Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 15 сӕр, 42 ф.–43 ф., 3 абз.
  • Йегъовӕ Иосифы никуы рох кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Йегъовӕ Иосифы никуы рох кодта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Исты ӕз Хуыцау дӕн?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
  • Иосиф йе ’фсымӕртӕн ӕнӕуынон фестад
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Искӕмӕ хӕлӕг кодтай? Иосифмӕ йе ’фсымӕртӕ хӕлӕг кодтой
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2009
  • «Фынтӕхалӕг Хуыцау нӕу, ӕви?»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 15 сӕр, 42 ф.–43 ф., 3 абз.
Иосиф фараонӕн йӕ фынтӕ халы

15 СӔРГОНД

Йегъовӕ Иосифы никуы рох кодта

Иосиф ахӕстоны куы уыд, уӕд иухатт фараон, ома Египеты паддзах, ахӕм фынтӕ федта, ӕмӕ никӕй бон уыд бамбарын кӕнын, цы нысан кӕнынц, уый. Фараонӕн йӕ лӕггадгӕнджытӕй иу загъта, Иосифӕн йӕ бон кӕй у фынтӕ ӕмбарын кӕнын. Ӕмӕ уӕд фараон уайтагъд Иосифы ӕрбакӕнын кодта.

Фараон загъта: «Афтӕ фехъуыстон, ӕмӕ фынтӕ халын зоныс». Ӕмӕ йын йӕ фынтӕ куы радзырдта, уӕд ын Иосиф загъта: «Египеты авд азы дӕргъы уыдзӕн бирӕ хӕринаг, уый фӕстӕ та авд азы дӕргъы уыдзӕн тынг ӕххормаг рӕстӕг. Зондджын адӕймаджы сӕвӕр, цӕмӕй хӕринаг ӕмбырд кӕна, ӕмӕ дӕ адӕм ӕххормагӕй ма амӕлой». Фараон загъта: «Уыцы хъуыддагӕн дӕу ӕвӕрын! Ды уыдзынӕ Египеты дыккаг хицау!» Цымӕ Иосиф куыд базыдта, фараоны фынтӕ цы нысан кӕнынц, уый? Йегъовӕ йын баххуыс кодта.

Иосиф адӕмӕн разамынд дӕтты, цӕмӕй хӕринаг ӕмбырд кӕной

Гъемӕ Иосиф хӕринаг ӕмбырд кӕнын райдыдта, ӕмӕ авд азы фӕстӕ ӕнӕхъӕн зӕххыл скодта ӕххормаг рӕстӕг, Иосиф куыддӕриддӕр загъта, афтӕ. Алы рӕттӕй адӕм Иосифмӕ хӕринаг балхӕнынмӕ цыдысты. Йӕ фыд Иаков дӕр фехъуыста, Египеты хӕринаг кӕй ис, уый, ӕмӕ йӕ фырттӕй дӕс уырдӕм хӕринаг балхӕнынмӕ арвыста.

Иаковы фырттӕ Иосифмӕ куы ’рцыдысты, уӕд сӕ уый уайтагъд базыдта. Фӕлӕ йӕ уыдон та нӕ базыдтой. Йе ’фсымӕртӕ йын сӕ сӕртӕй ныллӕг акуывтой, кӕддӕр фыны куыд федта, афтӕ. Иосифы фӕндыд базонын, йе ’фсымӕртӕ ма ахӕм ӕвзӕр сты ӕви нӕ, ӕмӕ сын загъта: «Сымах чидӕр ӕрбарвыста! Нӕ бӕстӕмӕ ӕрбабырсӕн кӕцырдыгӕй ис, уый базонынмӕ ӕрцыдыстут!» Уыдон ын загътой: «Нӕ! Мах цӕрӕм Ханааны зӕххыл. Уыдыстӕм 12 ӕфсымӕры. Не ’фсымӕртӕй иу мӕлгӕ акодта, кӕстӕр та нӕ фыдимӕ баззад». Уӕд сын Иосиф загъта: «Уӕ кӕстӕр ӕфсымӕры мӕм ӕрбакӕнут, ӕмӕ уыл уӕд баууӕнддзынӕн». Ӕмӕ уыдон дӕр сӕхимӕ аздӕхтысты.

Иаковы фырттӕ Египетӕй цы хӕринаг ӕрластой, уый сын куы фӕци, уӕд та ногӕй Египетмӕ ацыдысты. Ацы хатт семӕ сӕ кӕстӕр ӕфсымӕр Вениамины дӕр акодтой. Иосиф сӕ сфӕнд кодта бафӕлварын. Йе ’взист къус Вениаминӕн йӕ хоры голладжы сусӕгӕй сӕвӕрын кодта ӕмӕ стӕй йе ’фсымӕрты фӕаххосджын кодта, адавтой мын ӕй, зӕгъгӕ. Иосифы лӕггадгӕнджытӕ Вениамины голладжы къус куы ссардтой, уӕд йе ’фсымӕртӕ, цы загътаиккой, уый нал зыдтой. Лӕгъстӕ кӕнын ын райдыдтой, цӕмӕй сын Вениамины бӕсты сӕхи бафхӕрдтаид.

Иосиф бамбӕрста, йе ’фсымӕртӕ хуыздӕрырдӕм кӕй фӕивтой. Йӕхи нал баурӕдта ӕмӕ ныккуыдта. Ӕмӕ стӕй загъта: «Ӕз уе ’фсымӕр Иосиф дӕн. Мӕ фыд ма ӕгас у?» Йе ’фсымӕртӕн фырдиссагӕй сӕ бон дзурын дӕр нал уыд. Иосиф сын загъта: «Цы мын сарӕзтат, ууыл мауал мӕт кӕнут. Ардӕм мӕ Хуыцау рарвыста, цӕмӕй сымах ма амӕлат. Ныр тагъддӕр ацӕут ӕмӕ мын мӕ фыды ардӕм ӕркӕнут».

Иосифы ӕфсымӕртӕ сӕ фыдмӕ ацыдысты, цӕмӕй йын уыцы цины хабар радзырдтаиккой ӕмӕ йӕ Египетмӕ ӕркодтаиккой. Уыйбӕрц рӕстӕг рацыд, ӕмӕ та ныр Иосиф ӕмӕ йӕ фыд уыдысты иумӕ.

Иосиф ӕмӕ йӕ фыд Иаков кӕрӕдзийыл цин кӕнынц

«Сымах адӕмӕн сӕ рӕдыдтытӕ куы нӕ хатыр кӕнат, уӕд уын уӕ Фыд дӕр нӕ ныххатыр кӕндзӕн уӕ рӕдыдтытӕ» (Матфейы 6:15)

Фарстатӕ. Йегъовӕ Иосифӕн куыд баххуыс кодта? Иосиф куыд равдыста, йе ’фсымӕртӕн кӕй ныххатыр кодта, уый?

Райдиан 40:1–45:28; 46:1–7, 26–34; Псалом 105:17–19; Хъуыддӕгтӕ 7:9–15

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын