Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • bh 222 ф.–223 ф.
  • Бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?
  • Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йегъовӕйы Ӕвдисӕнтӕ кӕцыдӕр бӕрӕгбӕттӕ цӕуылнӕ бӕрӕг кӕнынц?
    Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты тыххӕй арӕхдӕр кӕй фӕдӕттынц, уыцы фарстатӕ
  • Хуыцауы зӕрдӕмӕ бӕрӕгбӕттӕ иууылдӕр цӕуынц?
    Амондджынӕй цӕр ӕнустӕм! Базон, Библи цы дзуры
  • Чырыстон Куадзӕны тыххӕй Библи цы дзуры?
    Библи: фарстатӕ ӕмӕ дзуаппытӕ
  • Цымӕ Куадзӕн ӕцӕгдӕр чырыстон бӕрӕгбон у?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2015
Фылдӕр фенын
Библи бӕлвырдӕй цы дзуры?
bh 222 ф.–223 ф.

УӔЛӔМХАСӔН

Бӕрӕгбӕттӕм цы цӕстӕй хъуамӕ кӕсӕм?

АБОН дунейы бирӕ рӕтты цы дины бӕрӕгбӕттӕ ӕмӕ ӕндӕр алыхуызон бӕрӕгбӕттӕ кӕнынц, уыдонӕн Библийы сӕ кой дӕр нӕй. Уӕдӕ уӕд кӕцӕй равзӕрдысты? Чи зоны дӕ бафӕнда, кӕм цӕрыс, уым цы бӕрӕгбӕттӕ кӕнынц, уыдоны тыххӕй энциклопедиты цы фыст ис, уый бакӕсын. Ӕркӕсӕм уыцы бӕрӕгбӕттӕй цалдӕрмӕ.

Куадзӕн. Куадзӕн фӕкӕнынц, Чырысти кӕй райгас, уый номыл ӕмӕ адӕм кӕрӕдзийӕн фӕарфӕтӕ кӕнынц, Чырысти райгас, зӕгъгӕ. Фӕлӕ иу энциклопеди куыд зӕгъы, афтӕмӕй «Ног Фӕдзӕхсты никуы ис фыст, ӕмӕ уӕды рӕстӕджы Чырыстийы райгасы бон бӕрӕг кодтой» (The Encyclopædia Britannica). Уӕдӕ ацы бӕрӕгбон кӕцӕй равзӕрд? Мӕнг динӕй. Кӕд Куадзӕн Чырыстийы райгасы хабӕрттимӕ бӕттынц, уӕддӕр уыцы бӕрӕгбоны ӕгъдӕуттӕн ӕцӕг чырыстон динимӕ иумӕйагӕй ницы ис. Зӕгъӕм, иу энциклопедийы дзырд цӕуы: «Чырыстӕттӕ Куадзӕны цы ӕгъдӕуттӕ фӕкӕнынц (куадзӕны гуылтӕ, ахуырст ӕйчытӕ), уыдон рацыдысты, мӕнг хуыцӕуттӕн кувӕг адӕм уалдзӕджы кӕй бӕрӕг кодтой, уыцы бӕрӕгбонӕй» (Большая советская энциклопедия, 2-е издание, том 32, 1995 год).

Ног аз. Ацы бӕрӕгбон алы бӕстӕты алыхуызӕтты бӕрӕг кӕнынц, стӕй ӕндӕр ӕмӕ ӕндӕр бонты. Кӕцӕй ӕрбафтыд, уый тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «Н. э. размӕ 46 азы Ромы паддзах Юлий Цезӕр ахӕм ӕгъдау сфидар кодта, ӕмӕ 1 январь нымайын райдыдтой Ног азы райдианыл. Ромӕгтӕ уыцы бон кодтой къӕсӕрты, дуӕртты ӕмӕ алы райдианы бардуаг Янусы бӕрӕгбон. Январы мӕйы ном дӕр уыцы бардуаджы номӕй равзӕрд. Янусы-иу ныв кодтой дыууӕ цӕсгомимӕ: иу дзы каст размӕ, иннӕ та – фӕстӕмӕ» (The World Book Encyclopedia). Уӕдӕ куыд уынӕм, афтӕмӕй Ног азы бӕрӕгбон дӕр равзӕрд мӕнг динтӕй.

Хеллоуин. Хонынц ма йӕ Ӕппӕт сыгъдӕджыты бон дӕр. Ацы бӕрӕгбон бирӕ цӕмӕйдӕрты у, мӕрдты номыл кӕй фӕкӕнынц, уыцы бонты хуызӕн. Ацы бӕрӕгбоны тыххӕй иу энциклопедийы фыст ис: «Хеллоуины ӕгъдӕуттӕ баст сты, чырыстон динӕн йӕ кой дӕр куы нӕма уыд, уӕд друидтӕм [ома рагон адӕмыхатт кельтты дзуарылӕгтӕм] цы ӕгъдау уыди, уыимӕ. Кельттӕ-иу стыр куывдтӕ скодтой дыууӕ хуыцауы номыл – хуры бардуаг ӕмӕ мӕрдты бардуаджы номыл. Мӕрдты бардуаджы номыл бӕрӕгбон кодтой 1 ноябры, кельтты нымадмӕ гӕсгӕ-иу ног аз куы райдыдта, уӕд. Фӕстӕдӕр мӕрдты бон кӕнын райдыдтой чырыстӕттӕ дӕр».

Ӕндӕр бӕрӕгбӕттӕ. Дунейы цы бӕрӕгбӕттӕ кӕнынц, уыдонӕн се ’ппӕтыл чи фӕдзурдзӕн. Фӕлӕ иу хъуыддаг бӕрӕг у: адӕймӕгты ӕмӕ алы организациты номыл цы бӕрӕгбӕттӕ кӕнынц, уыдон Йегъовӕйы зӕрдӕмӕ нӕ цӕуынц (Йереми 17:5–7; Хъуыддӕгтӕ 10:25, 26). Стӕй хъуыды кӕнын хъӕуы, дины бӕрӕгбӕттӕ кӕцӕй равзӕрдысты, ууыл дӕр. Уымӕй кӕнгӕ у, Хуыцауы зӕрдӕмӕ цӕуынц ӕви нӕ (Исай 52:11; Раргомад 18:4). Ацы чиныджы 16-ӕм сӕры дзырд цӕуы Библийӕ бӕлвырд уагӕвӕрдтыл, ӕмӕ дын уыцы уагӕвӕрдты фӕрцы ӕнцондӕр уыдзӕн, алыхуызон бӕрӕгбӕтты тыххӕй Хуыцау цы хъуыды кӕны, уый базонын.

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын