзӕн уыцы хъуыддаг сӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрын, уымӕн ӕмӕ сӕ зӕрдӕтӕ ӕндӕр хъуыддӕгты тыххӕй «ӕруӕззау уыдзысты». (Бакӕс Лукайы 21:34.) Йесойы ныхӕстӕм абон уӕлдай тынгдӕр хъӕуы хъус ӕрдарын, уымӕн ӕмӕ Хуыцауы лӕггадгӕнджытӕй кӕмӕйдӕрты хатт айрох вӕййы, ахсджиагдӕр цы у, уый. Ӕмӕ уый бӕрӕг у, зӕгъӕм, куыст ӕмӕ уӕлдӕр ахуыры фӕдыл цы уынаффӕтӕ рахӕссынц, мулкмӕ цы цӕстӕй кӕсынц, стӕй спорт ӕмӕ ирхӕфсӕнтыл цас рӕстӕг хардз кӕнынц, уымӕй. Чидӕртӕ та царды сагъӕстыл афтӕ свӕййынц, ӕмӕ сын Хуыцауӕн лӕггад кӕнынӕн хъарутӕ нал вӕййы. Уӕдӕ хорз уаид, алчидӕр нӕ куы ахъуыды кӕнид: «Мӕнӕн та мӕ хабар куыд у? Хуыцауы фӕндон мын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр у?»

4. а) Павел филиппӕгты тыххӕй куыд куывта ӕмӕ цӕмӕн? ӕ) Ацы статьяйы цӕуыл аныхас кӕндзыстӕм ӕмӕ нын уый куыд баххуыс кӕндзӕн?

4 Фыццаг ӕнусы цӕрӕг чырыстӕтты хъуыди зӕрдиагӕй архайын, цӕмӕй сын царды ӕппӕты сӕйрагдӕр уыдаид Хуыцауӕн лӕггад кӕнын. Уый бӕрӕг у, апостол Павел филиппӕгтӕм цы ныффыста, уымӕй. Павел загъта, уыдоны тыххӕй кӕй кувы, цӕмӕй-иу, «ахсджиагдӕр цы у, уый сбӕлвырд кӕной». (Бакӕс Филиппӕгтӕм 1:9–11.) Ӕнӕуи уыцы рӕстӕджы чырыстӕттӕн сӕ фылдӕр Павелау Хуыцауы ныхас уӕндонӕй дзырдтой, ницӕмӕй тарстысты (Фил. 1:12–14). Ӕмӕ абон махӕн дӕр нӕ фылдӕр хорз хабар ныфсджынӕй хъусын кӕнынц. Фӕлӕ ма нын нӕ ныфсыл ноджыдӕр ныфс бафтаудзӕн, ацы статьяйы цӕмӕ ӕркӕсдзыстӕм, уый. Мах аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕ йӕ организацийы фӕрцы Матфейы 24:14 фыст ныхӕстӕ куыд ӕххӕст кӕны, ууыл. Ӕмӕ нын уый баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы ноджы зӕрдиагдӕрӕй архайӕм. Уӕдӕ куыд архайы Йегъовӕйы организаци ӕмӕ уый нӕхи дӕр ӕмӕ нӕ бинонты дӕр цӕмӕ хъуамӕ разӕнгард кӕна?

ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ УӔЛАРВОН ХАЙ

5, 6. а) Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн цӕмӕн равдыста, йӕ организацийы уӕларвон хай куыд архайы, уый? ӕ) Йезекил цӕстылуайӕны цы федта?

5 Йегъовӕ йӕ Ныхасы алцыдӕр нӕ ныффыссын кодта. Зӕгъӕм, адӕймаджы сӕры магъз куыд кусы кӕнӕ Дун-дуне куыд конд у, уый тыххӕй дзы лыстӕг хабӕрттӕ нӕй фыст, кӕд уыдӕттӕ тынг цымыдисаг уыдаиккой, уӕддӕр. Фӕлӕ дзы Йегъовӕ ныффыссын кодта, йӕ фӕндон бамбарынӕн ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ цӕрынӕн чи ӕххуыс кӕны, уыцы хабӕрттӕ (2 Тим. 3:16, 17). Уӕдӕ хъус ӕрдаринаг куыннӕ у, Йегъовӕ нын Библийы уылты йӕ организацийы уӕларвон хайы тыххӕй цавӕрдӕр хабӕрттӕ кӕй раргом кодта, уый. Уыцы диссаджы хабӕрттӕ фыст сты Исайы, Йезекилы ӕмӕ Данелы чингуыты, стӕй Раргомады чиныджы дӕр (Ис. 6:1–4; Йез. 1:4–14, 22–24; Дан. 7:9–14; Рарг. 4:1–11). Зӕгъӕн ис, ӕмӕ Йегъовӕ арвы дуар байгом кодта, цӕмӕй, уӕлӕрвты цы цӕуы, уый фенӕм. Уыцы хабӕрттӕ нын цӕмӕн раргом кодта?

6 Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй макуы рох кӕнӕм, йӕ организаци ӕнӕхъӕн Дун-дунейы кӕй архайы ӕмӕ мах дӕр уыцы организацийӕ кӕй стӕм. Цӕмӕй Йегъовӕйы фӕндон ӕххӕст кӕна, уый тыххӕй йӕ организацийы уӕларвон хай кӕны стыр куыст, кӕд мах уый нӕ уынӕм, уӕддӕр. Зӕгъӕм, Йезекил цӕстылуайӕны федта уӕларвон уӕрдон – уый ӕвдыста Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай. Уыцы уӕрдон цыди тынг тагъд, стӕй йӕ бон уыд иуырдӕм дӕр ӕмӕ иннӕрдӕм дӕр цӕстыфӕныкъуылдмӕ фӕзилын (Йез. 1:15–21). Йезекил ма федта, уӕрдоны чи бадт, уый дӕр ӕмӕ загъта, зӕгъгӕ, «астӕуӕй уӕлӕмӕ урс сызгъӕринау... ӕрттывта, йӕ алыварс та цыма арт сыгъди». Стӕй ма загъта: «Уый уыди Йегъовӕйы кады хуызӕн» (Йез. 1:25–28). Йезекилы уыцы цӕстылуайӕн дисы куыннӕ бафтыдтаид! Уый федта, Йегъовӕ йӕ организацимӕ ӕдзухдӕр йӕ хъус кӕй дары ӕмӕ йын йӕ сыгъдӕг тыхӕй разамынд кӕй дӕтты. Куыд хорз ӕвдисы уыцы цӕстылуайӕн, Йегъовӕйы организацийы уӕларвон хай куыд архайы, уый!

7. Данел цы цӕстылуайӕн федта, уый нӕ ныфс куыд уадзы?

7 Данел дӕр федта, ныфс нӕ чи уадзы, ахӕм цӕстылуайӕн. Уымӕ ахӕм кад ӕрхауд, ӕмӕ федта Йегъовӕйы, «раджы замантӕй фӕстӕмӕ Чи ис, уый». Йӕ паддзахбадӕн уыд пиллон арты хуызӕн ӕмӕ лӕууыд цӕлхытыл (Дан. 7:9). Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй Данел федтаид, Хуыцауы организаци ӕдзухдӕр размӕ кӕй цӕуы ӕмӕ йын йӕ фӕндон кӕй ӕххӕст кӕны. Данел ма федта «адӕймаджы фырты хуызӕн кӕйдӕр» – Йесойы. Уымӕн Хуыцау йӕ бар бакодта йӕ организацийы зӕххон хай. Йесо адӕмӕн хицау цыбыр рӕстӕг нӕ уыдзӕн, фӕлӕ «ӕнустӕм, йӕ хицауы бартӕ йын никуы байсдзысты, ӕмӕ йӕ паддзахад никуы ныппырх уыдзӕн» (Дан. 7:13, 14). Ацы цӕстылуайӕны фӕрцы ноджы тынгдӕр ӕууӕндӕм Йегъовӕйыл ӕмӕ нӕ дызӕрдыг кӕнӕм, рӕстӕй кӕй архайы, ууыл. Уый йӕ Фыртӕн радта «хицауы бартӕ, кад ӕмӕ паддзахад», ӕмӕ уымӕй бӕрӕг у, кӕй йыл ӕууӕнды. Уӕдӕ мах дӕр хъуамӕ ӕууӕндӕм нӕ Разамонӕг Йесойыл.

8. Йегъовӕ Йезекилӕн ӕмӕ Исайӕн цы цӕстылуайӕнтӕ равдыста, уыдон сыл куыд фӕзындысты? Уыцы цӕстылуайӕнтӕ махыл та куыд хъуамӕ фӕзыной?

8 Ацы цӕстылуайӕнтӕ махыл куыд хъуамӕ фӕзыной? Хуыцау цы стыр хъуыддӕгтӕ аразы, уыдон мах дӕр Йезекилау дисы ӕфтауынц (Йез. 1:28). Пехуымпар Исай дӕр цӕстылуайӕны федта, уӕлӕрвты цы хабӕрттӕ цӕуы, уыдон. Ӕмӕ ӕнӕ рахъуыды-бахъуыдыйӕ сразы ис, цӕмӕй иннӕтӕн дӕр радзырдтаид, Йегъовӕ цы аразы, уый тыххӕй. (Бакӕс Исайы 6:5, 8.) Исай ӕппындӕр нӕ дызӕрдыг кодта, Йегъовӕйы ӕххуысӕй йӕ бон кӕй бауыдзӕн, цы йын бахӕс кодта, уый сӕххӕст кӕнын. Исайау мах дӕр хъуамӕ фӕнда Хуыцауы хъуыддаджы фылдӕр аразын ӕмӕ афтӕмӕй йӕ организацийӕн ӕххуыс кӕнын. Йегъовӕйы организаци ӕдзухдӕр размӕ куыд цӕуы ӕмӕ Хуыцауы фӕндон куыд ӕххӕст кӕны, ууыл хъуыды кӕнгӕйӕ нӕ ныфсыл ныфс куыннӕ ӕфты!

ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИЙЫ ЗӔХХОН ХАЙ

9, 10. Йегъовӕ афтӕ цӕмӕн бакодта, цӕмӕй йӕ организаци зӕххыл дӕр уа?

9 Йегъовӕ афтӕ бакодта, цӕмӕй йӕ организаци уа зӕххыл дӕр. Ӕмӕ уый сарӕзта йӕ Фырты фӕрцы. Хуыцауы организацийӕн йӕ зӕххон хай дӕр ӕмӕ йӕ уӕларвон хай дӕр уыцы иу куыст кӕнынц – архайынц, цӕмӕй Матфейы 24:14 фыст ныхӕстӕ сӕххӕст уой. Фӕлӕ цымӕ уыцы куыст бакӕнынӕн зӕххыл организаци цӕмӕн хъуыд? Ӕркӕсӕм, уый цавӕр ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй хъуыди, уымӕ.

10 Фыццаг: Йесо куыд загъта, афтӕмӕй йӕ ахуыргӕнинӕгтӕ хорз хабар хъуамӕ фӕхӕццӕ кодтаиккой «суанг зӕххы кӕрӕттӕм дӕр» (Хъуыд. 1:8). Дыккаг: хъусын кӕныны хъуыддаджы чи архайдтаид, уыдоныл хъуыдаид тыхсын ӕмӕ сын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг дӕттын (Иоан. 21:15–17). Ӕртыккаг: хъуыдаид сӕ иумӕ ӕмбырд кӕнын, цӕмӕй Йегъовӕйӕн куывтаиккой ӕмӕ, хъусын кӕнын куыд хъӕуы, ууыл ахуыр кодтаиккой (Дзут. 10:24, 25). Ацы хъуыддӕгтӕ сӕхигъӕдӕй ницы хуызы рауадаиккой. Цӕмӕй Чырыстийы фӕдылдзӕуджытӕ ӕнтыстджынӕй хъусын кодтаиккой, уый тыххӕй сӕ хъуыди бӕлвырд уаг ӕмӕ ӕгъдаумӕ гӕсгӕ архайын.

11. Нӕ бон куыд у Йегъовӕйы организацийӕн ӕххуыс кӕнын?

11 Йегъовӕйы организацийӕн нӕ бон цавӕр хъуыддӕгты у ӕххуыс кӕнын? Зӕгъӕм, ахсджиаг у, хъусын кӕныны хъуыддаджы йӕхимӕ разамынд чи исы, уыцы ӕфсымӕртыл алкӕддӕр ӕууӕндын, Йегъовӕ ӕмӕ сыл Йесо куыд ӕууӕндынц, афтӕ. Уыцы ӕфсымӕртӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ, дунейы цы зындзинӕдтӕ ис, уыдон аскъуыддзаг кӕныныл нӕ хардз кӕнынц. Уӕдӕ цы у сӕ сӕйраг мӕт? Ӕркӕсӕм, рагӕй фӕстӕмӕ дӕр Йегъовӕйы организаци зӕххыл сӕйраджыдӕр цы куыст кӕны, уымӕ.

«АХСДЖИАГДӔР ЦЫ У, УЫЙ» НӔ РОХ КӔНЫНЦ

12, 13. Алы бӕстӕты хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи дӕтты, уыцы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ сӕ хӕстӕ куыд ӕххӕст кӕнынц? Уый дӕуӕн дӕ ныфсыл ныфс куыд ӕфтауы?

12 Ӕгас зӕххыл дӕр фӕлтӕрд хистӕр нӕлгоймӕгтӕй кӕмӕндӕрты бахӕс кӕнынц, цӕмӕй, цы бӕстӕйы лӕггад кӕнынц, уым хъусын кӕныны хъуыддагмӕ сӕ хъус дарой ӕмӕ йын разамынд дӕттой. Уыцы ӕфсымӕрты исты уынаффӕ рахӕссын куы фӕхъӕуы, уӕд разамынд фӕагурынц Библийы, ӕмӕ афтӕмӕй фӕархайынц псаломзарӕггӕнӕджы ныхӕстӕм гӕсгӕ, зӕгъгӕ, «дӕ ныхас у цырагъ мӕ къахӕн ӕмӕ рухс – мӕ фӕндагӕн». Стӕй ма Йегъовӕмӕ зӕрдӕбынӕй фӕкувынц, цӕмӕй-иу сын бацамона, куыд бакӕной, уый (Пс. 119:105; Матф. 7:7, 8).

13 Хъусын кӕныны хъуыддагӕн разамынд чи дӕтты, уыцы ӕфсымӕртӕ сӕ рӕстӕг ӕмӕ сӕ хъарутӕ дӕттынц «Хуыцауы ныхас амонынӕн», ӕмӕ афтӕмӕй фӕзмынц фыццаг ӕнусы цӕрӕг цӕстдарджыты (Хъуыд. 6:4). Уыдон тынг цин кӕнынц, сӕхи территорийы дӕр ӕмӕ ӕгас дунейы дӕр ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕ хорз хабар афтӕ ӕнтыстджынӕй кӕй хъусын кӕнынц, ууыл (Хъуыд. 21:19, 20). Уыцы ӕфсымӕртӕ дуне закъӕттӕ не сфидар кӕнынц, фӕлӕ, ӕнӕмӕнг цы хъӕуы, уыдӕттӕ спълан кӕнынц, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа. Ӕмӕ уый фӕаразынц Библийы уынаффӕтӕм гӕсгӕ ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхы разамындмӕ гӕсгӕ. (Бакӕс Хъуыддӕгтӕ 15:28.) Уыцы бӕрнон ӕфсымӕртӕ афтӕ зӕрдиагӕй кӕй архайынц, уымӕй ӕмбырдты алкӕмӕн дӕр сты фӕзминаг (Еф. 4:11, 12).

14, 15. а) Цӕмӕй хорз хабар ӕгас зӕххыл дӕр хъуыстгонд цӕуа, уый тыххӕй цавӕр хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуы? ӕ) Дӕумӕ дӕр ахӕм кад кӕй ӕрхауд, цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаджы архайай, уый тыххӕй цы хъуыды кӕныс?

14 Цӕмӕй нын уырнындзинад фидаргӕнӕн хӕринаг уа, стӕй фембӕлдтӕ ӕмӕ конгресстӕ цӕуой, уый тыххӕй ӕдзухдӕр арӕзт цӕуы стыр куыст, кӕд ӕй бирӕтӕ нӕ уынынц, уӕддӕр. Мингай барвӕндон лӕггадгӕнджытӕ ӕвӕллайгӕйӕ кусынц ӕмӕ нӕ публикацитӕ тӕлмац кӕнынц иу-600 ӕвзагмӕ, цӕмӕй, гӕнӕн уӕвгӕйӕ, фылдӕр адӕм сӕ мадӕлон ӕвзагыл фехъусой «Хуыцауы стыр хъуыддӕгты тыххӕй» (Хъуыд. 2:7–11). Не ’рыгон ӕфсымӕртӕ ӕмӕ хотӕй бирӕтӕ кусынц типографиты тагъд мыхуыргӕнӕн станоктыл ӕмӕ чиныгаразӕн станоктыл. Уыцы литературӕ стӕй арвитынц ӕмбырдтӕм, суанг, тынг дард рӕтты чи ис, уыцы ӕмбырдтӕм дӕр.

15 Цӕмӕй нӕ алчидӕр йе ’мбырдимӕ хорз хабар ӕнтыстджынӕй хъусын кӕна, уый тыххӕй дӕр бирӕ хъуыддӕгтӕ арӕзт цӕуы. Зӕгъӕм, мингай барвӕндон кусджытӕ аразынц Паддзахады залтӕ ӕмӕ Конгрессты залтӕ, чидӕртӕ сӕ ӕххуыс кӕнынц, ӕрдзон бӕллӕх зиан кӕмӕн ӕрхӕссы, уыдонӕн, чидӕртӕ та – дохтырты ӕххуыс ӕвӕстиатӕй кӕй бахъӕуы, уыцы хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн. Чидӕртӕ бацӕттӕ кӕнынц конгресстӕ, чидӕртӕ та фӕуадзынц, нӕ организацийы цы скъолатӕ ис, уыдон. Ӕппӕт ацы хъуыддӕгтӕ цӕмӕн хъӕуынц? Цӕмӕй хъусын кӕныны хъуыддаг размӕ цӕуа ӕмӕ ноджы фылдӕр адӕм рӕстдзинад базоной, стӕй нӕхи уырнындзинад дӕр фидардӕр кӕна. Уӕдӕ бӕрӕг у, Йегъовӕйы организацийӕн зӕххыл йе ’ргом здӕхт кӕй у, ахсджиагдӕр цы у, уымӕ.

ЙЕГЪОВӔЙЫ ОРГАНИЗАЦИ АЛЦӔМӔЙ ДӔР ФӔЗМ

16. Дӕ бинонтимӕ кӕнӕ дӕхӕдӕг Библи куы ахуыр кӕнай, уӕд дӕ бон цы у раиртасын?

16 Йегъовӕйы организаци цы хъуыддӕгтӕ аразы, ууыл ахъуыды кӕнынӕн-иу рӕстӕг рахицӕн кӕнӕм? Иуӕй-иутӕ уыцы хабӕрттӕ фӕиртасынц, сӕ бинонтимӕ кӕнӕ сӕхӕдӕг Библи куы фӕахуыр кӕнынц, уӕд. Зӕгъӕм, хорз уаид, Исай, Йезекил, Данел ӕмӕ Иоанн цы диссаджы цӕстылуайӕнтӕ федтой, уыдон раиртасын. Хуыцауы организацийы тыххӕй ма бирӕ цымыдисаг хабӕрттӕ базонӕн ис чиныгӕй «Свидетели Иеговы – возвещатели Царства Бога» ӕмӕ ӕндӕр ахӕм публикацитӕй кӕнӕ кинонывтӕй.

17, 18. а) Ацы статья дын куыд баххуыс кодта? ӕ) Цӕуыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм?

17 Йегъовӕ йӕ организацийы фӕрцы цы хъуыддӕгтӕ аразы, ууыл хъуыды кӕнын махӕн у стыр пайда. Цӕй уӕдӕ мах дӕр нӕ диссаджы организаци фӕзмӕм ӕмӕ, ахсджиагдӕр цы у, уый нӕ царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм. Ӕмӕ уӕд махӕн дӕр Павелау нӕ бон уыдзӕн фидарӕй зӕгъын: «Хуыцау [нын] ахӕм куыст йӕ фӕлмӕнзӕрдӕдзинадмӕ гӕсгӕ кӕй бахӕс кодта, уымӕ гӕсгӕ нӕ ныфс нӕ сӕтты» (2 Кор. 4:1). Павел ма йе ’фсымӕрты разӕнгард кодта: «Хорз цы у, уый аразгӕйӕ нӕ ныфс ма асӕттӕд, уымӕн ӕмӕ йӕ рӕстӕджы ӕркӕрддзыстӕм тыллӕг, кӕд нӕ бафӕллайӕм, уӕд» (Гал. 6:9).

18 Мыййаг, нӕхи кӕнӕ нӕ бинонты исты хъӕуы фӕивын, цӕмӕй, ахсджиагдӕр цы у, уый царды фыццаг бынаты ӕвӕрӕм? Нӕ бон нӕ уаид нӕ цард фӕхуымӕтӕгдӕр кӕнын ӕмӕ бацархайын, цӕмӕй нын хъусын кӕнынӕн фылдӕр рӕстӕг уа? Иннӕ статьяйы аныхас кӕндзыстӕм, Йегъовӕйы организациимӕ размӕ цӕуынӕн нын чи баххуыс кӕндзӕн, уыцы фондз хъуыддагыл.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын