Сарептӕйаг идӕдз сылгоймаг арфӕгонд ӕрцыд йӕ уырнындзинады тыххӕй
МӔГУЫР идӕдз сылгоймаг йӕ лӕппуйыл, йӕ иунӕг хъӕбулыл, ныттыхст. Ныр дӕр ма йӕ нӕ уырны. Гыццыл раздӕр ма, йӕ ӕдзард хъӕбулы йӕ хъӕбысы узгӕйӕ, йӕхи цӕссыгӕй ӕхсадта. Фӕлӕ ныр йӕ лӕппу райгас, ӕмӕ йӕм мад кӕсынӕй не ’фсӕды, йӕ хъӕбулы мидбылхудтӕй йӕ зӕрдӕ фырцинӕй уынгӕг кӕны. «Уыныс,– зӕгъы йын йӕ уазӕг,– дӕ лӕппу ӕгас у!»
Уыцы диссаджы хабар ӕрцыд иу-3 000 азы размӕ, фыст ис 1 Паддзӕхты чиныджы 17 сӕры. Цы уазӕджы кой дзы ис, уый у Хуыцауы пехуымпар Илийа. Сывӕллоны мад та чи у? Йӕ ном кӕмӕн нӕ зонӕм, ахӕм идӕдз сылгоймаг горӕт Сарептӕйӕ. Йӕ лӕппу кӕй райгас, уый уыд, йӕ уырнындзинад ын тынг чи бафидар кодта, ахӕм хабӕрттӕй сӕ иу. Уыцы сылгоймаджы цӕвиттонмӕ лӕмбынӕгдӕр куы ’ркӕсӕм, уӕд базондзыстӕм тынг ахсджиаг хабӕрттӕ.
ИЛИЙА СӔМБӔЛД, УЫРНЫНДЗИНАД КӔМӔ УЫД, АХӔМ ИДӔДЗ СЫЛГОЙМАГЫЛ
Йегъовӕ загъта, ӕвзӕр паддзах Ахавы бӕстӕйы, ома Израилы, хус рӕстӕг бирӕ кӕй ахӕсдзӕн. Илийа уыцы хабар куы фехъусын кодта, уый фӕстӕ йӕ Йегъовӕ Ахавӕй бамбӕхста ӕмӕ йын диссаджы хуызы хӕринаг лӕвӕрдта – халӕттӕ йын дзул ӕмӕ дзидза хастой. Стӕй Йегъовӕ Илийайӕн загъта: «Сыст, ацу Сидоны Сарептӕмӕ ӕмӕ уал уым цӕр. Уым ӕз иу идӕдз сылгоймагӕн бафӕдзӕхсдзынӕн, цӕмӕй дын хӕринаг дӕтта» (1 Пад. 17:1–9).
Илийа Сарептӕмӕ куы ’рцыд, уӕд федта иу идӕдз сылгоймаджы сугтӕ ӕмбырд кӕнгӕ. Цымӕ уый, пехуымпарӕн хӕринаг чи хъуамӕ лӕвӕрдтаид, уыцы сылгоймаг уыди? Ахӕм мӕгуырӕй уый йӕ бон куыд бауыдаид? Кӕд Илийа афтӕтӕ хъуыды кодта, уӕддӕр сылгоймагимӕ ныхас кӕнын райдыдта ӕмӕ йын загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, иу гыццыл-ма мын дон радав, цӕмӕй бануазон». Сылгоймаг донмӕ куы фӕцӕйцыд, уӕд ма йын Илийа загъта: «Дӕ хорзӕхӕй, демӕ-ма мын дзулы къӕбӕр дӕр рахӕсс» (1 Пад. 17:10, 11). Фӕндаггонӕн дон авӕрын идӕдз сылгоймагмӕ зын нӕ фӕкаст, фӕлӕ йын пехуымпар дзулы кой куы скодта, уӕд фӕтыхст.
Сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын, нӕй мӕм дзул. Стыр дурыны ма мӕм иу армыдзаг ссад ис, гыццыл дурыны та – иу гыццыл сой. Мӕнӕ иу гыццыл сугтӕ ӕрӕмбырд кӕндзынӕн, стӕй ацӕудзынӕн ӕмӕ мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн исты ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн. Цы ’рцӕттӕ кӕнон, уый бахӕрдзыстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ амӕлдзыстӕм» (1 Пад. 17:12). Илийа ӕмӕ сылгоймаджы ныхӕстӕй цы ис базонӕн?
Идӕдз сылгоймаг бамбӕрста, Илийа израилаг кӕй у ӕмӕ Йегъовӕйӕн кӕй лӕггад кӕны. Уый зыны йӕ ныхӕстӕй, «дӕ Хуыцау Йегъовӕйӕ дын сомы кӕнын», зӕгъгӕ. Бӕрӕг у, Израилы Хуыцауы тыххӕй цыдӕртӕ кӕй зыдта. Фӕлӕ йын йӕхӕдӕг нӕ лӕггад кодта, ӕндӕр афтӕ загътаид, мӕ Хуыцау Йегъовӕ, зӕгъгӕ. Уыцы идӕдз сылгоймаг царди, финикийаг горӕт Сидоны дӕлбар чи уыд, уыцы горӕт Сарептӕйы. Куыд зыны, афтӕмӕй Сарептӕйы царди Ваалӕн кувӕг адӕм. Фӕлӕ Йегъовӕ уыцы сылгоймаджы зӕрдӕйы хорзӕй цыдӕр федта.
Кӕд уыцы мӕгуыр идӕдз сылгоймаг мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕмы ’хсӕн царди, уӕддӕр бӕрӕг уыди, Йегъовӕйыл кӕй ӕууӕндыд. Уӕдӕ йӕм Йегъовӕ Илийайы кӕй арвыста, уымӕй ӕрмӕст Илийайӕн баххуыс кӕнынмӕ нӕ хъавыд, фӕлӕ сылгоймагӕн йӕхицӕн дӕр. Ӕмӕ уымӕй нӕ бон у базонын ахсджиаг хъуыддаг.
Афтӕ зӕгъӕн нӕй, ӕмӕ Сарептӕйы цӕрджытӕ иууылдӕр бынысӕфт уыдысты. Йегъовӕ Илийайы уыцы идӕдз сылгоймагмӕ кӕй арвыста, уымӕй бӕрӕг у, чи йын нӕма лӕггад кӕны, уыцы сыгъдӕгзӕрдӕ адӕмы дӕр кӕй уыны. Ӕцӕгдӕр, «алы адӕмӕй йӕ зӕрдӕйӕн адджын у, чи дзы тӕрсы ӕмӕ рӕстӕй чи цӕры, ахӕм адӕймаг» (Хъуыд. 10:35).
Ды кӕм хъусын кӕныс, уым дӕр, ӕвӕццӕгӕн, уыцы сарептӕйаг идӕдз сылгоймаджы хуызӕн адӕймӕгтӕ цӕры. Кӕд, сӕ алыварс цы адӕм цӕры, уыдон мӕнг динтыл хӕст сты, уӕддӕр, чи зоны, хуыздӕр цыдӕр агурынц. Чи зоны, Йегъовӕйы тыххӕй гыццыл йе та ӕппындӕр ницы зонынц, ӕмӕ сӕ уымӕ гӕсгӕ хъӕуы ӕххуыс, цӕмӕй рӕстдзинады фӕндагыл слӕууой. Ахӕм адӕмы ссарыныл ӕмӕ сын баххуыс кӕныныл архайыс?
«ӔРМӔСТ... УАЛ ИУ ГЫЦЦЫЛ ГУЫЛ МӔНӔН СКӔН»
Лӕмбынӕг-ма ахъуыды кӕнӕм, Илийа идӕдз сылгоймагӕн цы загъта, ууыл. Сылгоймаг ын загъта, зӕгъгӕ ма мӕхицӕн ӕмӕ мӕ лӕппуйӕн иу хӕрды фаг исты ӕрцӕттӕ кӕндзынӕн, уый бахӕрдзыстӕм ӕмӕ уый фӕстӕ амӕлдзыстӕм. Фӕлӕ йын Илийа цы загъта? «Ма тӕрс. Ацу ӕмӕ, куыд загътай, афтӕ бакӕн. Ӕрмӕст дӕм цы ис, уымӕй уал иу гыццыл гуыл мӕнӕн скӕн ӕмӕ мын ӕй ӕрбахӕсс, ӕмӕ уый фӕстӕ дӕхицӕн ӕмӕ дӕ лӕппуйӕн дӕр исты скӕндзынӕ. Афтӕ зӕгъы Израилы Хуыцау Йегъовӕ: „Стыр дурыны ссад нӕ фӕуыдзӕн ӕмӕ гыццыл дурыны сой нӕ фӕкъаддӕр уыдзӕн, цалынмӕ Йегъовӕ зӕххыл къӕвда нӕ рауадза, уӕдмӕ“» (1 Пад. 17:11–14).
Уыцы сылгоймаджы бынаты ӕндӕр исчи, чи зоны, загътаид: «Нӕ фӕстаг хӕринаг дын раттӕм? Хынджылӕг кӕныс, ӕви?» Фӕлӕ уыцы идӕдз сылгоймаг афтӕ нӕ загъта. Кӕд Йегъовӕйы тыххӕй бирӕ нӕ зыдта, уӕддӕр Илийайы ныхӕстыл баууӕндыд ӕмӕ, уый куыд загъта, афтӕ бакодта. Уыцы уавӕр сылгоймагӕн стыр фӕлварӕн уыд. Фӕлӕ уый фидар уырнындзинады хицау разынд, ӕмӕ раст уынаффӕ рахаста!
Идӕдз сылгоймаг Илийайы Хуыцауыл, Йегъовӕйыл, кӕй ӕууӕндыд, уый фӕрцы йӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ йӕ лӕппу дӕр удӕгасӕй баззадысты
Хуыцау уыцы мӕгуыр идӕдз сылгоймаджы нӕ ферох кодта. Илийа куыддӕриддӕр загъта, афтӕ Йегъовӕ, сылгоймагмӕ ма цы гыццыл хойраг уыди, уый сбирӕ кодта, ӕмӕ, цалынмӕ хус рӕстӕг уыди, уӕдмӕ Илийа дӕр, стӕй идӕдз сылгоймаг дӕр ӕмӕ йӕ лӕппу дӕр уымӕй цардысты. Библийы уый тыххӕй фыст ис: «Стыр дурыны ссад нӕ фӕуд кодта ӕмӕ гыццыл дурыны сой нӕ къаддӕр кодта, Йегъовӕ Илийайы уылты куыддӕриддӕр загъта, афтӕ» (1 Пад. 17:16; 18:1). Уыцы сылгоймаг ӕндӕрхуызон куы бакодтаид, уӕд, йе ссад ӕмӕ сойӕ цы гуыл скодтаид, уый ӕцӕгдӕр уыдаид йӕ фӕстаг хӕринаг. Фӕлӕ уый равдыста фидар уырнындзинад – Йегъовӕйыл баууӕндыд, ӕмӕ уал фыццаг Илийайӕн бахӕрын кодта.
Уыцы хабарӕй нӕ бон цы у базонын? Хуыцау арфӕ кӕны, чи йыл ӕууӕнды, уыдонӕн. Дӕ иузӕрдиондзинад фӕлвӕрд куы цӕуа, уӕд-иу дӕ зӕрдӕ Йегъовӕйыл дар, ӕмӕ дын уӕд баххуыс кӕндзӕн. Хуыцау уыдзӕн дӕ Дарӕг, дӕ Хъахъхъӕнӕг ӕмӕ дӕ Хӕлар, ӕмӕ дын хъарутӕ дӕтдзӕн, цӕмӕй-иу фӕлварӕны фидар фӕлӕууай (Рац. 3:13–15).
Сарептӕйаг идӕдз сылгоймаджы хабарӕй зондӕн цы райсӕн ис, уый тыххӕй 1898 азы «Сионы хъахъхъӕнӕн мӕсыджы» фыст уыд: «Уыцы сылгоймагмӕ уыйбӕрц уырнындзинад куы разындаид, цӕмӕй пехуымпармӕ байхъуыстаид, уӕд ын Хуыцау йӕ пехуымпары уылты баххуыс кодтаид. Уырнындзинад ӕм куы нӕ разындаид, уӕд та Хуыцау ӕндӕр идӕдз усы ссардтаид. Махӕн дӕр нӕ хабар афтӕ у – Хуыцау бауадзы, цӕмӕй-иу нӕ уырнындзинад фӕлвӕрд ӕрцӕуа. Ӕмӕ-иу нӕм кӕд уырнындзинад разына, уӕд-иу арфӕдзинӕдтӕй схайджын уыдзыстӕм, кӕд нӕ – уӕд та-иу сӕ ӕнӕхай фӕуыдзыстӕм».
Фӕлварӕнты-иу куы бахауӕм, уӕд-иу хъуамӕ Библийы ӕмӕ нӕ литературӕйы фӕрцы Йегъовӕйы разамынд агурӕм. Ӕмӕ-иу стӕй хъуамӕ бакӕнӕм, Йегъовӕ нын куыд амоны, афтӕ, цыфӕнды зын нын куы уа, уӕддӕр. Ӕмбисӕндты 3:5, 6 фыст ис: «Дӕ зӕрдӕ ӕгасӕй дӕр дар Йегъовӕйыл ӕмӕ дӕхи зондӕй ныфсджын ма у. Дӕ алы къахдзӕфыл дӕр ӕй дӕ зӕрдыл дар, ӕмӕ дын дӕ фӕндаг раст кӕндзӕн». Ацы зондджын уынаффӕмӕ гӕсгӕ куы архайӕм, уӕд нын Хуыцау ӕнӕмӕнг арфӕ кӕндзӕн.
«ДЫ МӔМ УЫЙ ТЫХХӔЙ ӔРЦЫДТӔ, ЦӔМӔЙ МЫН... МӔ ХЪӔБУЛЫ АМАРАЙ»
Идӕдз сылгоймаг та ногӕй бахауд, йӕ уырнындзинад фӕлвӕрд кӕм цыд, ахӕм уавӕры. Библийы уыцы хабары тыххӕй фыст ис: «Уый фӕстӕ сылгоймагӕн, хӕдзары ӕфсинӕн, йӕ лӕппу фӕрынчын. Ӕмӕ афтӕ ӕвзӕр уыди, ӕмӕ амард». Мад йӕ хъӕбулыл маст кӕнгӕйӕ хъуыды кодта, зӕгъгӕ мыл ахӕм бӕллӕх цӕй тыххӕй ӕрцыд, ӕмӕ Илийайӕн загъта: «Цы дын кодтон, ӕцӕг Хуыцауы адӕймаг? Ды мӕм уый тыххӕй ӕрцыдтӕ, цӕмӕй мын мӕ тӕригъӕд мӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕнай ӕмӕ мын мӕ хъӕбулы амарай» (1 Пад. 17:17, 18). Цымӕ уыцы зӕрдӕсӕттӕн ныхӕстӕ цӕуыл дзурӕг уыдысты?
Мыййаг, сылгоймагӕн, кӕддӕр цы тӕригъӕд ракодта, уый ӕрлӕууыд йӕ зӕрдыл? Мыййаг ӕй уӕдмӕ дӕр йӕ цӕсгом хордта, ӕмӕ афтӕ хъуыды кодта, йӕ лӕппуйы мӕлӕт Хуыцауы ӕфхӕрд кӕй у ӕмӕ Илийа та – Хуыцауы тӕрхон ӕххӕстгӕнӕг? Библийы уымӕн дзуапп нӕй. Фӕлӕ бӕлвырд у иу хъуыддаг: уыцы идӕдз сылгоймаг Хуыцауы ницӕмӕй фӕаххосджын кодта.
Идӕдз сылгоймагӕн йӕ лӕппу куы амард ӕмӕ уыцы ӕвирхъау бӕллӕхы Илийайы куы фӕаххосджын кодта, уӕд пехуымпар арвыцӕфау куыннӕ фӕуыдаид. Илийа мард сывӕллоны йӕ хъӕбысы уӕллаг уатмӕ схаста ӕмӕ хъӕрӕй скуывта: «О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау! Ау, кӕмӕ цӕрын, уыцы идӕдз сылгоймагӕн йӕ лӕппуйы амардзынӕ, ӕмӕ уымӕн дӕр маст бавзарын кӕндзынӕ?» Уыцы хӕларзӕрдӕ ӕмӕ уазӕгуарзон сылгоймаг цы стыр маст бавзӕрста, уымӕ Йегъовӕ афтӕ куы кастаид, уӕд йӕ ном фегад уыдаид, ӕмӕ уый та Илийайӕн тынг зын уыдаид. Гъемӕ Хуыцауӕн ныллӕгъстӕ кодта: «О Йегъовӕ, мӕ Хуыцау, курын дӕ, ацы сывӕллоны фӕстӕмӕ цардмӕ раздах!» (1 Пад. 17:20, 21).
«УЫНЫС, ДӔ ЛӔППУ ӔГАС У!»
Йегъовӕ хъуыста, Илийа йӕм куыд куывта, уымӕ. Сарептӕйаг идӕдз сылгоймаг ын йӕ пехуымпарыл тыхсти, стӕй йӕм уырнындзинад дӕр уыд. Куыд зыны, афтӕмӕй йын Хуыцау йӕ фырты амӕлын уый тыххӕй бауагъта, ӕмӕ зыдта, кӕй йӕ райгас кӕндзӕн ӕмӕ уыцы хабар фидӕны бирӕ адӕмӕн ныфсы хос кӕй уыдзӕн. Ацы хабар у, Библийы райгасдзинады тыххӕй цы хабӕрттӕ фыст ӕрцыд, уыдонӕй фыццаг. Илийа Йегъовӕйӕн куы ныллӕгъстӕ кодта, уӕд Йегъовӕ лӕппуйы райгас кодта. Ахъуыды-ма кӕн, идӕдз сылгоймаг куыд тынг цин кодтаид, Илийа йын афтӕ куы загъта: «Уыныс, дӕ лӕппу ӕгас у!» Уый фӕстӕ сылгоймаг Илийайӕн загъта: «Ныр ӕй зонын, ды ӕцӕгдӕр Хуыцауы адӕймаг кӕй дӕ ӕмӕ, Йегъовӕйы номӕй цы дзурыс, уый раст кӕй у» (1 Пад. 17:22–24).
Дарддӕр 1 Паддзӕхты чиныджы 17 сӕры уыцы сылгоймаджы тыххӕй ницыуал ис фыст. Фӕлӕ Йесо йӕ хорзы кой кӕй ракодта, уымӕ гӕсгӕ ис зӕгъӕн, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнӕг сси ӕмӕ йыл йӕ царды кӕронмӕ иузӕрдион уыд (Лук. 4:25, 26). Уыцы сылгоймаджы хабар нын ууыл дзурӕг у, ӕмӕ Хуыцау арфӕ кӕны, йӕ лӕггадгӕнджытӕн ын хорздзинад чи аразы, уыдонӕн (Матф. 25:34–40). Уыцы хабарӕй ма бӕрӕг у, Хуыцау йӕ иузӕрдион лӕггадгӕнджытыл кӕй тыхсы, цыфӕнды зын уавӕры ма бахауой, уӕддӕр (Матф. 6:25–34). Стӕй ма уыцы хабарӕй ирдӕй зыны, Йегъовӕйы мӕрдты райгас кӕнын тынг кӕй фӕнды ӕмӕ уый йӕ бон дӕр кӕй у (Хъуыд. 24:15). Ӕппӕт адӕтты тыххӕй сарептӕйаг идӕдз сылгоймаджы нӕ зӕрдыл куыннӕ хъуамӕ дарӕм!