Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 21 сӕр, 54 ф.–55 ф., 2 абз.
  • Дӕсӕм бӕллӕх

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дӕсӕм бӕллӕх
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Моисей ӕмӕ Аарон бацыдысты фараонмӕ
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Фыццаг ӕртӕ бӕллӕхы
    Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Хуыцау израилӕгты Египетӕй ссӕрибар кодта
    Библи. Цавӕр ахсджиаг хабар дзы ис?
  • Египеты хицауиуӕг кӕны ӕвзӕр паддзах
    Мӕ библион радзырдты чиныг
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 21 сӕр, 54 ф.–55 ф., 2 абз.
Израилаг лӕг йӕ дуары тарвӕзтӕ тугӕй пырх кӕны

21 СӔРГОНД

Дӕсӕм бӕллӕх

Моисей фараонӕн загъта, кӕй йӕм нал ӕрбацӕудзӕн. Фӕлӕ цалынмӕ нӕ ацыд, уӕдмӕ йын загъта: «Ӕмбисӕхсӕв Египеты алы хӕдзары дӕр фыццаг лӕппу амӕлдзӕн. Фараоны фыццаг лӕппуйӕ райдай ӕмӕ цагъары фыццаг лӕппуйӕ фӕу».

Йегъовӕ израилӕгтӕн бафӕдзӕхста, цӕмӕй иу цыдӕр сарӕзтаиккой. Загъта сын: «Аргӕвдут, иу аз кӕуыл цӕуы, ахӕм нӕл уӕрыкк кӕнӕ сӕныкк ӕмӕ сын сӕ тугӕй уӕ дуӕртты тарвӕзтӕ бапырх кӕнут. Йӕхи та йын зынгыл сфыцут ӕмӕ йӕ дзулимӕ бахӕрут. Дзулыл та хъуамӕ ӕнхъизӕн ма уа. Скӕнут-иу уӕ дзаумӕттӕ ӕмӕ уӕ дзабыртӕ ӕмӕ-иу цӕттӕ ут цӕуынмӕ. Ахсӕв уӕ ӕз ссӕрибар кӕндзынӕн». Дӕ цӕстытыл-ма ауайын кӕн, израилӕгтӕ куыд цин кодтаиккой!

Ӕмбисӕхсӕв Йегъовӕйы зӕд ӕрзылд Египеты алы хӕдзарыл дӕр. Ӕмӕ, йӕ дуары тарвӕзтӕ, ома, дуары алыварс цы фӕйнӕджытӕ вӕййы, уыдон, тугӕй пырхгонд кӕмӕн нӕ уыдысты, уыцы хӕдзӕрттӕй алкӕцыйы дӕр фыццаг лӕппуйы амардта. Фӕлӕ, йӕ дуары тарвӕзтӕ тугӕй пырхгонд кӕмӕн уыдысты, уыцы хӕдзӕрттӕн та сӕ рӕзты ацыд. Алы египетаг бинонтӕн дӕр, мӕгуыр бинонтӕн дӕр ӕмӕ хъӕздыг бинонтӕн дӕр, сӕ фыццаг лӕппу амард. Фӕлӕ израилӕгты сывӕллӕттӕй та иу дӕр нӕ амард.

Суанг ма фараоны лӕппу дӕр амард. Гъемӕ фараон дӕр нал бафӕрӕзта ӕмӕ Моисей ӕмӕ Ааронӕн загъта: «Сыстут ӕмӕ ацӕут! Ацӕут ӕмӕ уӕ Хуыцауӕн лӕггад кӕнут! Акӕнут уӕ фос ӕмӕ цӕугӕ ут ардыгӕй!»

Израилӕгтӕ Египетӕй араст сты ӕмӕ алы мыггаг дӕр цыди хицӕнӕй. Цалхыдзаг мӕй сын сӕ фӕндаг рухс кодта. Израилаг нӕлгоймӕгтӕ уыдысты 600 000, стӕй семӕ уыд тынг бирӕ сылгоймӕгтӕ ӕмӕ сывӕллӕттӕ. Иннӕ адӕмтӕй дӕр семӕ бирӕтӕ рацыдысты, уымӕн ӕмӕ уыдоны дӕр бафӕндыд Йегъовӕйӕн лӕггад кӕнын. Кӕдӕй-уӕдӕй израилӕгтӕ ссӕрибар сты!

Йегъовӕ израилӕгтӕн загъта, цӕмӕй уыцы хабар алы аз дӕр бӕрӕг кодтаиккой. Афтӕмӕй израилӕгты нӕ ферох уыдаид, Йегъовӕ сӕ куыд фервӕзын кодта, уый. Уыцы хабар хуынди Куадзӕн. Дзырд «Куадзӕн» нысан кӕны «истӕй рӕзты ацӕуын».

Израилӕгтӕ Египетӕй рацӕуынц

«Ӕз дӕ уый тыххӕй ныууагътон удӕгасӕй, цӕмӕй дыл равдисон мӕ тых ӕмӕ цӕмӕй мӕ ном айхъуыса ӕгас зӕххыл дӕр» (Ромӕгтӕм 9:17)

Фарстатӕ. Дӕсӕм бӕллӕх цавӕр уыд? Израилӕгты цы хъуыди саразын, цӕмӕй сыл уыцы бӕллӕх ма ’рцыдаид?

Рацыд 11:1–12:42; 13:3–10

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын