НӔ КӔСДЖЫТӔ ФӔРСЫНЦ...
Цымӕ Куадзӕн ӕцӕгдӕр чырыстон бӕрӕгбон у?
«Бритайнаг энциклопеди»-йы фыст ис, зӕгъгӕ, Куадзӕн у «Чырыстон аргъуаны сӕйраг бӕрӕгбон. Бӕрӕг ӕй кӕнынц, Йесо Чырысти кӕй райгас, уый номыл». Фӕлӕ цымӕ Куадзӕн ӕцӕгдӕр чырыстон бӕрӕгбон у?
Цавӕрдӕр хъуыддаг раст у ӕви нӕ, уый базоныны тыххӕй хъус ӕрдарын фӕхъӕуы лыстӕг хабӕрттӕм. Уӕдӕ цӕмӕй базонӕм, Куадзӕн чырыстон бӕрӕгбон у ӕви нӕ, уый тыххӕй ӕркӕсӕм цалдӕр лыстӕг хабармӕ.
Фыццаджыдӕр нӕ зӕрдыл хъуамӕ дарӕм, Йесо йӕ фӕдылдзӕуджытӕн кӕй бафӕдзӕхста бӕрӕг кӕнын йӕ райгасы бон нӕ, фӕлӕ йӕ мӕлӕты бон. Апостол Павел уый схуыдта «Хицауы ӕхсӕвӕр» (1 Коринфӕгтӕм 11:20; Лукайы 22:19, 20).
Уымӕй уӕлдай ма, «Бритайнаг энциклопеди»-йы куыд фыст ис, афтӕмӕй Куадзӕны ӕгъдӕуттӕй бирӕтӕ Йесойы райгасы хабармӕ «ӕппындӕр ницы бар дарынц», уыдон «равзӕрдысты адӕмон ӕгъдӕуттӕй». Куадзӕны коймӕ бирӕ бӕстӕты цӕрджыты цӕстытыл ауайынц ӕйчытӕ ӕмӕ тӕрхъус. «Дины энциклопеди»-йы фыст ис: «Айк нысан кӕны ног цард; уыцы ног цард фӕзыны, мӕлӕт – айчы хъӕбӕр цъар – кӕй басӕтты, уый фӕрцы». Стӕй ма дзы фыст ис: «Тӕрхъус лӕппынджын кӕй у, уымӕ гӕсгӕ сси уалдзӕджы райдианы нысан» (The Encyclopedia of Religion).
Филипп Уолтер, астӕуккаг ӕнусы литературӕйы специалист, ӕмбарын кӕны, уыцы ӕгъдӕуттӕ Куадзӕны бӕрӕгбонмӕ куыд ӕрбафтыдысты, уый. Куыд зӕгъы, афтӕмӕй ӕндӕр адӕмты динты ӕгъдӕуттӕ чырыстон дины фыццаг куы фӕзындысты, уӕд уыцы адӕмты бӕрӕгбӕттӕй иу – бӕрӕг ӕй кодтой, уалдзӕджы ӕрдз зымӕджы фӕстӕ хъал кӕнын куы райдайы, уый фӕдыл – сбастой Йесо Чырыстийы райгасдзинадимӕ. Уолтеры ныхӕстӕм гӕсгӕ, «чырыстон бӕрӕгбон» сӕйраджыдӕр уый тыххӕй ӕрцыд хаст ӕндӕр адӕмты къӕлиндармӕ, ӕмӕ уый фӕрцы фылдӕр адӕмӕн ног дин райсын фенцондӕр ис.
Цалынмӕ апостолтӕ удӕгас уыдысты, уӕдмӕ ӕндӕр адӕмты динты ӕгъдӕуттӕй чырыстон динмӕ ницы ӕрбафтыд, уымӕн ӕмӕ уыдон уыцы хъуыддаг урӕдтой (2 Фессалоникӕгтӕм 2:7). Апостол Павел фӕдзӕхста, «йӕ ацыды фӕстӕ» кӕй «фӕзындзӕн, рӕстдзинад чи зыгъуыммӕ кӕндзӕн, ахӕм адӕймӕгтӕ, цӕмӕй ахуыргӕнинӕгты сӕ фӕдыл акӕной» (Хъуыддӕгтӕ 20:29, 30). Фӕстӕдӕр, фыццаг ӕнусы, апостол Иоанн ныффыста, зӕгъгӕ, дам, чидӕртӕ архайынц чырыстӕтты асайыныл (1 Иоанны 2:18, 26). Афтӕмӕй ӕндӕр адӕмты ӕгъдӕуттӕн чырыстон динмӕ фӕндаг байгом.
«Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут» (2 Коринфӕгтӕм 6:14).
Фӕлӕ иуӕй-иутӕм афтӕ кӕсы, ӕмӕ Куадзӕны ног ӕгъдӕутты ӕвзӕрӕй ницы уыд, уымӕн ӕмӕ уыдоны фӕрцы ӕндӕр адӕмтӕ хуыздӕр бамбӕрстой, Чырыстийы райгасдзинад цы нысан кӕны, уый. Фӕлӕ апостол Павел уыимӕ никуы сразы уыдаид. Йӕ балцыты рӕстӕджы Ромы паддзахады Павел ӕндӕр адӕмы ӕгъдӕуттӕй бирӕ федта. Фӕлӕ, цӕмӕй адӕм Чырыстийы хуыздӕр базыдтаиккой, уый тыххӕй уыцы ӕгъдӕуттӕй иуыл дӕр нӕ ныххӕцыд. Чырыстӕтты ма фӕдзӕхсгӕ дӕр кодта: «Уӕхи ӕнӕуырнджытимӕ иу ӕфсондзы ма баифтындзут, уый уӕззау ӕфсондз у. Цы иу кӕны рӕстдзинад фыддзинадимӕ? Науӕд рухсӕн талынгимӕ иумӕйагӕй цы ис? „Уӕдӕ се ’хсӕнӕй рацӕут ӕмӕ сӕ уӕхи фӕхицӕн кӕнут,– зӕгъы Йегъовӕ,– ӕмӕ, чъизи цы у, ахӕмӕй мацӕмӕуал ӕвналут“» (2 Коринфӕгтӕм 6:14, 17).
Ацы лыстӕг хабӕрттӕ базонгӕйӕ цы зӕгъӕн ис? Уыдон хорз ӕвдисынц, Куадзӕн чырыстон бӕрӕгбон кӕй нӕу.