Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • ypq 10 фарста, 30–31 фф.
  • Библи мын куыд баххуыс кӕндзӕн?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи мын куыд баххуыс кӕндзӕн?
  • Ӕрыгӕтты 10 фарстайӕн дзуаппытӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Хорз ӕмӕ ӕвзӕр цы у? Алкӕмӕ дӕр чи фӕзыны, уыцы фарста
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (парахат кӕнынӕн) 2024
  • Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?
    Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?
  • Фылдӕр уынаффӕтӕ бинонтӕн
    Райхъал ут! 2018
  • Ацы дуне кӕй къухы ис?
    Ацы дуне кӕй къухы ис?
Фылдӕр фенын
Ӕрыгӕтты 10 фарстайӕн дзуаппытӕ
ypq 10 фарста, 30–31 фф.
Ӕрыгон лӕппу ӕддейӕ бады ӕмӕ Библи кӕсы

10 ФАРСТА

Библи мын куыд баххуыс кӕндзӕн?

УЫЙ ЗОНЫН АХСДЖИАГ ЦӔМӔН У?

Библи зӕгъы: «Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16). Кӕд уый афтӕ у, уӕд дын Библи царды мидӕг раст фӕндаг амондзӕн.

ДЫ КУЫД БАКӔНИС?

Дӕ цӕстытыл-ма ахӕм хабар ауайын кӕн. Давид йӕ машинӕйыл ӕнӕзонгӕ ран фӕцӕуы. Уынджы нӕмттӕй ӕмӕ знактӕй бамбӕрста, кӕй фӕдзӕгъӕл. Ӕвӕццӕгӕн, кӕм нӕ хъуыди, уым фӕзылд.

Давиды бынаты ды куыд бакӕнис?

ӔРЛӔУУ ӔМӔ АХЪУЫДЫ КӔН!

Ис дын цалдӕр варианты:

  1. Искӕй бафӕрс.

  2. Картӕмӕ кӕнӕ навигатормӕ ӕркӕс.

  3. Дӕ фӕндагыл дарддӕр цу, чи зоны, раст фӕндагмӕ исты хуызты рахизай.

Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, 3-аг вариант ӕппӕты ӕвзӕрдӕр у.

2-аг вариант та 1-аг вариантӕй хуыздӕр у. Уымӕн ӕмӕ дӕм картӕ кӕнӕ навигатор куы уа, уӕд дын кӕмфӕнды дӕр раст фӕндаг амондзӕн.

Афтӕ дын баххуыс кӕндзӕн Библи дӕр.

Ацы диссаджы чиныг дын...

  • ӕххуыс кӕндзӕн зындзинӕдты рӕстӕг

  • ӕххуыс кӕндзӕн дӕхи хуыздӕр бамбарынӕн ӕмӕ хуыздӕрырдӕм фӕивынӕн

  • бацамондзӕн царды ӕппӕты хуыздӕр фӕндаг

ДЗУАППЫТӔ АХСДЖИАГ ФАРСТАТӔН

Дзурын чи райдыдта, ахӕм сывӕллонмӕ бирӕ фарстатӕ вӕййы.

  • Арв цъӕх цӕмӕн у?

  • Стъалытӕ чи скодта?

Куы фестырдӕр вӕййы, уӕд та йӕм фӕзыны ӕндӕрхуызон фарстатӕ.

  • Ӕвзӕр хабӕрттӕ цӕмӕн цӕуы?

  • Адӕм цӕмӕн мӕлынц?

Кӕд, мыййаг, ацы фарстатӕн Библи рагӕй радта дзуапп?

Бирӕтӕ зӕгъынц, Библи, дам, у зӕронд чиныг ӕмӕ, дам, дзы аргъӕуттӕ ӕмӕ таурӕгътӕ йеддӕмӕ ницы ис. Кӕнӕ фӕзӕгъынц, зынӕмбарӕн кӕй у. Фӕлӕ цымӕ хъуыддаг Библийы мидӕг ис, ӕви, адӕм Библийы тыххӕй цытӕ хъусынц, уый мидӕг?

Зӕгъӕм, бирӕтӕ афтӕ хъуыды кӕнынц, ӕмӕ Библимӕ гӕсгӕ ацы дунейӕн йӕ хицау Хуыцау у. Фӕлӕ уый ӕцӕгдӕр афтӕ у? Нӕу! Дуне йедзаг у маст ӕмӕ зындзинӕдтӕй. Бирӕтӕ сты тынг мӕгуыр. Адӕм рынчын кӕнынц ӕмӕ мӕлынц, стӕй сыл алыхуызон ӕвзӕр хабӕрттӕ ӕрцӕуы. Ӕппӕт уыдӕттӕ нӕ фӕлмӕнзӕрдӕ Хуыцауы аххос куыд хъуамӕ уой?

Ацы фарстатӕн дӕ дзуапп базонын фӕнды? Библимӕ гӕсгӕ ацы дунейы хицау чи у, уый куы базонай, уӕд тынг бадис кӕндзынӕ!

Куыд федтай, афтӕмӕй, ацы брошюрӕйы цы уынаффӕтӕ ис, уыдон Библийӕ ист сты. Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ фидарӕй зонынц, Библи адӕймагӕн царды стыр ӕххуыс кӕй у, уымӕн ӕмӕ у «Хуыцауы комытӕфӕй фыст ӕмӕ пайда у адӕймаджы ахуыр кӕнынӕн, уайдзӕф кӕнынӕн, хъуыддӕгтӕ раст кӕнынӕн» (2 Тимофеймӕ 3:16, 17). Кӕд Библи рагон чиныг у, уӕддӕр афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ дзы нӕ рӕстӕджы пайда нӕй. Ӕмӕ йӕ куы ахуыр кӕнай, уӕд нӕ фӕфӕсмон кӕндзынӕ!

ФЫЛДӔР БАЗОН

Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?

Бакӕс видеороликмӕ «Библи ахуыр кӕнын цӕмӕн хъӕуы?»

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын