Разныхас 11 хаймӕ
Ацы хайӕ фӕстӕмӕ цы хабӕртты кой цӕудзӕн, уыдон ист сты Чырыстон Грекъаг Фыстытӕй. Йесо Чырысти райгуырд гыццыл горӕты. Йӕ бинонтӕ уыдысты мӕгуыр. Йӕ фыд уыд хъӕддӕсны, ома хъӕдӕй алыхуызон дзауматӕ арӕзта, ӕмӕ Йесо дӕр йемӕ куыста. Йесо уыд, адӕмы чи хъуамӕ фервӕзын кодтаид, уый. Йегъовӕ йӕ равзӕрста, цӕмӕй йӕ уӕларвон Паддзахады Паддзах суыдаид. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, Йегъовӕ афтӕ кӕй бакодта, цӕмӕй Йесо схъомыл уыдаид, Хуыцауы чи уарзтаид ӕмӕ йыл иузӕрдион чи уыдаид, ахӕм бинонты ’хсӕн. Сӕ хъус сын ӕрдарут, Йегъовӕ Йесойы Ироды къухӕй куыд фервӕзын кодта, уымӕ. Бамбарын сын кӕнут, Хуыцау йӕ фӕнд цыфӕндыйӕ дӕр кӕй сӕххӕст кӕны, уый. Базонут, Йегъовӕ Иоаннӕн куыд бахӕс кодта, цӕмӕй Йесойӕн фӕндаг ӕрцӕттӕ кодтаид. Се ’ргом сын раздахут, Йесо йӕ гыццылӕй фӕстӕмӕ йӕхи зондӕй нӕ, фӕлӕ Йегъовӕйы зондӕй кӕй архайдта, уымӕ.