Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 26 сӕр, 66 ф.–67 ф., 1 абз.
  • Дыууадӕс сгарӕджы

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Дыууадӕс сгарӕджы
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Дыууадӕс сгарӕджы
    Мӕ библион радзырдты чиныг
  • Иегъовӕйыл ӕппӕт зӕрдӕйӕ ӕууӕнд
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2003
  • Йесо Навины чиныгӕй ахсджиаг хъуыдытӕ
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2004
  • Алкӕддӕр Йегъовӕйы коммӕ кӕс
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2021
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 26 сӕр, 66 ф.–67 ф., 1 абз.
Израилӕгтӕ Ханааны зӕхх сгарӕг ӕрбацыдысты

26 СӔРГОНД

Дыууадӕс сгарӕджы

Израилӕгтӕ Синайы хохӕй араст сты, Кадес чи хуынд, уыцы бынатмӕ. Сӕ фӕндаг акодтой Фараны ӕдзӕрӕг быдырыл. Кадесмӕ куы бахӕццӕ сты, уӕд Йегъовӕ Моисейӕн загъта: «Арвит 12 лӕджы, алы мыггагӕй дӕр иу лӕджы, цӕмӕй Ханааны зӕхх, зӕрдӕ уын кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕхх, феной». Иннӕ адӕмты зӕхх уынынмӕ-иу кӕй арвыстой ӕмӕ-иу сусӕгӕй чи архайдта, уыдоны хуыдтой сгарджытӕ. Моисей 12 лӕджы равзӕрста ӕмӕ сын загъта: «Ацӕут Ханаанмӕ ӕмӕ фенут, хорз зӕхх у ӕви ӕвзӕр. Фенут, йӕ адӕм тыхджын сты ӕви лӕмӕгъ, стӕй цатырты цӕрынц ӕви горӕтты». Гъемӕ уыцы 12 сгарӕджы араст сты Ханааны зӕхмӕ. Се ’хсӕн уыдысты Йесо Навин ӕмӕ Халев.

Израилӕгтӕ хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ сӕ ныфс асаст

40 боны фӕстӕ сгарджытӕ фӕстӕмӕ ӕрбаздӕхтысты ӕмӕ семӕ ӕрбахастой легъуитӕ, гранаттӕ ӕмӕ сӕнӕфсир. Сгарджытӕ радзырдтой: «Хорз зӕхх у. Фӕлӕ дзы цы адӕм цӕры, уыдон тыхджын сты, сӕ горӕтты къултӕ та – бӕрзонд». Фӕлӕ Халев загъта: «Цомут, бацахсӕм уыцы зӕхх! Мах сыл фӕуӕлахиз уыдзыстӕм!» Халев афтӕ цӕмӕн загъта, уый зоныс? Уымӕн ӕмӕ йӕ зӕрдӕ дардта Йегъовӕйыл. Ӕмӕ Йесо Навины дӕр уырныдта, Хуыцау сын кӕй баххуыс кӕндзӕн. Фӕлӕ иннӕ дӕс сгарӕджы та загътой: «Нӕ! Уыцы адӕм уӕйгуыты йас сты! Мах сӕ разы цъырцъырӕгты хуызӕн стӕм».

Израилӕгтӕн сӕ ныфс асаст. Хъуыр-хъуыр кӕнын райдыдтой ӕмӕ кӕрӕдзийӕн афтӕтӕ дзырдтой: «Нӕхицӕн разамонӕгӕй ӕндӕр искӕй равзарӕм ӕмӕ фӕстӕмӕ Египетмӕ аздӕхӕм! Уыцы зӕххыл сӕ къухӕй цӕмӕн хъуамӕ амӕлӕм?!» Йесо Навин ӕмӕ сын Халев загътой: «Йегъовӕйы ныхасмӕ байхъусут ӕмӕ уыцы адӕмӕй ма тӕрсут. Йегъовӕ нын баххуыс кӕндзӕн». Фӕлӕ сӕм израилӕгтӕ нӕ байхъуыстой. Суанг ма сӕ амарынмӕ дӕр хъавыдысты!

Йегъовӕ куыд бакодта? Уый Моисейӕн загъта: «Ацы адӕмы тыххӕй цас диссӕгтӕ сарӕзтон! Уыдон та мӕм уӕддӕр нӕ хъусынц. Уыдон ам, ӕдзӕрӕг быдыры, 40 азы фӕцӕрдзысты ӕмӕ мӕлгӕ дӕр ам акӕндзысты. Зӕрдӕ уын кӕмӕй бавӕрдтон, уыцы зӕххыл та цӕрдзысты ӕрмӕстдӕр сӕ сывӕллӕттӕ, стӕй Йесо Навин ӕмӕ Халев».

«Ахӕм тӕппуд цӕмӕн стут? Кӕм ис уӕ уырнындзинад?» (Матфейы 8:26)

Фарстатӕ. 12 сгарӕджы Ханаанӕй куы ’рбаздӕхтысты, уӕд цы ’рцыд? Йесо Навин ӕмӕ Халев сӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардтой, уый куыд равдыстой?

Нымӕцтӕ 13:1–14:38; Дыккаг закъон 1:22–33; Псалом 78:22; Дзуттӕгтӕм 3:17–19

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын