Разныхас 4 хаймӕ
Ацы хайӕ базондзыстӕм Иосиф, Иов, Моисей ӕмӕ израилӕгты тыххӕй. Хӕйрӕг сын се ’ппӕтӕн дӕр бирӕ зындзинӕдтӕ бавзарын кодта. Чи ӕнаххосӕй ӕфхӕрд баййӕфта, чи ахӕстоны фӕци, чи цагъар уыди, кӕмӕндӕр та дзы ӕнӕнхъӕлӕджы йӕ бинонтӕй чидӕртӕ фӕмард сты. Фӕлӕ-иу сын Йегъовӕ ӕххуыс кодта. Ныййарджытӕ, уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, уыцы адӕймӕгтӕн ахӕм уӕззау фӕлварӕнты дӕр сӕ уырнындзинад цӕуылнӕ фӕцудыдта.
Йегъовӕ египетӕгтыл дӕс бӕллӕхы ӕруагъта, цӕмӕй федтаиккой, сӕ хуыцӕуттӕй се ’ппӕтӕй дӕр бирӕ тыхджындӕр кӕй у. Уӕ сывӕллӕттӕн бамбарын кӕнут, Йегъовӕ рагзаманты дӕр йӕ адӕмы куыд хъахъхъӕдта ӕмӕ сӕ абон дӕр куыд хъахъхъӕны.