Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 20 сӕр, 52 ф.–53 ф., 4 абз.
  • Иннӕ ӕхсӕз бӕллӕхы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Иннӕ ӕхсӕз бӕллӕхы
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Фыццаг ӕртӕ бӕллӕхы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Моисейы бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Египеты хицауиуӕг кӕны ӕвзӕр паддзах
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 20 сӕр, 52 ф.–53 ф., 4 абз.
Мӕтыхтӕ

20 СӔРГОНД

Иннӕ ӕхсӕз бӕллӕхы

Моисей ӕмӕ Аарон фараонмӕ ацыдысты ӕмӕ йын Хуыцауы номӕй загътой: «Мӕ адӕмы мын куы нӕ ауадзай, уӕд ацы зӕхх дзынгаты бын фӕкӕндзынӕн». Египетӕгтӕн се ’ппӕтӕн дӕр, хъӕздыгӕй-мӕгуырӕй, сӕ хӕдзӕрттӕ дзынгатӕй, ома стыр хӕцгӕ бындзытӕй, байдзаг сты. Ӕнӕхъӕн бӕстӕйы дзынгатӕй ницыуал зынди. Фӕлӕ Гесемы зӕххыл, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым, иу дзынга дӕр нӕ уыд. Уый уыд цыппӕрӕм бӕллӕх. Уыцы бӕллӕх ӕмӕ ма уый фӕстӕ Хуыцау Египетыл цы бӕллӕхтӕ ӕруагъта, уыдон ӕрцыдысты ӕрмӕстдӕр египетӕгтыл. Фараон Моисейӕн загъта: «Йегъовӕйӕн-ма ныллӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй ацы дзынгаты фесафа. Ӕмӕ уӕ уӕд ауадздзынӕн». Фӕлӕ Йегъовӕ дзынгаты куы фесӕфта, уӕд та фараон ногӕй йӕ ныхас фӕсайдта. Цымӕ фараон искуы басӕтдзӕн?

Йегъовӕ загъта: «Фараон мын мӕ адӕмы куы нӕ ауадза, уӕд египетӕгты фосыл низ бафтаудзынӕн, ӕмӕ амӕлдзысты». Иннӕ бон сӕ фос мӕлын райдыдта, израилӕгты фосыл та ӕппындӕр ницы ’рцыд. Фӕлӕ уӕддӕр фараонмӕ ницы бахъардта, ӕмӕ та сӕ нӕ ауагъта.

Уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта, цӕмӕй та фараонмӕ ацыдаид ӕмӕ йын йӕ разы фӕнык хӕрдмӕ скалдтаид. Фӕнык рыг фестад, ӕмӕ ӕнӕхъӕн бӕстӕ рыджы бын фӕци. Уыцы рыгӕй египетӕгтыл се ’ппӕтыл дӕр ӕмӕ сӕ фосыл дӕр фӕзынд сынчъытӕ. Фӕлӕ уӕддӕр фараон израилӕгты нӕ ауагъта.

Цыппӕрӕм, фӕндзӕм ӕмӕ ӕхсӕзӕм бӕллӕхтӕ: бӕстӕ дзынгатӕй байдзаг, фос амард, адӕмыл ӕмӕ фосыл сынчъытӕ фӕзынд

Ӕмӕ та Йегъовӕ Моисейы фараонмӕ арвыста ахӕм ныхӕстимӕ: «Мӕ адӕмы мын уӕддӕр нӕ уадзыс?! Райсом уӕ зӕххыл их ныккӕлдзӕн». Дыккаг бон Йегъовӕ афтӕ бакодта, ӕмӕ арв нӕрын ӕмӕ цӕхӕртӕ калын райдыдта, стӕй их рауарыд. Ахӕм их Египеты никуыма рауарыд. Быдырты цыдӕриддӕр зад, уыдон ныххоста ӕмӕ бӕлӕстӕ ныссаста. Фӕлӕ Гесемы та их нӕ уарыд. Фараон Моисейӕн загъта: «Йегъовӕйӕн-ма ныллӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй арв мауал нӕра ӕмӕ их банцайа! Ӕмӕ уӕд сӕрибар стут». Фӕлӕ их ӕмӕ къӕвда куы банцадысты, уӕд та фараон ногӕй йӕ ныхас фӕсайдта.

Уый фӕстӕ Моисей загъта: «Ихы фӕстӕ ма быдырты цы баззад, уый мӕтыхтӕ бахӕрдзысты». Ӕмӕ уӕд тынг бирӕ мӕтыхтӕ ӕрбатахт, ӕмӕ ма быдырты ӕмӕ бӕлӕстыл цы баззад, уый бахордтой. Фараон та ногӕй загъта: «Йегъовӕйӕн-ма ныллӕгъстӕ кӕн, цӕмӕй нӕ мӕтыхтӕй фервӕзын кӕна». Фӕлӕ сӕ Йегъовӕ мӕтыхтӕй куы фервӕзын кодта, уӕд дӕр фараон нӕ басаст.

Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Дӕ къух арвмӕ сдар». Ӕвиппайды бӕстӕ баталынг, ӕмӕ афтӕ уыди ӕртӕ боны. Египетӕгтӕ кӕрӕдзи дӕр нал уыдтой. Фӕлӕ, израилӕгтӕ кӕм цардысты, уым та уыди рухс.

Ӕвдӕм, ӕстӕм ӕмӕ фарӕстӕм бӕллӕхтӕ: их ныууарыд, бӕстӕ мӕтыхтӕй байдзаг, бӕстӕ баталынг

Фараон Моисейӕн загъта: «Ацу дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ адӕм дӕр. Ӕрмӕст уӕ фос ам ныууадзут». Фӕлӕ йын Моисей загъта: «Нӕ фос дӕр хъуамӕ немӕ акӕнӕм, цӕмӕй сӕ нӕ Хуыцауӕн нывондӕн ӕрхӕссӕм». Фараон тынг смӕсты ӕмӕ ныхъхъӕр кодта: «Фесӕф мӕ разӕй! Ам ма дӕ куы фенон, уӕд дӕ амардзынӕн!»

«Ногӕй фендзыстут, рӕстгӕнӕг ӕмӕ фыдгӕнӕг, Хуыцауӕн чи лӕггад кӕны ӕмӕ йын чи нӕ лӕггад кӕны, уыдон кӕрӕдзийӕ цӕмӕй хицӕн кӕнынц, уый» (Малахи 3:18)

Фарстатӕ. Йегъовӕ ма египетӕгтыл ноджыдӕр цавӕр бӕллӕхтӕ ӕруагъта? Ацы бӕллӕхтӕ фыццаг ӕртӕ бӕллӕхӕй цӕмӕй хицӕн кодтой?

Рацыд 8:20–10:29

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын