Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 3 сӕр, 14 ф.–15 ф., 3 абз.
  • Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сырд ӕрцыдысты сӕ хӕдзарӕй
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Ис, махӕй тыхджындӕр чи у, уый
    Хъус ӕппӕты хуыздӕр Ахуыргӕнӕгмӕ
  • Цавӕр цард уыди Дзӕнӕты?
    Хуыцаумӕ хъус, ӕмӕ ӕнустӕм цӕрай
  • Райдыдта зын цард
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 3 сӕр, 14 ф.–15 ф., 3 абз.
Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадонӕй фӕцӕуынц

3 СӔРГОНД

Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ нӕ байхъуыстой

Адамы къухы ис, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд ӕмӕ йын Евӕ кӕй радта, уыцы дыргъ

Иу бон Евӕ иунӕгӕй куы уыди, уӕд йемӕ калм дзурын райдыдта. Бафарста йӕ: «Хуыцау уын ӕцӕгдӕр загъта, цӕхӕрадоны бӕлӕстӕй иуӕй дӕр ма хӕрут, зӕгъгӕ?» Евӕ йын загъта: «Нӕ, уый афтӕ нӕу. Цӕхӕрадоны бӕлӕстӕй нын ис хӕрӕн. Ӕрмӕстдӕр нын иу бӕласӕй нӕй хӕрӕн, кӕннод амӕлдзыстӕм». Калм ын загъта: «Нӕ амӕлдзыстут. Куы дзы бахӕрат, уӕд Хуыцауы хуызӕн суыдзыстут». Цымӕ уый ӕцӕг уыд? Нӕ, калм ӕй сайгӕ кодта. Фӕлӕ Евӕйы йӕ ныхӕстӕ бауырныдтой. Евӕ бӕласмӕ цас фылдӕр касти, уыйас ӕй тынгдӕр фӕндыди йӕ дыргътӕй бахӕрын. Ӕмӕ дзы бахордта, стӕй ма дзы Адамӕн дӕр радта. Адам зыдта, Хуыцаумӕ куы нӕ байхъусой, уӕд кӕй амӕлдзысты. Фӕлӕ дзы уӕддӕр бахордта.

Адам ӕмӕ Евӕ Едемы цӕхӕрадонӕй фӕцӕуынц; зӕдтӕ Едемы цӕхӕрадоны бахизӕн хъахъхъӕнынц; се ’хсӕн ис, пиллон арт чи уадзы, ахӕм хъама

Уыцы бон изӕрӕй Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕимӕ дзурын райдыдта. Бафарста сӕ, цӕуылнӕ мӕм байхъуыстат, зӕгъгӕ. Уӕд Евӕ калмы фӕаххосджын кодта, Адам та Евӕйы фӕаххосджын кодта. Йегъовӕ Адам ӕмӕ Евӕйы Едемы цӕхӕрадонӕй ратардта, кӕй йӕм нӕ байхъуыстой, уый тыххӕй. Ӕмӕ цӕмӕй фӕстӕмӕ уырдӕм макуыуал бацыдаиккой, уый тыххӕй дзы бахизӕны сӕвӕрдта зӕдты ӕмӕ, арты хуызӕн чи уыд, ахӕм хъама.

Йегъовӕ загъта, Евӕйы чи асайдта, уый дӕр кӕй бафхӕрдзӕн. Евӕимӕ ӕцӕгӕй калм нӕ дзырдта. Йегъовӕ кӕлмыты афтӕ не скодта, цӕмӕй сӕ бон дзурын уыдаид. Калмы сдзурын кодта ӕвзӕр зӕд. Афтӕ уымӕн бакодта, цӕмӕй Евӕйы асайдтаид. Уыцы зӕд у Сайтан Хӕйрӕг. Фидӕны Йегъовӕ Хӕйрӕджы фесафдзӕн, цӕмӕй адӕмы мауал сайа ӕмӕ сын ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ мауал аразын кӕна.

«Хӕйрӕг... йӕхи фӕндагыл куы слӕууыд, уӕд дӕр уыди лӕгмар, ӕмӕ рӕстдзинады фӕндагӕй фӕиппӕрд, уымӕн ӕмӕ йӕ мидӕг рӕстдзинад нӕй» (Иоанны 8:44)

Фарстатӕ. Евӕ, хӕрӕн кӕмӕй нӕ уыд, уыцы бӕласы дыргътӕй цӕмӕн бахордта? Адам ӕмӕ Евӕ Хуыцаумӕ куы нӕ байхъуыстой, уӕд сыл цы ’рцыд? Сайтан Хӕйрӕг чи у?

Райдиан 3:1–24; Иоанны 8:44; 1 Иоанны 3:8; Раргомад 12:9

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын