Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lfb 99 сӕр, 230 ф.–231 ф., 4 абз.
  • Ахӕстонгӕс рӕстдзинад базыдта

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Ахӕстонгӕс рӕстдзинад базыдта
  • Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • «Македонимӕ-ма ӕрцу»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Хуыцауы фарныл зонд не ’ххӕссы
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2017
  • Хорз уацхъуыд ныфсджынӕй хъусын кӕнӕм
    Нӕ хъусын кӕныны хъуыддаг 2000
  • Зӕрдӕрайгӕйӕ лӕггад кӕн Иегъовӕйӕн
    Хъахъхъӕнӕг мӕсыг хъусын кӕны Иегъовӕйы Паддзахад 2001
Библийы радзырдтӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм
lfb 99 сӕр, 230 ф.–231 ф., 4 абз.
Ахӕстонгӕс уыны, ахст адӕм кӕй нӕ алыгъдысты, кӕд ахӕстоны дуар гом у, уӕддӕр

99 СӔРГОНД

Ахӕстонгӕс рӕстдзинад базыдта

Филиппты уыд, йӕ мидӕг дӕлимон кӕмӕн уыди, иу ахӕм лӕггадгӕнӕг-чызг. Уыцы дӕлимон ын ахӕм тых радта, цӕмӕй дӕсны фӕрстаид, ӕмӕ чызг уымӕй йӕ хицӕуттӕн бирӕ ӕхца куыста. Павел ӕмӕ Силӕ уыцы горӕтмӕ куы ’рцыдысты, уӕд чызг бирӕ бонты дӕргъы сӕ фӕдыл цыди ӕмӕ хъӕр кодта: «Ацы адӕм сты Иунӕг Стыр Хуыцауы цагъартӕ!» Ӕппынфӕстаг Павел дӕлимонӕн загъта: «Йесо Чырыстийы номӕй дын зӕгъын: рацу дзы!» Ӕмӕ дӕлимон чызгӕй рацыд.

Чызджы хицӕуттӕ уый куы бамбӕрстой, ӕмӕ сын ныр ӕхца нал кусдзӕн, уӕд тынг смӕсты сты. Уыдон Павелы ӕмӕ Силӕйы ӕрцахстой ӕмӕ сӕ горӕты хицӕуттӕм акодтой ӕмӕ сын загътой: «Ацы нӕлгоймӕгтӕ нын нӕ закъӕттӕ халынц ӕмӕ нын нӕ горӕт змӕнтынц!» Уӕд хицӕуттӕ Павелы ӕмӕ Силӕйы фӕнӕмын кодтой ӕмӕ сӕ ахӕстоны сбадын кодтой. Ахӕстонгӕс сӕ ахӕстоны рӕбинагдӕр ӕмӕ талынгдӕр хайы баппӕрста ӕмӕ сын сӕ къӕхтӕ хъӕдын хъадаманты бакодта.

Павел ӕмӕ Силӕ Йегъовӕйӕн кады зарджытӕ зарын райдыдтой, ӕмӕ сӕ иннӕ ахст адӕм дӕр хъуыстой. Ӕмбисӕхсӕв ӕнӕнхъӕлӕджы зӕхх афтӕ тынг нынкъуысыд, ӕмӕ ахӕстон ӕнӕхъӕнӕй нызмӕлыд. Ӕвиппайды дуӕрттӕ фегом сты, ахст адӕмӕн та сӕ рӕхыстӕ ӕмӕ сӕ хъадамантӕ феуӕгъд сты. Ахӕстонгӕс уырдӕм куы балыгъд ӕмӕ дуӕрттӕ гомӕй куы федта, уӕд афтӕ фенхъӕлдта, ӕмӕ ахст адӕм иууылдӕр алыгъдысты. Уӕд йӕ хъама фелвӕста, ӕмӕ хъуамӕ йӕхи амардтаид.

Фӕлӕ Павел ныхъхъӕр кодта: «Дӕхицӕн мацы бакӕн! Мах иууылдӕр ам стӕм!» Уӕд уый дӕр мидӕмӕ балыгъд, Павел ӕмӕ Силӕйы раз йӕ зонгуытыл ӕрхауд ӕмӕ сӕ бафарста: «Цы кӕнын мӕ хъӕуы, цӕмӕй фервӕзон?» Уыдон ын загътой: «Хъуамӕ дӕхӕдӕг дӕр ӕмӕ дӕ хӕдзаронтӕ дӕр Йесойыл баууӕндат». Стӕй йын Павел ӕмӕ Силӕ йӕхицӕн дӕр ӕмӕ, йӕ хӕдзары чи уыди, уыдонӕн дӕр Йегъовӕйы тыххӕй радзырдтой, ӕмӕ иууылдӕр донаргъуыд райстой.

«Ахсдзысты [уӕ] ӕмӕ уӕ фӕдыл зилдзысты, бакӕндзысты-иу уӕ ӕмбырдгӕнӕнтӕм ӕмӕ-иу уӕ ахӕстӕтты баппардзысты. Мӕ номы тыххӕй уӕ ӕрлӕууын кӕндзысты паддзӕхты раз ӕмӕ хицӕутты раз. Ӕмӕ уын уыдзӕни фадат хорз хабар хъусын кӕнынӕн» (Лукайы 21:12, 13)

Фарстатӕ. Павелы ӕмӕ Силӕйы ахӕстоны цӕмӕн сбадын кодтой? Ахӕстонгӕс рӕстдзинад куыд базыдта?

Хъуыддӕгтӕ 16:16–34

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын