44 УРОК
Хуыцауы зӕрдӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ иууылдӕр цӕуынц?
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй цардыл цин кӕнӕм ӕмӕ-иу хатт нӕхицӕн бӕрӕгбӕттӕ дӕр саразӕм. Фӕлӕ цымӕ бӕрӕгбӕттӕ иууылдӕр йӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц? Ацы хъуыддаджы нӕ бон куыд у равдисын, Йегъовӕйы кӕй уарзӕм, уый?
1. Бӕрӕгбӕттӕй бирӕтӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуылнӕ цӕуынц?
Чи зоны, бадис кӕнай, фӕлӕ бӕрӕгбӕттӕй бирӕтӕ сты Библийы ахуырӕдты ныхмӕ кӕнӕ та равзӕрдысты мӕнг динтӕй. Кӕцыдӕртӕ дзы баст сты спиритизмимӕ кӕнӕ та, уд кӕй нӕ мӕлы, уыцы ахуырадимӕ. Иуӕй-иу бӕрӕгбӕттӕ та адӕм бӕрӕг кӕнын райдыдтой, мӕнг цӕуылдӕрты кӕй ӕууӕндыдысты кӕнӕ, алцыдӕр амондӕй кӕнгӕ кӕй у, уый сӕ кӕй уырныдта, уый тыххӕй (Исай 65:11). Йегъовӕ йӕ лӕггадгӕнджыты фӕдзӕхсы: «Уӕхи [сӕ] фӕхицӕн кӕнут... ӕмӕ, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут» (2 Коринфӕгтӕм 6:17)a.
2. Йегъовӕ цы цӕстӕй кӕсы, адӕмы чи бӕрзонд кӕны, ахӕм бӕрӕгбӕттӕм?
Йегъовӕ нӕ фӕдзӕхсы, цӕмӕй нӕ зӕрдӕ зӕххон адӕймагыл ма дарӕм. (Бакӕс Йеремийы 17:5.) Иуӕй-иу бӕрӕгбӕтты фӕкадджын кӕнынц хицӕутты кӕнӕ, хӕсты чи фесгуыхти, уыдоны. Кӕцыдӕр бӕрӕгбӕттӕ та фӕкӕнынц бӕстӕйы хӕдбардзинады кӕнӕ бӕстӕйы символты, зӕгъӕм, тырысайы, номыл (1 Иоанны 5:21). Ис бӕрӕгбӕттӕ политикон кӕнӕ социалон организациты номыл дӕр. Иуӕй-иу адӕм кӕнӕ организацитӕ цы хъуыдытӕ фӕхъарынц, уыдон вӕййынц Йегъовӕйы фӕндоны ныхмӕ. Цымӕ Йегъовӕ цы цӕстӕй ракӕсид, ахӕм адӕмы кӕнӕ организацитӕ куы кадджын кӕниккам, уымӕ?
3. Иуӕй-иу бӕрӕгбӕтты рӕстӕг адӕм сӕхи куыд фӕдарынц?
Библимӕ гӕсгӕ, раст нӕу, адӕм нозтӕй бӕрц куы нӕ фӕзонынц, ӕнӕуаг цӕл-минас ӕмӕ фыднозт куы фӕкӕнынц, уый (1 Петры 4:3). Иуӕй-иу бӕрӕгбӕтты рӕстӕг адӕм сӕхиуыл ӕппындӕр нӕ фӕхӕцынц ӕмӕ ӕнӕгъдау митӕ фӕкӕнынц. Цӕмӕй Йегъовӕйӕ ма адард уӕм, уый тыххӕй хъуамӕ ахӕм ӕнӕгъдау хъуыддӕгтӕй нӕхи хизӕм.
ФЫЛДӔР БАЗОН
Базон, дӕ бон куыд у бӕрӕгбӕтты фӕдыл ахӕм уынаффӕтӕ хӕссын, цӕмӕй Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнай.
4. Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ ма бӕрӕг кӕн
Бакӕсут Ефесӕгтӕм 5:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Цавӕрдӕр бӕрӕгбон бӕрӕг кӕндзыстӕм ӕви нӕ, уый аскъуыддзаг кӕныны размӕ цы хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм?
Кӕм цӕрыс, уым цавӕр бӕрӕгбӕттӕ сты кадджын?
Куыд дӕм кӕсы, уыцы бӕрӕгбӕттӕ Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуынц?
Искуы хъуыды кодтай, Хуыцау гуырӕнбонтӕм цы цӕстӕй кӕсы, ууыл? Библийы никуы ис фыст, ӕмӕ Йегъовӕйы лӕггадгӕнджытӕ гуырӕнбонтӕ бӕрӕг кодтой. Фӕлӕ дзы фыст ис, Йегъовӕйӕн чи нӕ лӕггад кодта, дыууӕ ахӕм адӕймаджы гуырӕнбоны тыххӕй. Бакӕсут Райдиан 40:20–22 ӕмӕ Матфейы 14:6–10. Стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Ацы дыууӕ гуырӕнбоны ӕмхуызонӕй цы ис?
Ацы дыууӕ хабармӕ гӕсгӕ, Йегъовӕ гуырӕнбонтӕм цы цӕстӕй кӕсы?
Фӕлӕ уӕддӕр, чи зоны, хъуыды кӕныс: «Гуырӕнбонтӕ кӕнӕ, Библимӕ гӕсгӕ раст чи нӕу, ӕндӕр ахӕм бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕндзынӕн ӕви нӕ, уымӕ Йегъовӕ ӕцӕгдӕр куыдфӕндыйы цӕстӕй нӕ кӕсы?» Бакӕсут Рацыд 32:1–8. Стӕй бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ аныхас кӕнут, дӕлдӕр цы фарстатӕ ис, уыдоныл.
Цӕмӕ-иу хъуамӕ сбӕлвырд кӕнӕм, цавӕрдӕр бӕрӕгбон Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуы ӕви нӕ, уый?
Уый нӕ бон куыд у аразын?
Куыд ис базонӕн, цавӕрдӕр бӕрӕгбон Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуы, уый?
Библийы ахуырӕдты ныхмӕ у? Уый тыххӕй базон, куыд равзӕрд, уый.
Адӕмы, цавӕрдӕр организацитӕ кӕнӕ бӕстӕйы символтӕ бӕрзонд кӕны? Ӕппӕты стырдӕр кады аккагыл мах нымайӕм Йегъовӕйы ӕмӕ нӕ уырны, ӕрмӕстдӕр Йегъовӕ кӕй скӕндзӕн кӕрон адӕмы зындзинӕдтӕн.
Бӕрӕгбоны ӕгъдӕуттӕ ӕмӕ дзы цы фӕаразынц, уыдӕттӕ Библийы уагӕвӕрдты ныхмӕ сты? Нӕхи хъуамӕ мацӕмӕй фӕчъизи кӕнӕм.
5. Иннӕтӕн ӕххуыс кӕн, цӕмӕй аргъ кӕной, цӕуыл ӕууӕндыс, уымӕн
Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ нын куы фӕбӕрӕг кӕнын кӕнынц, уӕд нын, чи зоны, «нӕ» зӕгъын зын вӕййы. Бӕрӕгбон цӕуылнӕ бӕрӕг кӕндзынӕ, уый-иу сабыр ӕмӕ уӕзданӕй бамбарын кӕн. Уый куыд саразӕн ис, уымӕн цӕвиттон ис видеороликы. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ.
Бакӕсут Матфейы 7:12 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Ацы стихмӕ гӕсгӕ, раст уаид, де ’нӕуырнӕг бинонтӕн куы дзурис, ацы кӕнӕ уыцы бӕрӕгбон ма бӕрӕг кӕнут, зӕгъгӕ?
Дӕ бон цы уаид саразын, цӕмӕй дӕ бинонтӕ бамбарой, кӕд семӕ бӕрӕгбон нӕ бӕрӕг кӕныс, уӕддӕр сӕ кӕй уарзыс ӕмӕ сын кӕй аргъ кӕныс?
6. Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу нӕ рӕстӕг нӕ бинонтимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ хъӕлдзӕгӕй арвитӕм. Бакӕсут Екклесиаст 8:15 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстайыл:
Ацы стихӕй куыд зыны, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм?
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй йӕ адӕм цин кӕной ӕмӕ сӕ рӕстӕг иумӕ хъӕлдзӕгӕй ӕрвитой. Бакӕсут ВИДЕОРОЛИКМӔ ӕмӕ фен, уый Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕхсӕнадӕмон конгрессты бӕрӕг куыд вӕййы.
Бакӕсут Галатӕгтӕм 6:10 ӕмӕ стӕй аныхас кӕнут ацы фарстатыл:
Цӕмӕй иннӕтӕн «хорздзинад аразӕм», уый тыххӕй хъуамӕ бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнӕм?
Амондджындӕр кӕд уыдзынӕ: бӕрӕгбонмӕ исты лӕвар скӕнын дӕ хӕс куы уа ӕви адӕймагӕн исты, кӕй дӕ фӕнды, уый тыххӕй куы балӕвар кӕнай?
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕй бирӕтӕ иуӕй-иу хатт сӕ сывӕллӕттӕн хъӕлдзӕг бӕрӕгбӕттӕ скӕнынц кӕнӕ сын ӕнӕнхъӕлӕджы исты балӕвар кӕнынц. Кӕд дын сывӕллӕттӕ ис, уӕд сын дӕ бон цы уаид скӕнын?
ИУӔЙ-ИУТӔ ФӔЗӔГЪЫНЦ: «Цы уӕлдай у, бӕрӕгбон куыд равзӕрд! Уыцы бон нӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ нӕ рӕстӕг хъӕлдзӕгӕй арвитӕм».
Ахӕм адӕймагӕн цы зӕгъис?
ЦЫ БАЗЫДТАЙ
Йегъовӕйы фӕнды, цӕмӕй-иу нӕ рӕстӕг нӕ хиуӕттимӕ ӕмӕ не ’мбӕлттимӕ хъӕлдзӕгӕй арвитӕм. Фӕлӕ йӕ нӕ фӕнды, цӕмӕй, йӕ зӕрдӕмӕ чи нӕ цӕуы, ахӕм бӕрӕгбӕттӕ бӕрӕг кӕнӕм.
Дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Цавӕр фарстатыл хъуамӕ ахъуыды кӕнӕм, цӕмӕй бамбарӕм, бӕрӕгбон Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ цӕуы ӕви нӕ?
Нӕ бон куыд у нӕ хиуӕттӕн ӕмӕ не ’мбӕлттӕн бамбарын кӕнын, бӕрӕгбӕттӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнӕм, уый?
Кӕцӕй йӕ зонӕм, Йегъовӕйы кӕй фӕнды, цӕмӕй амондджын уӕм ӕмӕ цардыл цин кӕнӕм?
ФЫЛДӔР ӔРМӔГ
Базон, чырыстӕттӕ кӕй нӕ бӕрӕг кӕнынц, уыцы бӕрӕгбӕттӕй иуӕй-иуты тыххӕй.
«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕцыдӕр бӕрӕгбӕттӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?» (интернет-статья)
Базон, гуырӕнбонтӕ Хуыцауы зӕрдӕмӕ кӕй нӕ цӕуынц, уый цавӕр цыппар хъуыддагӕй у бӕрӕг.
«Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ гуырӕнбонтӕ цӕуылнӕ кӕнынц?» (интернет-статья)
Базон, Йегъовӕйы чи уарзы, уыцы сывӕллӕттӕн сӕ бон куыд у бӕрӕгбӕтты рӕстӕг Йегъовӕйы зӕрдӕ рухс кӕнын.
Чырыстӕттӕй милуантӕ Рождество нӕ бӕрӕг кӕнынц. Ахӕм уынаффӕ цӕмӕн рахастой?
«Ӕнӕ бӕрӕгбонӕй дӕр сты амондджын» (2012 азы 1 декабры «Хъахъхъӕнӕн мӕсыг»)
a Кӕс 5 уӕлӕмхасӕн, цӕмӕй базонай, бӕрӕгбӕтты рӕстӕг иуӕй-иу уавӕрты нӕ бон куыд у нӕхи дарын.