Разныхас 13 хаймӕ
Йесо зӕхмӕ ӕрцыд, цӕмӕй йӕ цард ӕнӕххӕст адӕмы тыххӕй радтаид. Кӕд ӕй амӕлын бахъуыд, уӕддӕр ацы дунейыл фӕуӕлахиз. Йегъовӕ йӕ Фыртыл уыд иузӕрдион, ӕмӕ йӕ фӕстӕмӕ цардмӕ раздӕхта. Йесо суанг йӕ мӕлӕты онг иннӕтӕн сӕрныллӕгӕй лӕггад кодта ӕмӕ-иу сын сӕ рӕдыдтытӕ ныххатыр кодта. Хуыцау ӕй куы райгас кодта, уӕд йӕ ахуыргӕнинӕгтӕм фӕзынд ӕмӕ сын бацамыдта, цы ахсджиаг хъуыддаг сын бахӕс кодта, уый куыд хъӕуы аразын. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, мах дӕр абон уыцы хъуыддаджы кӕй архайӕм ӕмӕ уый нӕхицӕн стыр кадыл кӕй хъуамӕ нымайӕм.