Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • km 9/05 6 ф.
  • Фарстыты асыкк

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фарстыты асыкк
  • Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты фыдӕбонӕн стыр аргъ ис
    Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны, уыцы организаци
  • Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртыл ӕмбырды цавӕр хӕстӕ ис?
    Абон зӕххыл Йегъовӕйы фӕндон чи ӕххӕст кӕны?
  • Бӕрнон ӕфсымӕртӕй бузныг ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2024
  • Йегъовӕ ӕмбырдӕн Йесойы уылты разамынд куыд дӕтты?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2005
km 9/05 6 ф.

Фарстыты асыкк

● Кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕртӕн, сӕхи ’мбырдӕй фӕстӕмӕ, ӕндӕр ӕмбырдты ӕргом раныхӕстӕ кӕсӕн кӕд ис?

Ӕмбырдты «амонын ӕмӕ ахуыр кӕныны» хӕс Фыстад ӕвӕры хистӕр нӕлгоймӕгтыл (1 Тим. 5:17, НТ; 3:2). Гӕнӕн уӕвгӕйӕ, ӕргом раныхӕстӕ хъуамӕ уыдон кӕсой. Кӕд хистӕр нӕлгоймӕгтӕ нӕ фаг кӕны,– иннӕ ӕмбырдтӕй сӕ куы хоной, уӕд дӕр,– уӕд ӕмбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕн сӕ бон у искӕцы кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрӕн бахӕс кӕнын, цӕмӕй сӕхи ӕмбырды ӕргом раныхӕстӕ кӕса.

Ӕнӕуи та хъуыддаг афтӕ у, ӕмӕ сӕхи ӕмбырдӕй уӕлдай, ӕндӕр ӕмбырдты ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймӕгтӕ хъуамӕ кӕсой ӕргом раныхӕстӕ. Фӕлӕ уӕ территорийы хистӕр нӕлгоймӕгтӕ куы нӕ фаг кӕна, уӕд, цӕмӕй ӕмбырдты ӕдзухдӕр раныхӕстӕ уа, уый тыххӕй сыхаг ӕмбырдтӕй ӕргом раныхасимӕ фӕхонӕн ис кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты дӕр. Сӕрдариуӕггӕнӕг цӕстдарӕгмӕ ӕндӕр ӕмбырдӕй куы бахатой, цӕмӕй сӕм кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕры раныхасимӕ рарвитой, ӕмӕ йе ’мбырды хистӕр нӕлгоймӕгтӕ ууыл разы куы уой, ацы ӕфсымӕр хорз сарӕхсдзӕн, зӕгъгӕ, уӕд ӕй ис арвитӕн. Фӕлӕ кӕд ӕндӕр ӕмбырды курдиаты бӕлвырдӕй кӕстӕриуӕггӕнӕг ӕфсымӕрты кой нӕ уыди, уӕд раныхасимӕ ӕрвитын хъӕуы ӕрмӕстдӕр хистӕр нӕлгоймӕгты.

Кӕд кӕцыдӕр къуыри, ӕргом раныхасимӕ чи рацӕуа, ахӕм ӕфсымӕр нӕ уа, уӕд «ӕууӕнкджын цагъары» уагъд раныхӕсты пълантӕй ӕмбырды цы ис, уыдонӕй искӕцы хъӕуы ӕмбырдӕн бакӕсын ӕмӕ дзы Библийӕ цы стихтӕ ис, уыдон иумӕ равзарын. Афтӕмӕй, раныхас чи бакӕса, ахӕм ӕфсымӕр уа ӕви нӕ, уӕддӕр уыцы фембӕлдӕй алчидӕр райсдзӕн пайда.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын