Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 7 сӕр, 24 ф.–25 ф., 1 абз.
  • Вавилоны мӕсыг

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Вавилоны мӕсыг
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Адӕм амайынц стыр мӕсыг
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Ӕвзӕгтӕ, ӕцӕгдӕр, «Вавилоны мӕсыг» куы арӕзтой, уӕд фӕзындысты?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2013
  • Ной сарӕзта нау
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 7 сӕр, 24 ф.–25 ф., 1 абз.
Хуыцау адӕмӕн се ’взаг схӕццӕ кодта, ӕмӕ сӕ бон нал у иумӕ Вавилоны мӕсыг аразын

7 СӔРГОНД

Вавилоны мӕсыг

Доны хъаймӕты фӕстӕ Нойы фырттӕн райгуырд бирӕ сывӕллӕттӕ. Сӕ бинонтӕ фылдӕрӕй-фылдӕр кодтой ӕмӕ сын Йегъовӕ куыд загъта, афтӕ зӕххы алы рӕттӕм цӕрынмӕ ацыдысты.

Фӕлӕ иуӕй-иу бинонтӕ Йегъовӕмӕ нӕ байхъуыстой. Уыдон загътой: «Нӕхицӕн саразӕм горӕт, цӕмӕй дзы цӕрӕм. Стӕй сараздзыстӕм тынг бӕрзонд мӕсыг, йӕ цъупп арвыл куыд ӕндзӕва. Ӕмӕ нӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл иууылдӕр зондзысты».

Уыцы адӕм цы арӕзтой, уый Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цыд, ӕмӕ загъта, сӕ куыст сын кӕй бауромдзӕн. Зоныс ӕй, цы сарӕзта? Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ уыцы адӕм ӕвиппайды алыхуызон ӕвзӕгтыл дзурын райдыдтой. Сӕ кӕрӕдзи кӕй нал ӕмбӕрстой, уый тыххӕй сӕ бон нал уыд иумӕ уыцы мӕсыг амайын. Цы горӕт арӕзтой, уый хуынди Вавилон. Дзырд «Вавилон» нысан кӕны «хӕццӕ». Вавилоны адӕм уырдыгӕй ацыдысты ӕмӕ зӕххы алы рӕтты ӕрцардысты. Фӕлӕ уымыты дӕр ӕвзӕр хъуыддӕгтӕ арӕзтой. Цымӕ ма уӕд, Йегъовӕйы чи уарзта, ахӕм адӕм уыди? Уый базондзыстӕм иннӕ сӕрӕй.

«Хуыцау сӕрбӕрзонд адӕймӕгтӕн сӕ ныхмӕ у, сӕрныллӕгтӕн та хай кӕны йе стыр хорзӕхӕй» (Иаковы 4:6)

Фарстатӕ. Вавилоны адӕм цы куыстой? Йегъовӕ сын сӕ куыст куыд баурӕдта?

Райдиан 11:1–9

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын