Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lmd 5 ур.
  • Уӕздан у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Уӕздан у
  • Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Павел куыд бакодта?
  • Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
  • Павелы фӕзм
  • «Цӕмӕй Хуыцауы агурой... ӕмӕ йӕ цӕмӕй ссарой»
    Бӕстон хъусын кӕнӕм Хуыцауы Паддзахады тыххӕй
  • Сӕрныллӕг у
    Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
  • «Хуымтӕм» цы цӕстӕй кӕсыс?
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2020
  • «Ӕппӕт хъарутӕй ууыл архай, цӕмӕй иннӕты... ахуыр кӕнай»
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад 2010
Фылдӕр фенын
Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
lmd 5 ур.

НЫХАС РАЙДАЙЫН

Апостол Павел афинӕгтимӕ ныхас кӕны.

Хъуыд. 17:22, 23

5 УРОК

Уӕздан у

Уагӕвӕрд: «Уӕ дзыхыныхас алкӕддӕр уӕд фӕлмӕн» (Кол. 4:6).

Павел куыд бакодта?

Апостол Павел афинӕгтимӕ ныхас кӕны.

ВИДЕОРОЛИК: «Павел афинӕгтӕн хъусын кӕны»

1. Бакӕс ВИДЕОРОЛИКМӔ кӕнӕ бакӕс Хъуыддӕгтӕ 17:22, 23. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:

  1. а) Горӕт Афинтӕ мӕнгхуыцӕуттӕй йедзаг кӕй уыди, уый фенгӕйӕ Павел куыд фӕци? (Кӕс Хъуыддӕгтӕ 17:16.)

  2. б) Афинӕгтӕ цӕуыл ӕууӕндыдысты, уымӕй Павел куыд спайда кодта, цӕмӕй сын хорз хабар ӕнӕ уайдзӕфӕй радзырдтаид?

Павелӕй цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2. Адӕм нӕм хуыздӕр байхъусынц, цы зӕгъӕм, куыд зӕгъӕм ӕмӕ кӕд зӕгъӕм, ууыл куы фӕхъуыды кӕнӕм, уӕд.

Павелы фӕзм

3. Дӕ ныхӕстыл-иу хъуыды кӕн. Зӕгъӕм, чырыстон диныл хӕст чи нӕу, ахӕм адӕймагимӕ куы ныхас кӕнай, уӕд, чи зоны, хуыздӕр уыдзӕн, цӕмӕй комкоммӕ Библийы кӕнӕ Йесойы кой ма кӕнай.

4. Адӕймаджы бараст кӕнынмӕ тагъд ма кӕн. Йӕ хъуыды зӕгъын-иу ӕй бауадз. Библимӕ гӕсгӕ раст цы нӕу, ахӕм исты куы зӕгъа, уӕд-иу йемӕ быцӕу кӕнын ма райдай (Иак. 1:19). Куы йӕм хъусай, уӕд бамбардзынӕ, цӕуыл ӕууӕнды ӕмӕ цӕмӕн, уый (Ӕмб. 20:5).

5. Куы хъӕуа, уӕд-иу йемӕ сразы у ӕмӕ-иу дзы раппӕл. Чи зоны йӕ фидарӕй уырны, йӕ дин раст кӕй у. Дӕ ныхас-иу райдай, уӕ дыууӕ дӕр разы цӕуыл стут, ахӕм истӕмӕй ӕмӕ йын стӕй сабыргай ӕххуыс кӕн Библийы ахуырӕдтӕ бамбарынӕн.

НОДЖЫДӔР МА БАКӔС

Ӕмб. 25:15; 2 Тим. 2:23–26; 1 Пет. 3:15

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын