Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • T-31 1–4 фф.
  • Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
  • Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Цы у Хуыцауы Паддзахад?
    Цы у Хуыцауы Паддзахад?
  • Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?
    Искуы адӕмы хъизӕмӕрттӕн кӕрон уыдзӕн?
  • Ацы дуне кӕй къухы ис?
    Ацы дуне кӕй къухы ис?
  • Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?
    Чи амард, уыдон райгас уыдзысты?
Фылдӕр фенын
Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?
T-31 1–4 фф.

Фидӕны нӕм цы ӕнхъӕлмӕ кӕсы?

Цымӕ цард...

  • ныр куыд у, афтӕмӕй баззайдзӕн?

  • фӕфыддӕр уыдзӕн?

  • фӕхуыздӕр уыдзӕн?

БИБЛИЙЫ ФЫСТ ИС

«Хуыцау... сын ныссӕрфдзӕн сӕ цӕссыгтӕ, ӕмӕ нал уыдзӕн нӕдӕр мӕлӕт, нӕдӕр маст, нӕдӕр хъарӕг, нӕдӕр рыст. Раздӕр цы уыд, уый аивгъуыдта» (Раргомад 21:3, 4, «Библи – Ног дунейы тӕлмац»).

УЫЙ ДЫН ЦӔУЫЛ ДЗУРӔГ У

Дӕ зӕрдӕмӕ чи цӕуы, ахӕм куыст дын уыдзӕн (Исай 65:21–23).

Низтӕ ӕмӕ хъизӕмӕрттӕ нал уыдзӕн (Исай 25:8; 33:24).

Дӕ бинонтӕ ӕмӕ де ’мбӕлттимӕ ӕнустӕм амондджынӕй цӕрдзынӕ (Псалом 37:11, 29).

Нӕлгоймаг ӕмӕ сылгоймаг фидӕнмӕ рухс цӕстӕй кӕсынц; гыццыл чызг дидинджытыл дон кӕны; амайджытӕ хӕдзар аразынц

БИБЛИЙЫ ЦЫ ФЫСТ ИС, УУЫЛ ӔЦӔГДӔР ИС ӔУУӔНДӔН?

О, ӕппынкъаддӕр, дыууӕ хъуыддаджы тыххӕй.

  • Хуыцауӕн йӕ бон у, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕнын. Библи ӕрмӕстдӕр Йегъовӕйы хоны «Ӕппӕтхъомысджын Хуыцау», уымӕн ӕмӕ йӕ тыхӕн кӕрон дӕр нӕй (Раргомад 15:3). Уымӕ гӕсгӕ йын зын нӕу йӕ ныхас сӕххӕст кӕнын – цард хуыздӕрырдӕм фӕивын. Библийы куыд фыст ис, афтӕмӕй «Хуыцауӕн алцыдӕр у йӕ бон» (Матфейы 19:26).

  • Хуыцауы тынг фӕнды, зӕрдӕ цӕмӕй бавӕрдта, уый сӕххӕст кӕнын. Зӕгъӕм, Йегъовӕ «бӕллы», цӕмӕй райгас кӕна, чи амард, уыдоны (Иов 14:14, 15).

    Библийы ма фыст ис, Хуыцауы Фырт, Йесо, рынчынты кӕй дзӕбӕх кодта. Цӕмӕн? Уымӕн ӕмӕ йӕхи дӕр афтӕ фӕндыди (Марчы 1:40, 41). Чырыстийы дӕр йӕ Фыдау тынг фӕндыд мӕгуыр ӕмӕ рынчын адӕмӕн ӕххуыс кӕнын (Иоанны 5:19).

    Уымӕ гӕсгӕ нӕ бон у фидарӕй зӕгъын, Йегъовӕйы ӕмӕ Йесойы кӕй фӕнды, цӕмӕй фидӕны амондджын уӕм! (Псалом 72:12–14; 145:16; 2 Петры 3:9).

КУЫД ХЪУЫДЫ КӔНЫС?

Адӕймаг Библийы кӕцыдӕр стихмӕ ӕмоны

Хуыцау цы сараздзӕн, цӕмӕй цард хуыздӕрырдӕм фӕива?

Библийы ацы фарстайӕн дзуапп ис ДАНЕЛЫ 2:44 ӕмӕ ӔМБИСӔНДТЫ 2:21, 22.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын