149 ЗАРӔГ
Уӕлахизы зарӕг
1. Зарут Хуыцауӕн! Йегъовӕйы рухс ном ысбӕрзонд!
Арф денджызы ныппӕрста египетӕгты уый.
Кадджын кӕн Йагъы! Йӕ хъомыс, йӕ тых у ӕгӕрон.
Йегъовӕ у йӕ ном. Уый фӕуӕлахиз и ныр.
БАЗАРД
Ды дӕ, Йегъовӕ, Иунӕг Хуыцау!
Нӕ ивыс ды, ӕххӕст кӕныс дӕ фӕнд.
Тагъд де знӕгты фӕкӕндзынӕ бындзагъд,
Дӕ ном ысрухс кӕндзынӕ уӕд.
2. Адӕм ӕмвӕндӕй цӕуынц ныр Хуыцауӕн йӕ ныхмӕ.
Кӕд хъал ысты сӕхицӕй,– сӕ кӕрон у ӕгад.
Се сӕфт ӕрцӕудзӕн Хуыцауы хӕст Армагеддоны.
Йегъовӕ у Хуыцау, алчи базондзӕн уый тагъд.
БАЗАРД
Ды дӕ, Йегъовӕ, Иунӕг Хуыцау!
Нӕ ивыс ды, ӕххӕст кӕныс дӕ фӕнд.
Тагъд де знӕгты фӕкӕндзынӕ бындзагъд,
Дӕ ном ысрухс кӕндзынӕ уӕд.
(Ноджыдӕр кӕс Пс. 2:2, 9; 92:8; Мал. 3:6; Рарг. 16:16.)