Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • T-30 1–4 фф.
  • Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?
  • Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
    Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
  • Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?
    Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Цы у Хуыцауы Паддзахад?
  • Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?
    Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?
Фылдӕр фенын
Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?
T-30 1–4 фф.

Библи цавӕр чиныгыл нымайыс?

Дӕумӕ гӕсгӕ...

  • зондджын адӕмы фыст чиныг у?

  • аргъӕуттӕ ӕмӕ таурӕгъты чиныг у?

  • Хуыцауы Ныхас у?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Фыстад ӕнӕхъӕнӕй дӕр у Хуыцауы комытӕфӕй фыст» (2 Тимофеймӕ 3:16, «Библи – Ног дунейы тӕлмац»).

УЫЙ ДЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У

Царды ахсджиагдӕр фарстатӕн дзуапп базондзынӕ (Ӕмбисӕндтӕ 2:1–5).

Алы хъуыддаджы дӕр дын хорз разамынд уыдзӕн (Псалом 119:105).

Фидӕнмӕ ныфсджынӕй кӕсдзынӕ (Ромӕгтӕм 15:4).

Сылгоймаг ӕмӕ нӕлгоймаг кӕсынц Библи; амондджын бинонтӕ ӕрдзы хъӕбысы сӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй ӕрвитынц

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС, УУЫЛ ӔЦӔГДӔР ИС ӔУУӔНДӔН?

О, ӕппынкъаддӕр, ӕртӕ хъуыддаджы тыххӕй.

  • Ис дзы иу сӕйраг хъуыды. 1 600 азы дӕргъы Библи фыстой 40 адӕймаджы бӕрц. Сӕ фылдӕр кӕрӕдзийы уынгӕ дӕр никуы фӕкодтой. Фӕлӕ ӕнӕхъӕн Библийы дӕр ис иу сӕйраг хъуыды!

  • Историмӕ гӕсгӕ у раст. Арӕх историктӕ басусӕг кӕнынц, сӕ адӕм цавӕрдӕр тохы кӕй фӕхӕрд сты, уый. Фӕлӕ Библийы фысджытӕ ӕргом фыстой сӕхи ӕмӕ сӕ адӕмы рӕдыдтыты тыххӕй (2 Азфыстыты 36:15, 16; Псалом 51:1–4).

  • Цы фыст дзы ис, уый сӕххӕст вӕййы. Зӕгъӕм, Библийы иу-200 азы раздӕр фыст ӕрцыд, рагон горӕт Вавилонмӕ кӕй бабырсдзысты (Исай 13:17–22). Фыст дзы уыд, Вавилон куыд бацахсдзысты, ӕрмӕст уый нӕ, фӕлӕ ма йӕ чи бацахсдзӕн, уыцы паддзахы ном дӕр (Исай 45:1–3).

    Фидӕны цы хъуамӕ ӕрцыдаид, уый тыххӕй Библийы цы фыст ис, уыдӕттӕ сӕххӕст сты лыстӕг хабӕртты онг. Фӕлӕ уый диссаг нӕу, уымӕн ӕмӕ Библи Хуыцауы Ныхас у (2 Петры 1:21).

КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?

Фыд, мад, чызг ӕмӕ лӕппу

Хуыцауы Ныхас дын дӕ цард куыд фӕхуыздӕр кӕндзӕн?

Библийы ацы фарстайӕн дзуапп ис ИСАЙЫ 48:17, 18 ӕмӕ 2 ТИМОФЕЙМӔ 3:16, 17.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын