Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 48 сӕр, 116 ф.–117 ф., 2 абз.
  • Хуыцау идӕдз сылгоймагӕн йӕ фырты райгас кодта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Хуыцау идӕдз сылгоймагӕн йӕ фырты райгас кодта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Сарептӕйаг идӕдз сылгоймаг арфӕгонд ӕрцыд йӕ уырнындзинады тыххӕй
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2014
  • Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта
    Сӕ уырнындзинад сын фӕзмут
  • Йӕ Хуыцау ын удӕнцой радта
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2011
  • Искуы дӕм афтӕ каст, ӕмӕ иунӕгӕй баззадтӕ, кӕнӕ-иу истӕмӕй тарстӕ?
    Уӕ сывӕллӕтты ахуыр кӕнут
Фылдӕр фенын
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 48 сӕр, 116 ф.–117 ф., 2 абз.
Идӕдз сылгоймаг сугтӕ ӕмбырд кӕны, Илийа та йӕм дзуры

48 СӔРГОНД

Хуыцау идӕдз сылгоймагӕн йӕ фырты райгас кодта

Ссад ӕмӕ сой дурынты

Хус рӕстӕг куы уыд, уӕд Йегъовӕ Илийайӕн загъта: «Ацу Сарептӕмӕ. Уым дын иу идӕдз сылгоймаг бахӕрын кӕндзӕн». Илийа уырдӕм куы ’рцыд, уӕд горӕты кулдуары раз иу мӕгуыр идӕдз сылгоймаджы сугтӕ ӕмбырд кӕнгӕ федта. Илийа йын загъта, дон-ма мын рахӕсс, зӕгъгӕ. Сылгоймаг донмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ма йын Илийа загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, дзулы къӕбӕр дӕр-ма мын рахӕсс». Фӕлӕ йын сылгоймаг загъта: «Нӕй мӕм дзул. Ӕрмӕстдӕр ма мӕм иу гыццыл ссад ӕмӕ сой ис. Ӕмӕ дзы мӕхи ӕмӕ мӕ лӕппуйы фаг йеддӕмӕ хӕринаг нӕ рауайдзӕн». Илийа йын загъта: «Дзул мын куы скӕнай, уӕд де ссад нӕ фӕуыдзӕн ӕмӕ дӕ сой нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн, цалынмӕ зӕххыл къӕвда нӕ рауара, уӕдмӕ. Афтӕ Йегъовӕ загъта».

Гъемӕ идӕдз сылгоймаг дӕр сӕхимӕ ацыд ӕмӕ Йегъовӕйы пехуымпарӕн дзул скодта. Ӕмӕ Йегъовӕ куыддӕриддӕр загъта, афтӕ сылгоймагӕн ӕмӕ йӕ фыртӕн алкӕддӕр уыд, цы бахордтаиккой, уый. Цалынмӕ хус рӕстӕг уыд, уӕдмӕ йе ссад ӕмӕ йӕ сой нӕ фӕуд кодтой.

Фӕстӕдӕр ӕрцыд ӕвзӕр хабар. Сылгоймагӕн йӕ гыццыл лӕппу тынг фӕрынчын ӕмӕ амард. Ӕмӕ уӕд Илийайӕн лӕгъстӕ кӕнын райдыдта, цӕмӕй йын баххуыс кодтаид. Илийа лӕппуйы йӕ мады хъӕбысӕй райста, уӕллаг уатмӕ йӕ схаста ӕмӕ йӕ уым хуыссӕныл ӕрӕвӕрдта. Стӕй Хуыцаумӕ скуывта: «О Йегъовӕ, курын дӕ, ацы сывӕллоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздах!» Цымӕ Йегъовӕ куыд бакӕндзӕн? Куы йӕ райгас кӕна, уӕд уый уыдзӕн стыр диссаг! Цӕмӕн? Куыд ӕй зонӕм, афтӕмӕй уый размӕ никуы ничи райгас. Стӕй уыцы сылгоймаг ӕмӕ йӕ лӕппу израилӕгтӕ дӕр нӕ уыдысты.

Фӕлӕ уӕддӕр Йегъовӕ лӕппуйы фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта, райгас ӕй кодта! Илийа сылгоймагӕн загъта: «Уыныс, дӕ лӕппу ӕгас у!» Сылгоймагӕн йӕ цинӕн кӕрон дӕр нал уыд, ӕмӕ Илийайӕн загъта: «Ныр ӕй зонын, ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы адӕймаг дӕ! Ды дзурыс, Йегъовӕ дын цы фӕзӕгъы, уый, ӕмӕ йӕ ныхас алкӕддӕр сӕххӕст вӕййы».

Илийа идӕдз сылгоймагӕн йӕ фырты райгас кодта

«Акӕсут-ма халӕттӕм – уыдон нӕдӕр таугӕ кӕнынц, нӕдӕр кӕрдгӕ, ӕмӕ сын нӕдӕр къутутӕ ис, нӕдӕр хордӕттӕ, фӕлӕ сӕ Хуыцау ӕфсады. Ӕмӕ уӕд сымах та цас зынаргъдӕр стут мӕргътӕй!» (Лукайы 12:24)

Фарстатӕ. Сарептӕйаг идӕдз сылгоймаг куыд равдыста, йӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл кӕй дардта, уый? Кӕцӕй йӕ зонӕм, Илийа ӕцӕгдӕр Хуыцауы пехуымпар кӕй уыд?

1 Паддзӕхты 17:8–24; Лукайы 4:25, 26

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын