Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bhs 237–255 фф.
  • Уӕлӕмхасӕн

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕлӕмхасӕн
  • Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Иегъовӕйы диссаджы миниуджытӕн аргъ кӕнын сӕ ахуыр кӕн
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2006
  • Хуыцауы Ныхасы цы стыр тых ис, уымӕй уацамынды пайда кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2015
  • Данелы пехуымпарад Мессийӕйы ӕрцыды тыххӕй
    Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Йесо Чырысти — Хуыцауы базонынады дӕгъӕл
    Ӕнусон цардмӕ кӕнӕг базонынад
Фылдӕр фенын
Нӕ бон цы у Библийӕ базонын?
bhs 237–255 фф.

УӔЛӔМХАСӔН

1. ЙЕГЪОВӔ

Хуыцауы ном у Йегъовӕ. Иуӕй-иу ахуыргӕндты хъуыдымӕ гӕсгӕ нысан кӕны «Уый афтӕ бакӕны, ӕмӕ свӕййы». Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау, ӕмӕ ӕппӕт дӕр уый сфӕлдыста. Ахӕм хъару йӕм ис, ӕмӕ йӕ бон у, цыдӕриддӕр сфӕнд кӕны, уый саразын.

Дзуттагау Хуыцауы ном фыст уыд цыппар дамгъӕйӕ. Ирон ӕвзаджы уыцы дамгъӕтӕ сты ЙХВХ кӕнӕ ЙГЪВГЪ. Рагон Фӕдзӕхст фыст куы ’рцыд (фыст та ’рцыд дзуттаг ӕвзагыл), уӕд дзы Хуыцауы ном ӕмбӕлд 7 000 хатты бӕрц. Ӕгас дунейы дӕр адӕм Хуыцауы ном «Йегъовӕ» дзурынц алыхуызӕтты, алкӕмӕн дӕр йе ’взагыл куыд у, афтӕ.

▸ 1 сӕр, 15 абзац, фиппаинаг.

2. БИБЛИ У «ХУЫЦАУЫ КОМЫТӔФӔЙ ФЫСТ»

Библи у Хуыцауы Ныхас, фӕлӕ йӕ фысгӕ та адӕм кодтой. Уый абарӕн ис, хицау йӕ секретарӕн йӕ хъуыдытӕ писмойы куыд ныффыссын кӕна, уыимӕ. Библи чи фыста, уыдонӕн Хуыцау йӕ сыгъдӕг тыхы фӕрцы разамынд лӕвӕрдта, цӕмӕй-иу ын йӕ хъуыдытӕ ныффыстаиккой. Ныффыссын-иу цы хъуыд, уый сын сыгъдӕг тых алыхуызӕтты амыдта, зӕгъӕм, цӕстылуайӕнты кӕнӕ фынты фӕрцы. Ӕмӕ-иу цы федтой, уый-иу стӕй ныффыстой.

▸ 2 сӕр, 5 абзац.

3. УАГӔВӔРДТӔ

Библийы уагӕвӕрдтӕ сты Хуыцауы закъӕттӕн сӕ бындур. Уыдон нын ӕххуыс кӕнынц, Йегъовӕ цы хъуыды кӕны, уый бамбарынӕн, раст уынаффӕтӕ хӕссынӕн ӕмӕ, раст цы у, уый аразынӕн. Зӕгъӕм, ахӕм уагӕвӕрдӕй, «ӕвзӕр ӕмбӕлттӕ хорз ӕгъдӕуттӕ халгӕ кӕнынц», зӕгъгӕ, нӕ бон у базонын, кӕимӕ лымӕн кӕнӕм, уыдон ныл хорзырдӕм кӕнӕ ӕвзӕрырдӕм кӕй бандавынц (1 Коринфӕгтӕм 15:33). Уагӕвӕрдӕй, «адӕймаг цы байтауа, уый ӕркӕрддзӕн», зӕгъгӕ та базонӕн ис, цы аразӕм, уый ныл ӕнӕфӕзынгӕ кӕй нӕ фӕуыдзӕн (Галатӕгтӕм 6:7).

▸ 2 сӕр, 12 абзац.

4. ПЕХУЫМПАРАД

Уый у, Хуыцауӕй чи у, ахӕм хабар. Пехуымпарад фембарын кӕны, Хуыцауы фӕндон цы у, уый. Кӕцыдӕр пехуымпарӕдтӕ сты зондамындтӕ, фӕдзӕхстытӕ ӕмӕ тӕрхӕттӕ. Уымӕй уӕлдай ма пехуымпарадӕй базонӕн вӕййы, фидӕны цы хъуамӕ ’рцӕуа, уый дӕр. Ныридӕгӕн Библийы пехуымпарӕдтӕй бирӕтӕ сӕххӕст сты.

▸ 2 сӕр, 13 абзац.

5. ПЕХУЫМПАРӔДТӔ МЕССИЙӔЙЫ ТЫХХӔЙ

Библийы Мессийӕйы тыххӕй бирӕ пехуымпарӕдтӕ ис, ӕмӕ сӕххӕст сты Йесо Чырыстийыл. Кӕс рамкӕ «Пехуымпарӕдтӕ Мессийӕйы тыххӕй».

▸ 2 сӕр, 17 абзац, фиппаинаг.

ПЕХУЫМПАРӔДТӔ МЕССИЙӔЙЫ ТЫХХӔЙ

ПЕХУЫМПАРАД

ФЫСТ ИС

СӔХХӔСТ

Уыдзӕн Иудӕйы мыггагӕй

Райдиан 49:10

Лукайы 3:23–33

Райгуырдзӕн ӕнӕвнӕлд чызгӕй

Исай 7:14

Матфейы 1:18–25

Уыдзӕн паддзах Давиды байзӕддаг

Исай 9:7

Матфейы 1:1, 6–17

Йегъовӕ йӕ схондзӕн йӕ Фырт

Псалом 2:7

Матфейы 3:17

Бирӕты нӕ бауырндзӕн, Йесо Мессийӕ кӕй у, уый

Исай 53:1

Иоанны 12:37, 38

Иерусалиммӕ бацӕудзӕн хӕрӕгыл

Захари 9:9

Матфейы 21:1–9

Йе ’ввахс ӕмбал ӕй ауӕй кӕндзӕн

Псалом 41:9

Иоанны 13:18, 21–30

Ауӕй йӕ кӕндзысты 30 ӕвзист ӕхцайыл

Захари 11:12

Матфейы 26:14–16

Чи йӕ аххосджын кӕндзӕн, уыдоны раз ницы дзурдзӕн

Исай 53:7

Матфейы 27:11–14

Йӕ уӕлӕдарӕсыл ын хӕлттӕ ӕппардзысты

Псалом 22:18

Матфейы 27:35

Хъӕдыл ӕй куы ’рцауындзой, уӕд дзы хынджылӕг кӕндзысты

Псалом 22:7, 8

Матфейы 27:39–43

Йе стджытӕй иу дӕр саст не ’рцӕудзӕн

Псалом 34:20

Иоанны 19:33, 36

Йӕ мард ын бавӕрдзысты хъӕздгуытимӕ

Исай 53:9

Матфейы 27:57–60

Райгас уыдзӕн

Псалом 16:10

Хъуыддӕгтӕ 2:24, 27

Райгас уыдзӕн, цӕмӕй уӕлӕрвты Хуыцауы рахиз фарс ӕрбада

Псалом 110:1

Хъуыддӕгтӕ 7:55, 56

6. ЙЕГЪОВӔЙЫ ФӔНД ЗӔХХЫ ТЫХХӔЙ

Йегъовӕйы фӕндыд, цӕмӕй зӕхх суыдаид дзӕнӕт ӕмӕ йыл цардаиккой, Йегъовӕйы чи уарзы, ахӕм адӕм. Ӕмӕ йӕ фӕнд нӕ фӕивта. Тагъд Хуыцау фыддзинадӕн кӕрон скӕндзӕн ӕмӕ йӕ лӕггадгӕнджытӕн ӕнусон цард ратдзӕн.

▸ 3 сӕр, 1 абзац.

7. САЙТАН ХӔЙРӔГ

Хӕйрӕг у, Хуыцауы ныхмӕ фыццаг чи рацыд, уыцы зӕд. Библи йӕ хоны Сайтан, ома «ныхмӕлӕууӕг», уымӕн ӕмӕ тох кӕны Йегъовӕимӕ. Стӕй ма йӕ хоны Хӕйрӕг дӕр, ома «фыдкойгӕнӕг». Афтӕ та уымӕн хуыйны, ӕмӕ Хуыцауы тыххӕй мӕнг ныхӕстӕ кӕны ӕмӕ адӕмы сайы.

▸ 3 сӕр, 4 абзац.

8. ЗӔДТӔ

Йегъовӕ зӕдты зӕххӕй раздӕр сфӕлдыста. Сфӕлдыста сӕ уӕлӕрвты цӕрынӕн. Зӕдтӕ сты сӕдӕ милуанӕй фылдӕр (Данел 7:10). Уыдонӕн ис нӕмттӕ, стӕй сын ис алыхуызон удыхъӕд. Зӕдтӕ сты Хуыцауыл иузӕрдион. Уыдон сты сӕрныллӕг ӕмӕ сӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй сын адӕм кувой. Зӕдтӕ ахсынц алыхуызон бынӕттӕ ӕмӕ ӕххӕст кӕнынц алыхуызон хӕстӕ. Уыцы хӕстӕй иуӕй-иутӕ сты Йегъовӕйы паддзахбадӕны раз лӕггад кӕнын, йӕ ныхас ын адӕмӕн хъусын кӕнын, йӕ зӕххон лӕггадгӕнджыты йын хъахъхъӕнын ӕмӕ сын разамынд дӕттын, йӕ тӕрхӕттӕ йын ӕххӕст кӕнын ӕмӕ хъусын кӕныны хъуыддаджы ӕххуыс кӕнын (Псалом 34:7; Раргомад 14:6; 22:8, 9). Фидӕны та Армагеддоны хӕсты Йесоимӕ иумӕ хӕцдзысты Хуыцауы знӕгтимӕ (Раргомад 16:14, 16; 19:14, 15).

▸ 3 сӕр, 5 абзац; 10 сӕр, 1 абзац.

9. ТӔРИГЪӔД

Кӕд, нӕ зӕрдӕйы цы ис, цӕуыл хъуыды кӕнӕм кӕнӕ цы аразӕм, уый Йегъовӕйы фӕндоны ныхмӕ у, уӕд уый у тӕригъӕд. Тӕригъӕды тыххӕй адӕймаг Йегъовӕйӕ адард вӕййы. Ӕмӕ нын уымӕ гӕсгӕ Йегъовӕ радта закъӕттӕ ӕмӕ уагӕвӕрдтӕ, цӕмӕй нӕхи хизӕм, тӕригъӕдыл кӕй нымайы, уыцы хъуыддӕгтӕй. Уымӕй уӕлдай ма дзырд «тӕригъӕд» амоны, нӕ зӕрдӕ ӕвзӕрдзинадмӕ здӕхт кӕй у, уымӕ дӕр. Уый нӕ туджы Адамӕй рахастам. Йегъовӕ цы сфӕлдыста, уыдон райдианы иууылдӕр уыдысты ӕххӕст. Фӕлӕ Адам ӕмӕ Евӕ Йегъовӕйы ныхмӕ куы рацыдысты, уӕд афтӕмӕй тӕригъӕд ракодтой, ӕмӕ ӕххӕст нал уыдысты. Уыдон базӕронд сты ӕмӕ амардысты. Ӕмӕ адӕм иууылдӕр Адамӕй сӕ туджы тӕригъӕд кӕй рахастой, уымӕ гӕсгӕ зӕронд кӕнынц ӕмӕ мӕлынц.

▸ 3 сӕр, 7 абзац; 5 сӕр, 3 абзац.

10. АРМАГЕДДОН

Уый у Хуыцауы хӕст. Уыцы хӕсты Хуыцау кӕрон скӕндзӕн Хӕйрӕджы дунейӕн ӕмӕ ӕппӕт фыддзинадӕн.

▸ 3 сӕр, 13 абзац; 8 сӕр, 18 абзац.

11. ХУЫЦАУЫ ПАДДЗАХАД

Хуыцауы Паддзахад у, Йегъовӕ уӕлӕрвты кӕй сфидар кодта, уыцы хицауад. Йӕ Паддзах у Йесо Чырысти. Фидӕны Йегъовӕ уыцы Паддзахады фӕрцы ӕппӕт фыддзинадӕн дӕр кӕрон скӕндзӕн. Хуыцауы Паддзахад зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд дӕтдзӕн.

▸ 3 сӕр, 14 абзац.

12. ЙЕСО ЧЫРЫСТИ

Хуыцау ӕппӕты фыццаг сфӕлдыста Йесойы. Йегъовӕ йӕ зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй ӕппӕт адӕмы тыххӕй дӕр амардаид. Уый фӕстӕ йӕ Йегъовӕ райгас кодта. Ныр Йесо ис уӕлӕрвты ӕмӕ у Хуыцауы Паддзахады Паддзах.

▸ 4 сӕр, 2 абзац.

13. ПЕХУЫМПАРАД 70 КЪУЫРИЙЫ ТЫХХӔЙ

Библийы рагацау фыст ӕрцыд, Мессийӕ кӕд хъуамӕ фӕзындаид, уый. Уый хъуамӕ уыдаид, Библи 69 къуырийы кӕй хоны, уыцы рӕстӕджы кӕрон. Уыцы рӕстӕг райдыдта нӕ эрӕйы размӕ 455-ӕм азы ӕмӕ фӕци нӕ эрӕйы 29-ӕм азы.

Кӕцӕй зонӕм, уыцы рӕстӕг нӕ эрӕйы 29-ӕм азы кӕй фӕци, уый? 69 къуырийы райдыдтой нӕ эрӕйы размӕ 455-ӕм азы, Нееми Иерусалиммӕ куы ’рцыд ӕмӕ горӕт ногӕй аразын куы райдыдта, уӕд (Данел 9:25; Нееми 2:1, 5–8). Иу къуырийы ис авд боны. Фӕлӕ ацы пехуымпарады дзырд цы къуыритыл цӕуы, уыдоны ӕвдгай бонтӕ нӕй, фӕлӕ ӕвдгай азтӕ. Ӕмӕ сӕ афтӕ банымайӕн ис, Библийы пехуымпарӕдты бонтӕ арӕх нымад куыд фӕцӕуынц, уымӕ гӕсгӕ, ома «иу бонӕн аз» (Нымӕцтӕ 14:34; Йезекил 4:6). Уӕдӕ ацы къуыритӕй алкӕцыйы дӕр ис авд азы, ӕмӕ уӕд 69 къуырийы уайынц 483 азы (7 хатты 69). Ӕмӕ нӕ эрӕйы размӕ 455-ӕм азӕй 483 азы куы ранымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм нӕ эрӕйы 29-ӕм азмӕ. (Нӕ эрӕйы размӕ 1-ӕм азӕй нӕ эрӕйы 1-ӕм азмӕ ис 1 аз.) Раст уыцы аз Йесо донаргъуыд райста ӕмӕ сси Мессийӕ! (Лукайы 3:1, 2, 21, 22).

Ацы пехуымпарады ма ис ноджыдӕр иу къуырийы кой, ӕмӕ уыцы къуырийы дӕр ис авд азы. Уыцы къуырийы астӕу, нӕ эрӕйы 33 азы, Мессийӕйы хъуамӕ амардтаиккой. Ӕмӕ нӕ эрӕйы 36 азӕй райдайгӕйӕ та Хуыцауы Паддзахады тыххӕй хорз хабар хъуамӕ хъуыстгонд цыдаид ӕппӕт адӕмтӕн дӕр, ӕрмӕст дзуттӕгтӕн нӕ, фӕлӕ (Данел 9:24–27).

▸ 4 сӕр, 7 абзац.

Таблицӕ: Данелы 9-ӕм сӕры ӕвдай къуырийы тыххӕй цы пехуымпарад ис, уым фыст ис, Мессийӕ кӕд хъуамӕ фӕзындаид, уый

14. МӔНГ АХУЫРАД ТРОИЦӔЙЫ ТЫХХӔЙ

Библи зӕгъы, Йегъовӕ кӕй у Сфӕлдисӕг Хуыцау ӕмӕ ӕппӕты фыццаг Йесойы кӕй сфӕлдыста (Колоссӕгтӕм 1:15, 16). Йесо Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау нӕу. Уый афтӕ никуы дзырдта, ӕмӕ, Хуыцаумӕ цы бартӕ ис, уымӕ дӕр ахӕм бартӕ ис. Йесо загъта: «Мӕ Фыд мӕнӕй уӕлдӕр у» (Иоанны 14:28; 1 Коринфӕгтӕм 15:28). Фӕлӕ иуӕй-иу динтӕм ис Троицӕйы ахуырад, ома, дам, Фыд, Фырт ӕмӕ сыгъдӕг уд, кӕнӕ сыгъдӕг тых, сты ӕртӕ удгоймаджы ӕмӕ, дам, иумӕ сты иу Хуыцау. Дзырд «Троицӕ» Библийы нӕй. Уый у мӕнг ахуырад.

Сыгъдӕг тых у Хуыцауы ӕнӕуынгӕ архайгӕ тых, ӕмӕ уыцы тыхы фӕрцы ӕххӕст кӕны йӕ фӕндон. Сыгъдӕг тых удгоймаг нӕу. Зӕгъӕм, фыццаг чырыстӕтты тыххӕй Библийы фыст ис, «Хуыцауы сыгъдӕг тыхӕй схайджын сты», зӕгъгӕ. Йегъовӕ та загъта: «Ӕз мӕ тых ӕруадздзынӕн алыхуызон адӕймӕгтыл» (Хъуыддӕгтӕ 2:1–4, 17).

▸ 4 сӕр, 12 абзац, фиппаинаг; 15 сӕр, 17 абзац.

15. КРЕСТ (ДЗУАР)

Ӕцӕг чырыстӕттӕ крест табуйагыл цӕуылнӕ нымайынц?

  1. Мӕнг динтӕн крест рагӕй у табуйаг. Раджы заманты крестӕн табу кодтой, ӕрдзы тыхтӕн чи куывта ӕмӕ, сӕ дины ӕгъдӕуттӕ хӕлд митимӕ баст кӕмӕн уыдысты, уыцы адӕмтӕ. Йесойы мӕлӕты фӕстӕ 300 азы дӕргъы чырыстӕттӕ крестӕн нӕ табу кодтой. Фӕлӕ Ромы император Константины уынаффӕмӕ гӕсгӕ крест чырыстӕттӕн сси табуйаг. Крест табуйаг уымӕн скодтой, цӕмӕй ӕндӕр динтыл хӕст адӕм чырыстон аргъуантӕм цӕуын райдыдтаиккой. Фӕлӕ крест Йесо Чырыстимӕ ницы бар дардта. Иу энциклопедийы куыд фыст ис, афтӕмӕй адӕм крестӕн табу кодтой, цалынмӕ Йесо зӕхмӕ не ’рцыд, уӕдмӕ дӕр. Стӕй ма йын табу кодтой, Чырыстийыл чи не ’ууӕндыд, уыцы адӕм дӕр (New Catholic Encyclopedia).

  2. Йесо крестыл нӕ амард. «Крест»-ӕй цы грекъаг дзырдтӕ ратӕлмац кӕнынц, уыдон сӕйраджыдӕр нысан кӕнынц «ӕмраст хъӕд» кӕнӕ «бӕлас». Библийы дзырдтӕ чи ’мбарын кӕны, иу ахӕм чиныджы уыцы дзырдтӕй иуы тыххӕй фыст ис: «Уый никуы фӕамоны, кӕрӕдзийыл цӕхгӕрмӕ хуыд чи у, дыууӕ ахӕм хъӕдмӕ, фӕлӕ алы хатт дӕр фӕамоны ӕрмӕстдӕр иу хъӕдмӕ... Грекъаг ӕвзагыл [Ног Фӕдзӕхсты] дыууӕ хъӕды кой ӕппындӕр нӕй» (The Companion Bible). Йесойы байтыгътой ӕмраст хъӕдыл.

  3. Йегъовӕйы нӕ фӕнды, цӕмӕй нывтӕн кувӕм кӕнӕ крестӕн табу кӕнӕм (Рацыд 20:4, 5; 1 Коринфӕгтӕм 10:14).

▸ 5 сӕр, 12 абзац.

16. ӔРЫМЫСӔН ИЗӔР

Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй йын йӕ мӕлӕт Ӕрымысӕн изӕр бӕрӕг кӕной. Ӕмӕ йӕ алы аз дӕр бӕрӕг кӕнынц 14 нисаны, израилӕгтӕ Куадзӕн цы бон бӕрӕг кодтой, уыцы бон. Ӕрымысӕн изӕры чи вӕййы, уыдонӕй алкӕмӕ дӕр адӕттынц дзул ӕмӕ сӕн. Дзул ӕвдисы Йесойы буар, сӕн та – йӕ туг. Йесоимӕ уӕлӕрвты паддзӕхтӕ чи уыдзӕн, уыдон дзулӕй ӕмӕ сӕнӕй саходынц. Ӕнустӕм зӕххыл цӕрыны ныфс кӕмӕн ис, уыдон та дзы нӕ саходынц. Фӕлӕ Ӕрымысӕн изӕрмӕ кӕй ӕрбацӕуынц, уымӕй, стӕй сӕ уаг ӕмӕ се ’гъдауӕй равдисынц, уыцы хабарӕн кӕй аргъ кӕнынц.

▸ 5 сӕр, 21 абзац.

17. УД

«Ног дунейы тӕлмац»-ы ирон ӕвзагыл «уд»-ӕй тӕлмац чи ’рцыд, уыцы дзуттаг дзырд не́феш ӕмӕ грекъаг дзырд психе́ амонынц: 1) адӕймагмӕ; 2) цӕрӕгоймӕ; 3) адӕймаджы кӕнӕ цӕрӕгойы цардмӕ. Дӕлдӕр ис цалдӕр цӕвиттоны.

  • Адӕймаг. Нойы рӕстӕджы «нау цалдӕр адӕймаджы, бӕлвырдӕй та аст уды, рахаста доны сӕрты, ӕмӕ аирвӕзтысты» (1 Петры 3:20). Ам «аст уды» амонынц адӕммӕ. Уыдон уыдысты Ной ӕмӕ йӕ ус, стӕй се ’ртӕ фырты ӕмӕ сӕ устытӕ.

  • Цӕрӕгой. «Хуыцау загъта: „Уадз ӕмӕ дӕттӕ байдзаг уӕнт цӕрӕг удтӕй ӕмӕ мӕргътӕ атӕхӕнт зӕххы сӕрмӕ, арвыл“. Уый фӕстӕ Хуыцау загъта: „Уадз ӕмӕ зӕххыл фӕзынӕд цӕрӕг удты алы мыггӕгтӕ – хӕдзарон фосы алы мыггӕгтӕ, хъӕддаг сырдты алы мыггӕгтӕ ӕмӕ ӕндӕр цӕрӕгойты алы мыггӕгтӕ“. Ӕмӕ сси афтӕ» (Райдиан 1:20, 24).

  • Адӕймаджы кӕнӕ цӕрӕгойы цард. Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Марынмӕ [дӕ] чи хъавыд [«дӕ уд дын чи агуырдта», фиппаинаг], уыдонӕй иу дӕр нал ис» (Рацыд 4:19). Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд загъта: «Ӕз дӕн хорз фыййау. Ӕмӕ хорз фыййау йӕ уд дӕтты фысты сӕрвӕлтау» (Иоанны 10:11).

    Уымӕй уӕлдай, адӕймаг исты «ӕппӕт удӕй» куы фӕаразы, уӕд уый фӕамоны, уыцы хъуыддаг зӕрдиагӕй кӕй кӕны, стӕй, йӕ бон цыдӕриддӕр у, уый кӕй аразы (Матфейы 22:37; Дыккаг закъон 6:5). Мардӕй та зӕгъӕн ис «мард уд» (Нымӕцтӕ 6:6; Аггей 2:13).

▸ 6 сӕр, 5 абзац, фиппаинаг; 15 сӕр, 17 абзац.

18. ЦАРДЫ ТЫХ

«Ног дунейы тӕлмац»-ы ирон ӕвзагыл «царды тых»-ӕй тӕлмац чи ’рцыд, уыцы дзуттаг дзырд ру́ах ӕмӕ грекъаг дзырд пне́вма ӕндӕр цӕмӕдӕрты дӕр фӕамонынц. Фӕлӕ алкӕддӕр фӕамонынц, адӕймаджы цӕст цы нӕ уыны, ахӕм цӕмӕдӕр, зӕгъӕм, дымгӕмӕ кӕнӕ адӕмы ӕмӕ цӕрӕгойты улӕфтмӕ. Фӕамонынц ма ӕнӕуынгӕ удгоймӕгтӕм ӕмӕ Хуыцауы сыгъдӕг тыхмӕ – йӕ архайгӕ тыхмӕ. Библи никуы дзуры, ӕмӕ, адӕймаг куы амӕлы, уӕд дзы цыдӕр цӕргӕйӕ баззайы (1 Паддзӕхты 18:45; Псалом 104:29; Матфейы 8:16; Лукайы 11:13).

▸ 6 сӕр, 5 абзац, фиппаинаг; 15 сӕр, 17 абзац.

19. ГЕЕННӔ

«Гееннӕ» уыди, Иерусалимы цур цы дӕлвӕз уыд, уый ном. Уым-иу сыгътой бырӕттӕ. Йесойы заман уыцы дӕлвӕзы цӕрӕгойты кӕнӕ адӕмы удӕгасӕй кӕй сыгътой ӕмӕ сын хъизӕмӕрттӕ кӕй ӕвзарын кодтой, уымӕн бӕлвырдгӕнӕнтӕ нӕй. Уӕдӕ гееннӕ, цӕстӕй фенӕн кӕй нӕй ӕмӕ, чи амард, уыцы адӕм кӕм хъизӕмар кӕнынц ӕмӕ ӕнустӕм кӕм судзынц, ахӕм бынатмӕ нӕ амоны. Ӕмӕ Йесо, чидӕртӕ гееннӕмӕ ӕппӕрст кӕй ӕрцӕудзысты, уый тыххӕй куы дзырдта, уӕд кодта, ӕнустӕм кӕй фесӕфдзысты, уый кой (Матфейы 5:22; 10:28).

▸ 7 сӕр, 20 абзац.

20. «НӔ ФЫД» ЧИ ХУЫЙНЫ, УЫЦЫ КУЫВД

Ацы куывды ныхӕстӕй Йесо йӕ ахуыргӕнинӕгтӕн бацамыдта, кувын куыд хъӕуы, уый. Йесо дзырдта, цӕмӕй кувӕм афтӕ:

  • «Срухс уӕд дӕ ном»

    Мах Йегъовӕмӕ кувӕм, цӕмӕй йӕ ном ӕппӕт цъыфкалӕн ӕмӕ мӕнг ныхӕстӕй ссыгъдӕг кӕна, ӕмӕ, уӕлӕрвты чи ис ӕмӕ зӕххыл чи ис, уыдон иууылдӕр Хуыцауы ном кадджын кӕной.

  • «Ӕрцӕуӕд дӕ паддзахад»

    Мах кувӕм, цӕмӕй Хуыцауы хицауад Хӕйрӕджы фыддуне фесафа, зӕххыл цӕрӕг адӕмӕн разамынд дӕтта ӕмӕ зӕххӕй дзӕнӕт скӕна.

  • «Дӕ фӕндон... уӕд зӕххыл»

    Мах кувӕм, цӕмӕй, Хуыцаумӕ зӕххы тыххӕй цы фӕнд ис, уый сӕххӕст уа, ӕмӕ коммӕгӕс, ӕххӕст адӕм ӕнустӕм дзӕнӕты цӕрой – Йегъовӕ адӕмы куы сфӕлдыста, уӕд ӕй куыд фӕндыд, афтӕ.

▸ 8 сӕр, 2 абзац.

21. ЧЫРЫСТИЙЫ НЫВОНД

Йегъовӕ Чырыстийы нывондӕн ӕрхаста, цӕмӕй адӕмы тӕригъӕд ӕмӕ мӕлӕтӕй фервӕзын кодтаид. Чырыстийы нывонд у, фыццаг адӕймаг, Адам, ӕнӕхай цы ӕххӕст цардӕй фӕци, уый тыххӕй цы аргъ бафидын хъуыд, уый. Чырыстийы нывонд ма хъуыди уый тыххӕй дӕр, цӕмӕй адӕм фӕстӕмӕ Йегъовӕмӕ баввахс уыдаиккой. Хуыцау Йесойы зӕхмӕ рарвыста, цӕмӕй ӕппӕт тӕригъӕдджын адӕмы тыххӕй дӕр йӕ цард раттаид. Ӕмӕ Йесойы мӕлӕты фӕрцы алы адӕймагӕн дӕр ис фадат, цӕмӕй ӕнустӕм цӕра ӕмӕ ӕххӕст адӕймаг суа.

▸ 8 сӕр, 21 абзац; 9 сӕр, 13 абзац.

22. 1914 АЗ АХСДЖИАГ АЗЫЛ НЫМАД ЦӔМӔН У?

Данелы 4-ӕм сӕры цы пехуымпарад ис, уымӕй нӕ бон базонын у, Хуыцау йӕ Паддзахад кӕй хъуамӕ сфидар кодтаид 1914-ӕм азы.

Пехуымпарад. Йегъовӕ паддзах Навуходоносорӕн фыны фенын кодта стыр бӕлас. Бӕлас акалдтой ӕмӕ йын йӕ бындзӕфхадыл бакодтой ӕфсӕйнаг ӕмӕ ӕрхуы тӕлытӕ, цӕмӕй «авд рӕстӕджы» йӕ бон рӕзын ма уыдаид. Уый фӕстӕ та бӕлас хъуамӕ ногӕй сзадаид (Данел 4:1, 10–16).

Ацы пехуымпарад махмӕ куыд хауы? Бӕлас амоны Хуыцауы хицаудзинадмӕ. 500 азы бӕрц Йегъовӕ Израилы адӕмӕн разамынд лӕвӕрдта, Иерусалимы чи уыд, уыцы паддзӕхты уылты (1 Азфыстыты 29:23). Фӕлӕ уыцы паддзӕхтӕй бирӕтӕ Хуыцауыл сӕ зӕрдӕ сивтой, ӕмӕ ӕппынфӕстаг сӕ хицаудзинадӕн кӕрон ӕрцыд. Иерусалим ныппырх кодтой нӕ эрӕйы размӕ 607-ӕм азы. Уӕд райдыдтой «авд рӕстӕджы» (2 Паддзӕхты 25:1, 8–10; Йезекил 21:25–27). Йесо афтӕ куы загъта, «Иерусалим адӕмтӕ сӕ къӕхты бын ссӕнддзысты, цалынмӕ адӕмтӕн сӕ рӕстӕг нӕ фӕуа, уӕдмӕ», зӕгъгӕ, уӕд кодта уыцы «авд рӕстӕджы» кой (Лукайы 21:24). Уӕдӕ уыцы «авд рӕстӕджы», Йесо зӕххыл куы уыд, уӕд нӕ фесты. Йегъовӕ зӕрдӕ бавӕрдта, «авд рӕстӕджы» кӕрон Паддзахы кӕй сӕвӕрдзӕн. Уыцы ног Паддзахы – Йесо Чырыстийы – разамынды фӕрцы Хуыцауы адӕм ӕгас зӕххыл дӕр ӕнустӕм хайджын уыдзысты стыр арфӕдзинӕдтӕй (Лукайы 1:30–33).

«Авд рӕстӕджы» цас сты? «Авд рӕстӕджы» ахастой 2 520 азы. Ацы нымӕц кӕцӕй райстам? Библийӕ базонӕн ис, ӕртӕ рӕстӕджы ӕмӕ ӕмбис кӕй сты 1 260 боны (Раргомад 12:6, 14). Ӕмӕ уӕд «авд рӕстӕджы» та сты дыууӕ хатты фылдӕр, ома 2 520 боны. Библийы пехуымпарӕдты бонтӕ арӕх нымад куыд фӕцӕуынц, уымӕ гӕсгӕ сӕ куы банымайӕм, ома «иу бонӕн аз», уӕд 2 520 боны уайынц 2 520 азы (Нымӕцтӕ 14:34; Йезекил 4:6).

Нӕ эрӕйы размӕ 607-ӕм азӕй 2 520 азы куы ранымайӕм, уӕд ӕрцӕудзыстӕм 1914-ӕм азмӕ. (Нӕ эрӕйы размӕ 1-ӕм азӕй нӕ эрӕйы 1-ӕм азмӕ ис иу аз.) 1914-ӕм азы Йегъовӕ Йесо Чырыстийы уӕлӕрвты сӕвӕрдта Хуыцауы Паддзахады Паддзахӕй.

▸ 8 сӕр, 23 абзац.

Навуходоносоры фын кӕмӕ амыдта, уыцы азты ӕмӕ хабӕртты таблицӕ

23. ХИСТӔР ЗӔД МИХАИЛ

Библийы ис ӕрмӕстдӕр иу хистӕр зӕды кой. Йӕ ном у Михаил (Данел 12:1; Иудӕйы 9).

Михаил у Хуыцауы иузӕрдион зӕдты ӕфсады Разамонӕг. Раргомады 12:7 стихы фыст ис: «Михаил ӕмӕ йӕ зӕдтӕ схӕцыдысты залиаг калмимӕ... ӕмӕ... йӕ зӕдтимӕ». Раргомады чиныгӕй нӕ бон базонын у, Хуыцауы ӕфсады Разамонӕг кӕй у Йесо Чырысти. Уӕдӕ Михаил дӕр у Йесойы ном (Раргомад 19:14–16).

▸ 9 сӕр, 4 абзац, фиппаинаг.

24. ФӔСТАГ БОНТӔ

Цалынмӕ Хуыцауы Паддзахад Хӕйрӕджы дуне фесафа, уӕдмӕ зӕххыл цӕудзӕн ахсджиаг хабӕрттӕ. Ӕмӕ дзырдбаст «фӕстаг бонтӕ» амоны уыцы рӕстӕгмӕ. Библийы пехуымпарӕдты ма ис ахӕм дзырдбӕстытӕ дӕр, зӕгъӕм, «ацы цардӕвӕрдӕн йӕ кӕрон» ӕмӕ «Адӕймаджы Фырт куы ’рцӕуа, уыцы рӕстӕг». Ӕмӕ уыдон дӕр амонынц фӕстаг бонтӕм (Матфейы 24:3, 27, 37). «Фӕстаг бонтӕ» райдыдтой, 1914 азы Хуыцауы Паддзахад уӕлӕрвты бартӕ йӕ къухмӕ куы райста, уӕд ӕмӕ фӕуыдзысты, Хӕйрӕджы дуне Армагеддоны куы фесафа, уӕд (2 Тимофеймӕ 3:1; 2 Петры 3:3).

▸ 9 сӕр, 5 абзац.

25. МӔРДТӔ РАЙГАС УЫДЗЫСТЫ

Библийы фараст адӕймаджы тыххӕй ис фыст, кӕй райгас сты. Мӕрдты ӕгас кӕныны тых уыди Илийамӕ, Елисеймӕ, Йесомӕ, Петрмӕ ӕмӕ Павелмӕ. Уыцы диссӕгтӕ саразын сӕ бон уыд ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы хъаруйы фӕрцы. Йегъовӕ зӕрдӕ ӕвӕры, кӕй райгас кӕндзӕн «рӕстгӕнджыты дӕр ӕмӕ фыдгӕнджыты дӕр», цӕмӕй зӕххыл цӕрой (Хъуыддӕгтӕ 24:15). Библийы ма фыст ис, чидӕртӕ кӕй райгас уыдзысты уӕлӕрвты цӕрынӕн. Хуыцау кӕй равзӕрста, уыдоны райгас кӕны, цӕмӕй уӕлӕрвты Йесоимӕ паддзӕхтӕ уой (Иоанны 5:28, 29; 11:25; Филиппӕгтӕм 3:11; Раргомад 20:5, 6).

▸ 9 сӕр, 13 абзац.

26. ХӔЙРӔДЖЫТИМӔ БАСТ ХЪУЫДДӔГТӔ (СПИРИТИЗМ)

Адӕймаг комкоммӕ кӕнӕ искӕй уылты, зӕгъӕм, дӕсныты уылты, ӕнӕуынгӕ тыхтимӕ баст куы уа, уӕд уый хуыйны спиритизм. Хӕйрӕджытимӕ кӕнӕ спиритизмимӕ баст хъуыддӕгтыл хӕст чи у, уыдоны уырны ахӕм мӕнг ахуырад, зӕгъгӕ, дам, адӕймаг куы амӕлы, уӕд йӕ уд нӕ амӕлы ӕмӕ свӕййы хъомысджын ӕнӕуынгӕ удгоймаг. Цӕмӕй адӕм Хуыцауы коммӕ ма кӕсой, уый тыххӕй ма хӕйрӕджытӕ пайда кӕнынц астрологийӕ, дӕсны фӕрсынӕй, хинтӕ-кӕлӕнтӕй ӕмӕ, бирӕты мӕнг цыдӕртӕ кӕй уырны, уый тыххӕй цӕмӕйдӕрты кӕй фӕтӕрсынц, уымӕй. Бирӕ чингуыты, журналты, гороскопты, киноты ӕмӕ суанг зарджыты тыххӕй адӕймагмӕ афтӕ фӕкӕсы, ӕмӕ кӕлӕнтимӕ ӕмӕ хӕйрӕджытимӕ баст хъуыддӕгтӕ тӕссаг ницӕмӕй сты, цымыдисаг дӕр ма йӕм фӕкӕсынц. Зианы ӕгъдӕуттӕй дӕр бирӕтӕ, зӕгъӕм, ӕхсӕвбадӕн кӕнын, марды кӕндтӕ, афӕдзы хист, мардӕн истытӕ фӕлдисын, хӕлар кӕнын, саутӕ дарын, баст сты хӕйрӕджытимӕ. Чидӕртӕ та скӕнынц наркотиктӕ, цӕмӕй хӕйрӕджыты тыхӕй схайджын уой (Галатӕгтӕм 5:20, 21; Раргомад 21:8).

▸ 10 сӕр, 10 абзац; 16 сӕр, 4 абзац.

27. ЙЕГЪОВӔЙЫ ХИЦАУДЗИНАД

Йегъовӕ у Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау ӕмӕ ӕнӕхъӕн Дун-дуне дӕр уый сфӕлдыста (Раргомад 15:3). Уымӕ гӕсгӕ алцыдӕр уый у ӕмӕ йӕм ис ӕппӕт бартӕ дӕр, цӕмӕй, цы сфӕлдыста, уыдонӕн хицау уа (Псалом 24:1; Исай 40:21–23; Раргомад 4:11). Цыдӕриддӕр сфӕлдыста, уыдонӕн закъӕттӕ радта. Йегъовӕйӕн йӕ бон у иннӕты дӕр хицӕуттӕй ӕвӕрын. Йегъовӕйы Дун-дунейы хицауыл кӕй нымайӕм, уый бӕрӕг у, кӕй йӕ уарзӕм ӕмӕ йӕ коммӕ кӕй кӕсӕм, уымӕй (1 Азфыстыты 29:11).

▸ 11 сӕр, 10 абзац.

28. АБОРТ

Вӕййы афтӕ, ӕмӕ сывӕрджын сылгоймаг февзӕр вӕййы ӕмӕ йӕ сывӕллоны фесафы (выкидыш). Фӕлӕ аборт чи скӕны, уый та зонгӕ-зонын амары, чи нӕма райгуырд, уыцы сывӕллоны. Сывӕллон мады гуыбыны куы сӕвзӕры, уӕдӕй фӕстӕмӕ вӕййы хицӕн адӕймаг, ӕрмӕст мады буары хай нӕ, фӕлӕ.

▸ 13 сӕр, 5 абзац.

29. ТУГ УАДЗЫН

Уый у медицинӕйы мадзӕлттӕй иу. Туг бауадзынмӕ хауы, адӕймагӕн куы бауадзынц туг кӕнӕ йӕ цыппар сӕйраг хӕйттӕй иу. Адӕймагӕн туг бауадзынц ӕндӕр адӕймагӕй кӕнӕ та йын бауадзынц, ӕвӕрд чи вӕййы, ахӕм туг. Туджы цыппар сӕйраг хайы сты плазмӕ, эритроциттӕ, лейкоциттӕ ӕмӕ тромбоциттӕ.

▸ 13 сӕр, 13 абзац.

30. ЗОНДАМЫНД

Библийы «зондамынд»-ӕй цы дзырд ӕрцыд тӕлмац, уый кӕд «ӕфхӕрын» дӕр нысан кӕны, уӕддӕр арӕхдӕр фӕамоны зонд амонынмӕ, ахуыр кӕнынмӕ, хъомыл кӕнынмӕ ӕмӕ зонд раст кӕнынмӕ. Йегъовӕ искӕмӕн зонд куы фӕамоны, уӕд карз ӕмӕ ӕгъатыр никуы вӕййы (Ӕмбисӕндтӕ 4:1, 2). Уыцы хъуыддаджы Йегъовӕ фӕзминаг у ныййарджытӕн. Йегъовӕйы зондамынд адӕймагӕн йӕ цардыл афтӕ тынг фӕзыны, ӕмӕ зондамынд бауарзы (Ӕмбисӕндтӕ 12:1). Йегъовӕ йӕ адӕмы уарзы ӕмӕ сӕ ахуыр кӕны. Зонд сын амоны, цӕмӕй-иу сӕ рӕдыд хъуыдытӕ сраст кӕной, стӕй ахуыр кӕной раст хъуыды кӕнын ӕмӕ, раст цы у, уый аразын. Ныййарджытӕ сӕ сывӕллӕттӕн зонд куы амоной, уӕд сын хъуамӕ ӕмбарын кӕной, коммӕгӕс цӕмӕн хъуамӕ уой, уый. Стӕй сӕ хъуамӕ ахуыр кӕной Йегъовӕйы ӕмӕ йӕ Ныхас уарзын ӕмӕ дзы цы уагӕвӕрдтӕ ис, уыдон ӕмбарын.

▸ 14 сӕр, 13 абзац.

31. ХӔЙРӔДЖЫТӔ

Уыдон сты ӕнӕуынгӕ фыдгӕнӕг удгоймӕгтӕ ӕмӕ сӕм ис, адӕммӕ чи нӕй, ахӕм ӕнахуыр тых. Хӕйрӕджытӕ, кӕнӕ дӕлимонтӕ, сты фыдгӕнӕг зӕдтӕ. Уыцы зӕдтӕ хӕйрӕджытӕ систы, Хуыцауы коммӕ куы нӕ бакастысты ӕмӕ афтӕмӕй йе знӕгтӕ куы систы, уӕд (Райдиан 6:2; Иудӕйы 6). Уыдон дӕр Хӕйрӕджы хуызӕн Йегъовӕйы ныхмӕ рацыдысты (Дыккаг закъон 32:17; Лукайы 8:30; Хъуыддӕгтӕ 16:16; Иаковы 2:19).

▸ 16 сӕр, 4 абзац.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын