Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • od 6 сӕр, 53–58 фф.
  • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты фыдӕбонӕн стыр аргъ ис

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты фыдӕбонӕн стыр аргъ ис
  • Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • КӔСТӔРИУӔГГӔНӔГ ӔФСЫМӔР ЦАВӔР ХЪУАМӔ УА
  • ЦАВӔР ХӔСТӔ ӔХХӔСТ КӔНЫНЦ
  • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртыл ӕмбырды цавӕр хӕстӕ ис?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
  • Ӕфсымӕртӕ, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй лӕггад кӕнынмӕ тырнут?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Бӕрнон ӕфсымӕртӕй бузныг ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Фарстыты асыкк
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
Фылдӕр фенын
Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
od 6 сӕр, 53–58 фф.

6 СӔР

Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты фыдӕбонӕн стыр аргъ ис

АПОСТОЛ Павел Филиппты ӕмбырдмӕ ныффыста: «Павел ӕмӕ Тимофей, Йесо Чырыстийы цагъартӕ,– фыстӕг, Филиппты Йесо Чырыстиимӕ иудзинады чи ис, ӕппӕт уыцы сыгъдӕджытӕм, стӕй ӕмбырды цӕстдарджытӕм ӕмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕм» (Фил. 1:1). Бафиппайдтай йӕ, ацы стихы Павел кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты кой дӕр кӕй скодта? Бӕрӕг у, уыцы ӕфсымӕртӕ стыр ӕххуыс кӕй уыдысты ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн. Афтӕ у абон дӕр. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ цӕстдарджытӕн бирӕ хъуыддӕгты ӕххуыс кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырды алцыдӕр у уаг ӕмӕ ӕгъдауыл.

2 Де ’мбырды кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты зоныс? Зоныс ӕй, дӕуӕн дӕр ӕмӕ ӕнӕхъӕн ӕмбырдӕн дӕр куыд лӕггад кӕнынц? Уыцы ӕфсымӕрты фыдӕбонӕн Йегъовӕ тынг аргъ кӕны. Павел фыста: «Хорз чи кӕстӕриуӕг кӕны, уый ӕмбырды раз йӕхицӕн скӕны хорз ном ӕмӕ, Йесо Чырыстийыл кӕй ӕууӕнды, уый тыххӕй йӕ бон вӕййы сӕрибарӕй дзурын» (1 Тим. 3:13).

КӔСТӔРИУӔГГӔНӔГ ӔФСЫМӔР ЦАВӔР ХЪУАМӔ УА

3 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр хъуамӕ кӕна хӕрзӕгъдау цард, хъуамӕ уа ӕууӕнкджын ӕмӕ йын цы бахӕс кӕнынц, уый, куыд ӕмбӕлы, афтӕ араза. Уый бӕрӕг у, Павел уыдоны тыххӕй Тимофеймӕ цы ныффыста, уымӕй: «Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ дӕр хъуамӕ уой уӕззаузонд, ма уой дывзагон, нозтуарзаг, ма уой зыд ӕмӕ хи пайда ма агурой, уырнындзинадыл, ома сусӕгдзинадыл, фидар хӕцой ӕмӕ сӕ цӕсгом уа сыгъдӕг. Стӕй сӕ фыццаг хъӕуы бафӕлварын, уыцы хъуыддаг сын сӕ бар бакӕной, уый аккаг сты ӕви нӕ, ӕмӕ сӕм кӕд фау ӕрхӕссӕн ницӕмӕй уа, уӕд лӕггад кӕнӕнт. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн иу ус йеддӕмӕ ма уӕд, йӕ сывӕллӕттӕн ӕмӕ йӕ бинонтӕн уӕд хорз уынаффӕгӕнӕг» (1 Тим. 3:8–10, 12). Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй Библи цы домы, уымӕ ӕмбырд уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсы, ӕмӕ уый фӕрцы ӕмбырдмӕ ахӕм азым никӕй бон у ӕрхӕссын, зӕгъгӕ, кадджын хӕстӕ, аккаг чи нӕу, ахӕм адӕймӕгты бӕрны цӕмӕн кӕнут.

4 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ, ӕрыгӕттӕ дӕр ӕмӕ ацӕргӕтӕ дӕр, алы мӕй дӕр уацамынды ӕппӕт хъарутӕй фӕархайынц. Йесойау уыдон дӕр хъусын кӕныны хъуыддаджы сӕ удӕй арт цӕгъдынц. Ӕмӕ афтӕ зынгзӕрдӕйӕ кӕй архайынц, уымӕй ӕвдисынц, Йегъовӕйау сӕ тынг кӕй фӕнды, цӕмӕй адӕм фервӕзой (Ис. 9:7).

5 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ фӕзминаг сты сӕ конд ӕмӕ сӕ уындӕй, сӕ дзыхыныхасӕй, сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕй, стӕй сӕ зондахастӕй дӕр. Уыдон сты ӕмбаргӕ адӕймӕгтӕ, ӕмӕ сын уый фӕрцы иннӕты цӕсты кад вӕййы. Уымӕй уӕлдай, зӕрдиагӕй архайынц, цӕмӕй Йегъовӕимӕ ӕнгом уой ӕмӕ сыл ӕмбырды цы хӕстӕ ис, уыдонмӕ уӕлӕнгай цӕстӕй нӕ кӕсынц (Тит. 2:2, 6–8).

6 Ӕфсымӕрты уал фыццаг «бафӕлварынц, уыцы хъуыддаг сын сӕ бар бакӕной, уый аккаг сты ӕви нӕ». Цалынмӕ сӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй не снысан кӕнынц, уӕдмӕ дӕр бӕрӕг вӕййы, Хуыцауыл иузӕрдион кӕй сты, йӕ Паддзахад сӕ царды фыццаг бынаты кӕй ӕвӕрынц ӕмӕ цыфӕнды хӕс сӕххӕст кӕнынмӕ дӕр цӕттӕ кӕй сты. Уыдон, кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕмбырдӕн сты фӕзминаг (1 Тим. 3:10).

ЦАВӔР ХӔСТӔ ӔХХӔСТ КӔНЫНЦ

7 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕн бирӕ алыхуызон хъуыддӕгты лӕггад кӕнынц, ӕмӕ уый фӕрцы цӕстдарджытӕн фылдӕр рӕстӕг ис, цӕмӕй ӕмбырд ахуыр кӕной ӕмӕ фыййӕуттау дзугыл тыхсой. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн хистӕр нӕлгоймӕгты совет алыхуызон хъуыддӕгтӕ бабар кӕны, хуыздӕр сӕ чи цӕмӕ арӕхсы ӕмӕ ӕмбырды уавӕртӕ куыд домынц, уымӕ гӕсгӕ.

8 Ӕркӕсӕм уыцы хъуыддӕгтӕй иуӕй-иутӕм. Зӕгъӕм, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй иу дзуапп фӕдӕтты литературӕйӕн. Уыцы ӕфсымӕрӕй райсӕм литературӕ нӕхицӕн дӕр ӕмӕ уацамынды парахат кӕнынӕн дӕр. Чидӕртӕ сӕ дзуапп фӕдӕттынц ӕмбырды ӕхцатӕн кӕнӕ участоктӕн. Кӕмӕндӕрты та сӕ бахӕс кӕнынц микрофонтӕ хӕссын кӕнӕ звукоаппаратурӕмӕ кӕсын, сӕвӕрынц сӕ уагдартӕй ӕмӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгты феххуыс кӕнынц. Цӕмӕй Паддзахады зал ӕдзӕллаг уавӕрмӕ ма ӕрцӕуа ӕмӕ алкӕддӕр сыгъдӕг уа, уый тыххӕй хъӕуы бирӕ фыдӕбон кӕнын, ӕмӕ уыцы хъуыддаджы дӕр арӕх кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ феххуыс кӕнынц.

9 Иуӕй-иу ӕмбырдты вӕййы уый фадат, цӕмӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй алкӕцы дӕр дзуапп дӕтта ӕрмӕстдӕр иу хъуыддагӕн. Кӕмдӕрты та иу кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн бахӕс кӕнынц цалдӕр хъуыддаджы дӕр. Вӕййы афтӕ дӕр, ӕмӕ иу хъуыддагӕн дзуапп фӕдӕттынц цалдӕр кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ фаг куы нӕ вӕййы, уӕд хистӕр нӕлгоймӕгты совет уыцы ахсджиаг хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕны ӕндӕр фӕзминаг ӕфсымӕртӕн дӕр. Афтӕмӕй уыдон дӕр сфӕлтӕрынц, ӕмӕ сӕ фӕстӕдӕр кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕй куы снысан кӕнынц, уӕд сӕ хӕстӕм хуыздӕр фӕарӕхсынц. Кӕд ӕмбырды ӕфсымӕртӕ нӕй, уӕд иуӕй-иу хъуыддӕгтӕ бахӕс кӕнӕн ис фӕзминаг хойӕн дӕр, фӕлӕ уый ӕмбырды кӕстӕриуӕггӕнӕг лӕггадгӕнӕгӕй никуы снысан кӕндзысты. Цымӕ фӕзминаг лӕггадгӕнӕг схонӕн кӕй ис? Йӕ цард ӕмӕ йӕ лӕггад бафӕзмыны аккаг кӕмӕн у, уый. Ахӕм ӕфсымӕр кӕнӕ хо иннӕтӕн фӕзминаг вӕййы, ӕмбырдтӕм куыд цӕуы, хъусын кӕныны хъуыддаджы куыд архайы, ирхӕфсӕнтӕ куыд ӕвзары, уымӕй, стӕй йӕ бинонты цардӕй, йӕ конд ӕмӕ йӕ уындӕй ӕмӕ бирӕ ӕндӕр хъуыддӕгтӕй дӕр.

10 Хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фаг кӕм нӕй, уыцы ӕмбырдты арӕхстджын кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнӕн ис, цӕмӕй, донаргъуыд райсын кӕй фӕнды, уыдонимӕ аныхас кӕной. Сӕ бон адӕймагимӕ аныхас кӕнын у, Библийы ахуырӕдтыл дзырд кӕм цӕуы, ӕрмӕстдӕр уыцы хайыл. Уыцы фарстатӕ сты Уӕлӕмхасӕны «1 хай. Библийы сӕйраг ахуырӕдтӕ». Фӕлӕ Уӕлӕмхасӕны «2 хай. Чырыстон цард» та ис, адӕймаг алкӕимӕ кӕуыл нӕ аныхас кӕндзӕн, ахӕм фарстатӕ, ӕмӕ уымӕ гӕсгӕ уыцы хайыл йемӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймаг аныхас кӕна.

11 Кӕд хъӕуа, уӕд-иу хистӕр нӕлгоймӕгтӕ рӕстӕгӕй-рӕстӕгмӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн сӕ хӕстӕ фӕивдзысты. Фӕлӕ цӕмӕй ӕфсымӕртӕ сфӕлтӕрой ӕмӕ сӕ хӕстӕ хорз ӕххӕст кӕной, уый тыххӕй хуыздӕр уаид, алы ӕфсымӕр дӕр уыцы иу хъуыддаг цасдӕр рӕстӕг куы кӕнид.

12 Кӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн «йе ’нтыстдзинад алчидӕр уыны» ӕмӕ кӕд уавӕртӕ домынц, уӕд ын йӕ бар бакӕнӕн ис ӕндӕр хӕстӕ дӕр (1 Тим. 4:15). Кӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ фаг нӕй, уӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн бахӕс кӕнӕн ис, цӕмӕй лӕггад кӕна уацамындон къорды цӕстдарӕджы ӕххуысгӕнӕгӕй. Иуӕй-иу уавӕрты та йӕ снысан кӕнӕн ис уацамындон къорды лӕггадгӕнӕгӕй дӕр, ӕмӕ уӕд йӕ хӕстӕ ӕххӕст кӕндзӕн, хистӕр нӕлгоймӕгтӕ йӕм сӕ хъус дардзысты, афтӕмӕй. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнӕн ис, «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды кӕцыдӕр хӕслӕвӕрдтӕ, уыимӕ Библийы ахуыр ӕмбырдимӕ ауадзын дӕр, стӕй раныхӕстӕ дӕр. Уавӕр куы дома, уӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн бахӕс кӕнӕн ис ӕндӕр ахсджиаг хъуыддӕгтӕ дӕр, кӕд сӕм сӕ сӕххӕст кӕнынӕн ӕнӕмӕнгхъӕугӕ миниуджытӕ ис, уӕд (1 Пет. 4:10). Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ хъуамӕ хистӕр нӕлгоймӕгтӕн ӕнӕзивӕгӕй ӕххуыс кӕной.

13 Кӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты хӕстӕ хистӕр нӕлгоймӕгты хӕстӕй хицӕн кӕнынц, уӕддӕр Хуыцауы цӕсты сӕ лӕггадӕн дӕр къаддӕр аргъ нӕй. Цы хъуыддӕгтӕ аразынц, уыдон дӕр тынг ахсджиаг сты, цӕмӕй ӕмбырды алцыдӕр уа уаг ӕмӕ ӕгъдауыл. Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕр, цы хъуыддӕгтӕ йын бахӕс кӕнынц, уыдон хорз куы араза, стӕй фыййауы ӕмӕ ахуыргӕнӕджы хӕстӕ ӕххӕст кӕнынмӕ цӕттӕ куы уа, уӕд ын цасдӕры фӕстӕ, гӕнӕн ис, ӕмӕ рекомендаци раттой, цӕмӕй хистӕр нӕлгоймаг суа.

14 Кӕд рӕзгӕ кары дӕ кӕнӕ донаргъуыд нырма ӕрӕджы райстай, уӕд кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры хӕстӕм тырныс? (1 Тим. 3:1). Алы аз дӕр рӕстдзинады фӕндагыл бирӕ ног адӕм кӕй слӕууы, уымӕ гӕсгӕ ӕмбырдты алыхуызон хӕстӕ ӕххӕст кӕнынӕн хъӕуы уырнындзинады фӕлтӕрдджын ӕфсымӕртӕ. Уыцы хъуыддаг дӕ къухы бафтдзӕн, иннӕтӕн баххуыс кӕнынмӕ куы тырнай, уӕд. Зӕгъӕм, ахъуыды-иу кӕн Йесойы цӕвиттоныл (Матф. 20:28; Иоан. 4:6, 7; 13:4, 5). Дӕ рӕстӕг ӕмӕ дӕ хъарутӕ иннӕтӕн куы не ’вгъау кӕнай, уӕд дын уый циндзинад хӕсдзӕн, ӕмӕ дӕ уый фӕрцы ноджы тынгдӕр фӕнддзӕн иннӕтӕн лӕггад кӕнын (Хъуыд. 20:35). Уӕдӕ-иу иннӕтӕн балӕггад кӕнынмӕ дӕхӕдӕг фӕразӕй у. Паддзахады залмӕ зилын куы хъӕуа, уӕд дӕр-иу ӕнӕзивӕгӕй фӕкӕс. «Нӕ цард ӕмӕ нӕ лӕггад» чи хуыйны, уыцы фембӕлды хӕслӕвӕрдтӕ кӕмӕн уа, уыдонӕй искӕй фӕивын куы хъӕуа, уӕд-иу уымӕ дӕр цӕттӕ у. Стӕй ма дӕ хъӕуы ӕдзух Библи иртасын ӕмӕ уый фӕрцы дӕ удыхъӕды чырыстон миниуджытӕ фидар кӕнын (Пс. 1:1, 2; Гал. 5:22, 23). Уымӕй уӕлдай, кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕй лӕггад кӕнын кӕй фӕнды, уый ӕмбырды йӕ хӕстӕ ӕххӕстгӕнгӕйӕ хъуамӕ уа иузӕрдион ӕмӕ ӕууӕнчы аккаг (1 Кор. 4:2).

15 Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй ӕвӕрд ӕрцӕуынц, цӕмӕй ӕмбырдӕн лӕггад кӕной ӕмӕ дзы алцыдӕр уаг ӕмӕ ӕгъдауыл уа. Ӕмӕ хотӕ ӕмӕ ӕфсымӕртӕ се ’ппӕт дӕр семӕ ӕмгуыст куы фӕкӕнынц, уӕд уымӕй бӕрӕг вӕййы, сӕ фыдӕбоны тыххӕй сын кӕй аргъ кӕнынц. Стӕй афтӕмӕй ӕвдисынц, Йегъовӕйӕ кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты тыххӕй бузныг кӕй сты (Гал. 6:10).

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын