1 хай дӕ зӕрдыл ӕрлӕууын кӕн
Демӕ Библи чи ахуыр кӕны, уыимӕ ацы фарстатыл аныхас кӕнут:
Библийы цы зӕрдӕвӕрдтӕ ис, уыдонӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр кӕцытӕ цӕуынц ӕмӕ цӕмӕн?
(Кӕс 02 урок.)
Библи Хуыцауы Ныхас кӕй у, уый дӕ цӕмӕн уырны?
Йегъовӕйы йӕ номӕй хонын ахсджиаг цӕмӕн у?
(Кӕс 04 урок.)
Библийы Хуыцауы тыххӕй фыст ис, «ӕппӕт дӕр ды сфӕлдыстай», зӕгъгӕ (Раргомад 4:11). Уый дӕ уырны?
(Кӕс 06 урок.)
Бакӕс Ӕмбисӕндтӕ 3:32.
Йегъовӕ ӕппӕты хуыздӕр Хӕлар цӕмӕн у?
Йегъовӕ йӕ хӕлӕрттӕм цӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсы? Куыд дӕм кӕсы, уый раст у?
Бакӕс Псалом 62:8.
Йегъовӕмӕ цӕй тыххӕй куывтай? Дӕ бон ма йӕм ноджыдӕр цӕй тыххӕй у кувын?
Йегъовӕ нын нӕ куывдтытӕн дзуапп куыд дӕтты?
(Кӕс 09 урок.)
Бакӕс Дзуттӕгтӕм 10:24, 25.
Йегъовӕйы Ӕвдисӕнты ӕмбырдтӕм цӕуын дын цы пайда уыдзӕн?
Куыд хъуыды кӕныс, кӕд ӕмбырдтӕм цӕуын алы хатт ӕнцон нӕ вӕййы, уӕддӕр уый йӕ фыдӕбоны аргъ у?
(Кӕс 10 урок.)
Хорз цӕмӕн у Библи алы бон дӕр кӕсын? Библи кӕсынӕн дын цавӕр график ис?
(Кӕс 11 урок.)
Ныронг Библийӕ цы базыдтай, уымӕй дӕ зӕрдӕмӕ тынгдӕр цы фӕцыд?
Библи ахуыр кӕнын куы райдыдтай, уӕдӕй нырмӕ, мыййаг, исты зындзинӕдтыл сӕмбӕлдтӕ? Цы дын баххуыс кӕндзӕн, цӕмӕй Библи дарддӕр ахуыр кӕнай?
(Кӕс 12 урок.)