143 ЗАРӔГ
Лӕмбынӕг уӕм, лӕггад кӕнӕм ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм!
1. Хуыцау Йегъовӕ куыд загъта,
Раст афтӕ ’рцӕудзӕни алцы:
Ныр тагъд йӕ хицауы бартӕ
Йегъовӕ сбӕлвырд кӕндзӕн.
БАЗАРД
Уӕм лӕмбынӕг, лӕггад кӕнӕм дарддӕр!
Фидӕны диссаджы цардмӕ
Цингӕнгӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм!
2. Тӕрхоны афон бӕрӕг у,
Чырысти тохмӕ цӕттӕ у.
Уый знӕгты скуынӕг кӕндзӕни,
Уыдзӕн уӕлахиздзау уӕд.
БАЗАРД
Уӕм лӕмбынӕг, лӕггад кӕнӕм дарддӕр!
Фидӕны диссаджы цардмӕ
Цингӕнгӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм!
3. Дзыназынц адӕм фыдцардӕй,
Фӕлӕ нӕ зӕрдыл мах дарӕм:
Хуыцауы бон кӕны ’ввахсдӕр.
Ныфсджынӕй размӕ кӕсӕм.
БАЗАРД
Уӕм лӕмбынӕг, лӕггад кӕнӕм дарддӕр!
Фидӕны диссаджы цардмӕ
Цингӕнгӕ ’нхъӕлмӕ кӕсӕм!
(Ноджыдӕр кӕс Матф. 25:13; Лук. 12:36.)