Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
Хъахъхъӕнӕн мӕсыджы
ОНЛАЙН-БИБЛИОТЕКӔ
ирон
ӕ
  • ӕ
  • БИБЛИ
  • ПУБЛИКАЦИТӔ
  • ФЕМБӔЛДТӔ
  • lmd 8 ур.
  • Фӕразон у

Ацы ӕрмӕгмӕ видео нӕй.

Бахатыр кӕн, видео рафыссын нӕ рауад.

  • Фӕразон у
  • Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
  • Сӕргӕндтӕ
  • Темӕимӕ баст ӕрмӕг
  • Йесо куыд бакодта?
  • Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?
  • Йесойы фӕзм
  • Дарддӕр дӕр фӕразон ут
    Хъахъхъӕнӕн мӕсыг хъусын кӕны Йегъовӕйы Паддзахад (ахуыр кӕнынӕн) 2023
  • Архайӕм арӕхстджындӕрӕй хъусын кӕныныл. Иннӕты ахуыр кӕнгӕйӕ пайда кӕнӕм видеороликтӕй
    Нӕ чырыстон цард ӕмӕ нӕ лӕггад. Кусӕн тетрад 2016
  • Чырыстийы нывонд цы пайда хӕссы?
    Ӕндӕр темӕтӕ
  • Иннӕтыл хъуыды кӕн
    Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
Фылдӕр фенын
Адӕмы уарз. Ахуыргӕнинӕгтӕ цӕттӕ кӕн
lmd 8 ур.

АДӔЙМАДЖЫ НОГӔЙ БАБӔРӔГ КӔНЫН

Йесо йе ’фсымӕр Иаковмӕ ӕрбацыд, хъӕддӕсныйы куыст кӕм кӕны, уырдӕм. Иаков тынг цин кӕны.

Иоан. 7:3–5; 1 Кор. 15:3, 4, 7

8 УРОК

Фӕразон у

Уагӕвӕрд: «Уарзондзинад бирӕ фӕразы» (1 Кор. 13:4).

Йесо куыд бакодта?

Йесо йе ’фсымӕр Иаковмӕ ӕрбацыд, хъӕддӕсныйы куыст кӕм кӕны, уырдӕм. Иаков тынг цин кӕны.

ВИДЕОРОЛИК: «Йесо йе ’фсымӕрӕн фӕразонӕй ӕххуыс кӕны»

1. Бакӕс ВИДЕОРОЛИКМӔ кӕнӕ бакӕс Иоанны 7:3–5 ӕмӕ 1 Коринфӕгтӕм 15:3, 4, 7. Уый фӕстӕ ахъуыды кӕн ацы фарстатыл:

  1. а) Йесо цы хабар хъусын кодта, уымӕ йе ’фсымӕртӕ фыццаг цы цӕстӕй кастысты?

  2. б) Цӕмӕй бӕрӕг у, Йесо йе ’фсымӕр Иаковӕн баххуыс кӕныныл кӕй архайдта?

Йесойӕ цӕуыл ахуыр кӕнӕм?

2. Хъуамӕ фӕразон уӕм, уымӕн ӕмӕ иуӕй-иуты фылдӕр рӕстӕг бахъӕуы, цӕмӕй хорз хабар сӕ зӕрдӕмӕ айсой.

Йесойы фӕзм

3. Алыхуызон мадзӕлттӕй пайда кӕн. Адӕймаг Библи ахуыр кӕнын уайтагъд куы нӕ райдайа, уӕд-иу ыл ма ныттыххӕй у. Уавӕр куы амона, уӕд-иу ын видеороликты кӕнӕ статьяты фӕрцы бамбарын кӕн, Библийы ахуыр куыд фӕцӕуы ӕмӕ йын уый цы пайда уыдзӕн.

4. Адӕмы кӕрӕдзиимӕ ма бар. Адӕм иухуызон не сты. Дӕ бинонтӕй исчи кӕнӕ, ногӕй кӕй бабӕрӕг кӕныс, уыцы адӕймаг Библи ахуыр кӕныныл куы нӕ разы кӕна кӕнӕ йӕм Библийӕ цавӕрдӕр ахуырад раст куы нӕ кӕса, уӕд-иу ахъуыды кӕн, афтӕ цӕмӕн у, ууыл. Мыййаг, йӕ дины ахуырӕдтӕй кӕцыдӕр йӕ зӕрдӕмӕ тынг цӕуы? Йӕ хӕстӕджытӕ кӕнӕ йын йӕ сыхӕгтӕ исты фӕдзурынц? Рӕстӕг ын ратт, цӕмӕй дын дӕ ныхӕстыл ахъуыды кӕна ӕмӕ бамбара, Библийы цы фыст ис, уый ахсджиаг кӕй у.

5. Фылдӕр базонын кӕй фӕнды, уыцы адӕймаджы тыххӕй кув. Йегъовӕмӕ кув, цӕмӕй дӕ ныфс ма асӕтта ӕмӕ алкӕддӕр уӕзданӕй ныхас кӕнай. Ӕххуыс дзы кур, цӕмӕй бамбарай, адӕймаджы ӕцӕгдӕр фӕнды фылдӕр базонын ӕви нӕ, ӕмӕ ма йӕм цӕуын хъӕуы ӕви нӕ, уый (1 Кор. 9:26).

НОДЖЫДӔР МА БАКӔС

Мар. 4:26–28; 1 Кор. 3:5–9; 2 Пет. 3:9

    Публикацитӕ иронау (1997–2025)
    Рацу
    Бацу
    • ирон
    • Арвитын
    • Настройкӕтӕ
    • Copyright © 2025 Watch Tower Bible and Tract Society of Pennsylvania
    • Условия использования
    • Политика конфиденциальности
    • Настройки конфиденциальности
    • JW.ORG
    • Бацу
    Арвитын