116 ЗАРӔГ
Хӕларзӕрдӕдзинады тых
1. Куыд бузныг ыстӕм, Йегъовӕ, дӕуӕй,
Фӕлмӕнзӕрдӕ кӕй дӕ!
Кӕд зондджын ӕмӕ тыхджын дӕ, уӕддӕр
Хӕларзӕрдӕ алкӕмӕ дӕ.
2. Ӕфхӕрд чи у, уымӕн дзуры дӕ Фырт,
Кӕй йын ӕххуыс кӕндзӕн.
Хӕларзӕрдӕ у Чырысти дӕуау,
Ныфсдӕттӕг нын алкӕд уыдзӕн.
3. Хуыцауы ӕмӕ йӕ Фырты фӕзмӕм –
Ыстӕм хӕларзӕрдӕ.
Хӕларзӕрдӕ чи у, уый ’цӕгдӕр у
Ыстыр ӕххуыс алкӕмӕн дӕр.
(Ноджыдӕр кӕс Мих. 6:8; Матф. 11:28–30; Кол. 3:12; 1 Пет. 2:3.)